Арфæтæ — республикæйы журналисттæн

0
881

Ивгъуыд майрæмбоны Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав Уæрæсейы Мыхуыры боны фæдыл арфæ ракодта нæ республикæйы федералон æмæ муниципалон дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæн.

Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй йын йæ куысты стыр ахъаз сты дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ. Сæ æрмæджыты фæрцы базоны, Ирыстоны цы хабæрттæ цæуы, уыдон. Куыд загъта, уымæ гæсгæ, æрмæг куы бакæсы, æмæ дзы «цыргъ» фарстатæ куы вæййы, уæд бадзуры хъæугæ ведомствотæм, цæмæй сæм цыбыр рæстæгмæ æркæсой æмæ лыггонд æрцæуой.

«Ахсджиаг у уый, æмæ сымах рухсмæ кæй хæссут нæ республикæйы цæрджыты тыхстагдæр фарстатæ. Сымахмæ мæм ис æрмæстдæр иунæг курдиат: фыссут рæстдзинад. Мæхи ‘рдыгæй уын дзырд дæттын, кæй кусдзынæн æнæхинæй æмæ уый ме ‘мкусджытæй дæр кæй домдзынæн», — загъта йæ раныхасы Битарты Вячеслав. Республикæйы Сæргълæууæг журналистты схорзæхджын кодта паддзахадон хæрзиуджытæй: РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæджы ном радта ПТРК «Алани»-йы редактортæ Хæдарцаты Лидия æмæ Черчесты Зæринæйæн, Кады грамотæтæ та райстой газет «Северная Осетия»йы сæйраг редакторы хæдивæг Джиоты Светланæ æмæ газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг Касаты Аслæнбег.

Арфæйы гæххæттытæ нæ республикæйы Сæргълæууæгæй райстой ООО «Медиагруппа «Ярче»-йы генералон директор Æлбегаты Артур, ПТРК «Алани»-йы продюсер Беккуызарты Алинæ, сæрмагонд уацхæссæг Богазты Аслан, информацион портал «Градус Про»-йы уацхæссæг Брытъиаты Зæринæ, газет «Владикавказ»-ы уацхæссæг Тамарæ Бунтури, Рахизфарсы районы газет «Вестник Беслана»-йы уацхæссæг Дзгойты Фатимæ, Горæтгæрон районы газет «Фидиуæг»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Джыккайты Людмилæ, Мæздæджы районы газет «Моздокский вестник»-ы уацхæссæг Дулаты Кæлимæт, Кировы районы газет «Размæ»-йы уацхæссæг Сугъараты Елизаветæ, газет «Слово»-йы уацхæссæг Хацырты Аленæ, информацион агентад «Осетия»-йы сæрмагонд уацхæссæг Еленæ Черенкова æмæ информацион агентад «ТАСС»-ы сæрмагонд уацхæссæг Цæгæраты Еленæ, Дыгуры районы газет «Вести Дигории»-йы сæйраг редакторы хæдивæг Вероникæ Пахомова, Æрыдоны районы газет «Рухс»-ы уацхæссæг Дзугкойты Иринæ. Зæрдиаг арфæйы ныхæстæ Битарты Вячеслав ракодта Таболты Иринæйæн, бындур цы информацион агентад «Иринформ»-æн сæвæрдта, ууыл 25 азы кæй сæххæст, уый фæдыл. «Дæ куырыхон зондамынд, профессионализм æмæ фæлтæрддзинады фæрцы дæуæн кæддæриддæр æнтысы курдиатджын фæсивæды æрбангом кæнын, уыдон абон нымад сты нæ республикæйы хуыздæрты хуыздæртыл. Бузныг уын уæ æвæллайгæ куысты тыххæй», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here