Нымæцон телеуынынад — Ирыстоны

0
413

 

Цард размæ цæуы. Йемæ ивынц æхсæнады æмæ адæмы домæнтæ. Уыдонæй аразгæ у техникон прогресс дæр. Интернетимæ æмкъахдзæф кæны телеуынынад æмæ радио дæр, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд рæдыд нæ уыдзæн. Уыцы ивддзинæдтæ домы рæстæг, цивилизацийы дуг. Нæ республикæйы цæрджытæ дæр цæмæй йæ хæрзтæй цух ма уой, ууыл архайынц Хицауады, министрадты, ведомствоты разамонджытæ. Уыдонæй у РЦИ-Аланийы информацион технологиты æмæ бастдзинады управлени дæр.

Йæ сæргълæууæг СÆЛБИТЫ Алан нын радзырдта, нымæцон телеуынынад нæ республикæйы цæрджытæн цы пайда фæуыдзæн, уый тыххæй:

— Цардимæ цы ног технологитæ æмдзу кæнынц, уыдонмæ гæсгæ Ирыстоны телеуынынад дæр хъуамæ рæстæджы домæнтæн дзуапп дæтта. Ныртæккæ уый у рæстæг æмæ æхсæнады домæн. Раздæр азты телеуынынады нывæвдыст уыд хуыздæр хъуаг. Уыимæ, нæ республикæйы алы цæрæгæн дæр фадат нæ уыд нæхи телеуынынады равдыстытæм кæсынæн. Ныр куы фæрсæм, аналогон телеуынад цы у, зæгъгæ, уæд æй абарæн ис бæхуæрдон æмæ хæдтулгæимæ. Ома, историон æгъдауæй се ‘хсæн цы дæрддзæг ис, ахæм хъауджыдзинад ис æнæуый телеуынынад æмæ аналогон телеуынынады æхсæн.

Ныртæккæ нымæцон телеуынынады руаджы телевизион каналты нымæц зынгæ фæфылдæр ис. Иттæг хорз нывæвдыст, ныхас æмæ зæл адæймагæн йæ бон фенын æмæ фехъусын у ссæдз телеканалы æмæ æртæ радиоканалы фæрцы. Нырмæ ахæм гæнæнтæ Ирыстоны цæрджытæн нæ уыд. Раздæр-иу адæймаджы, цæмæй хæрзхъæд нывæвдыст æмæ хорз азæлд кæмæн ис, ахæм телеуынынадæй пайда кæна, уый тыххæй йæ хъуыд балхæнын спутникон антеннæ. Хъуыд ын бирæ æхца йæ балхæнынæн. Стæй-иу æй куы сæвæрдтаис, уæддæр дзы пайда лæвар нæ кодта.

Ныртæккæ кæд телевизор ног формат ахсы, уæд нæ бон у ног форматы телеуынынадмæ кæсын. Ногдæр цы телевизортæ сты, уыдон æмбарынц уыцы формат. Фæлæ, хъыгагæн, фондз азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы телевизортæ уыцы формат нæ ахсынц.

Ног нымæцон формат куы скусын кæнæм, уæд æй уæлдæрамынд телевизортæ нæ ахсдзысты. Уый тыххæй сæ хъæудзæн сæрмагонд уæлæмхасæн æлхæнын.

Республикæйы цæрджытæн сæ 99,8 процентæн сæ бон пайда кæнын уыдзæн нымæцон телеуынынадæй. Нымæцон телеуынынад кæмæ нæ уа, уыдонæн сæ фылдæр сты республикæйы дæрддзæф районты цæрджытæ æмæ сæм æмбæлгæ хуызы фæкæсдзæн паддзахад.

Ныхас ныффыста ГАСАНТЫ Валерии

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here