Адӕмы ӕнӕниздзинадӕн — уавӕртӕ

0
308

Паддзахады мидӕг йӕ цӕрджытӕн цас удӕнцойдзинӕдтӕ ис, уымӕй бӕрӕг дары, разамынддӕттӕг оргӕнтӕ, ӕххӕстгӕнӕг  хицаудзинады куысты ахадындзинад. Кӕд ӕмӕ дзы адӕмы цард дӕргъвӕтин у, се ‘нӕниздзинад фидар у, медицинон ӕххуыс райсынӕн цӕлхдуртӕ нӕй, хӕстӕг сӕм сты уыцы лӕггӕдтӕ, уӕд бӕстӕ кӕнӕ регион, социалон-экономикон ӕгъдауӕй у хъомысджын. ӕрӕджы  РЦИ-Аланийы Хицауады ӕмбырды байхъуыстой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерланы раныхасмӕ. Баст уыдис, ивгъуыд азы къабаз куыд бакуыста, фылдӕр ӕргом цы фарстытӕм аздӕхтой, сӕйраг хӕстӕ сын куыд ӕнтысынц, уыимӕ.

Министр куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй 2018 азы ӕппӕт тыхтӕ сарӕзтой туджы зилдухимӕ, чехоткаимӕ, улӕфӕнты ӕмӕ хӕринагтайынимӕ, онкологиимӕ, фӕндаггон фыдбылызтимӕ баст низтӕ ӕмӕ уавӕртӕй амӕлыны цаутӕ фӕкъаддӕр кӕнынмӕ. Уӕлдай тынгдӕр архайдтой ноггуырдты ‘хсӕн мӕлынадӕн ахъаззаг цӕлхдуртӕ сӕвӕрыныл. Министрад уый тыххӕй бацӕттӕ кодта сӕрмагонд мадзӕлттимӕ пълан, сфидар ӕй кодта РЦИ-Аланийы Хицауады. Афтӕмӕй 2018 азы мӕлынады иумӕйаг бӕрӕггӕнӕн мин цӕрджыты ‘хсӕн рауад 10,2, 2017 азимӕ абаргӕйӕ, фӕкъаддӕр (уӕд мин цӕрджыты ‘хсӕн — 10,3, зӕгъӕм, Цӕгат Кавказы федералон зылды — 7,5, Уӕрӕсейы — 12,5).

Бӕрӕггӕнӕнтӕ хорзӕрдӕм фенкъуысыдысты, медицинон кусӕндӕтты материалон-техникон бындур кӕй фӕфидардӕр, уыимӕ дзы низиртасӕн, дзӕбӕхгӕнӕн нырыккон ифтонггӕрзтӕ кӕй фӕзынд, уый. Санитарон транспортӕй феххӕстдӕр сты, уӕззаудӕр рынчынты сӕ низыхатмӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй сӕрмагонд клиникӕтӕ ӕмӕ хайӕдтыл сӕмбӕлын кӕнынц. Амӕлыны цаутӕ иумӕйагӕй кӕй фӕкъаддӕр сты, ууыл фӕбӕрӕг, ноггуырдты ‘хсӕн мӕлынады бӕрц кӕй фӕкъаддӕр ис, уый. Кӕд ӕмӕ мин ноггуырды ‘хсӕн мӕлыны бӕрц 2017 азы уыдис 5,5, уӕд 2018 азы рауад — 4,6 (Цӕгат Кавказы Федералон зылды — 6,9, Уӕрӕсейы — 5,1).

Саби ӕнӕниз уыдзӕн ӕви йӕм цавӕрдӕр низтӕ хӕццӕ кӕнынц, уый раиртасыны охыл ӕнхъӕлцау сылгоймӕгтӕн сӕ 90 процентӕн афойнадыл кӕнынц анализтӕ. Республикӕйы бюджеты ӕхцайӕ фарон балхӕдтой экспертон ӕмвӕзады ультрозӕлон 4 низиртасӕн аппараты. Дунеон ӕвдисӕндарты хуызӕн, сӕрмагонд курсыты фӕстӕ, райстой 8 дохтыры. Ӕмӕ кусынц уыцы аппараттыл. Демографион уавӕрыл ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕрмӕст мӕлынад фӕкъаддӕр кӕнынӕй нӕ зыны, фӕлӕ ӕххуысгӕнӕн репродуктивон технологиты фӕрцы дӕр ахъаз кӕны. Фарон уыцы технологиты руаджы ацы дунемӕ рантыст 137 гыццыл гражданины (2017 азы — 92). «РЦИ-Аланийы граждӕнты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны тыххӕй» закъоны 10-ӕм статьямӕ гӕсгӕ ӕххуысхъуаг бинонты ӕртӕ азы онг сабитӕн лӕвар дӕттынц сӕрмагонд хӕринаг.

Уыцы нысанӕн фарон республикон бюджетӕй радих кодтой 4,176 милуан сомы. Фӕфылдӕр ис Сывӕллӕтты ӕхсыры хӕринаг кӕнынӕн бюджетон ӕххуыс дӕр. Кӕд ын 2017 азы радих кодтой 12 милуаны ӕмӕ 764 мин сомы, уӕд фарон 15 милуаны ӕмӕ 193 мин сомы систы. Сидзӕр ӕмӕ ӕнӕ ныййарджыты ӕвджид баззайӕг, ног бинонтӕм кӕй райстой, ахӕм сывӕллӕттӕй фарон 2107-ӕн скодтой диспансеризаци (уый у сӕ 99,9 проценты). Сидзӕрты хӕдзӕртты ӕппынӕдзух цӕрӕг 942 сабийы уавӕрмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркастысты дохтыртӕ. Низтӕ сӕ кӕмӕ рахатыдтой, уыдонӕн скодтой дзӕбӕхгӕнӕн мадзӕлттӕ, кӕм хъуыдис, уым ма сӕ санаторитӕм дӕр арвыстой.

Федералон, регионалон программӕты руаджы фарон бирӕ ног медицинон кусӕндӕттӕ байгом кодтой сӕ дуӕрттӕ. Хуссайраг поселочы арӕзт ӕрцыд чехотка дзӕбӕхгӕнӕн диспансер, Рахизфарсы ӕмӕ Алагиры центрон рынчындӕтты дзӕбӕхгӕнӕн бӕстыхӕйттӕ бындуронӕй сцалцӕг кодтой, Толдзгуыны, Реданты поселочы, хӕххон комплекс «Цъӕй»-йы байгом сты фелшырон-акушерон пункттӕ. Кӕронмӕ ахӕццӕ сты Мӕздӕджы поликлиникӕйы арӕзтад, Сунжӕйы, Тарскӕйы амбулаториты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Бирӕ нал баззад ӕрыдоны центрон рынчындоны бындурон рацарӕзты куыстытӕй дӕр.

Дӕрддзӕф чысыл хъӕутӕм медицинон ӕххуыс фӕхӕстӕгдӕр кӕныны нысанимӕ фарон ӕлхӕд ӕрцыд цӕугӕ фелшырон-акушерон пункт. Федералон, республикон фӕрӕзтӕй сывӕллӕтты поликлиникӕтӕ ӕмӕ рынчындӕттӕн балхӕдтой 37 хъӕугӕ низиртасӕн ӕмӕ дзӕбӕхгӕнӕн ифтонггӕрзтӕ. Уӕззау, сдзӕбӕх кӕнӕн кӕй нал ис, уыцы рынчынтӕн сӕрмагонд ӕххуысы мадзӕлттӕ саразынӕн фарон схардз кодтой 22130,7 мин сомы. Балхӕдтой дзы 154 аппараты, уыдонӕй 10 — хӕдзары сӕ пайда кӕнынӕн. Йе ‘нӕниздзинады уавӕрмӕ гӕсгӕ йӕ авналӕнтӕ куынӕг кӕмӕн сты, ахӕм адӕймӕгтӕн удӕнцойдзинӕдтӕ арӕзт ӕрцыд 16 медицинон кусӕндоны. Бахъуыд сын 4208,0 мин сомы.

Медицинон ӕххуыс фӕхъомысджындӕр кӕныны нысанимӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ифтонг кӕнынц информацион технологитӕй. Министрад ӕппынӕдзух йӕ хъус дары, зӕрдӕйы ӕмӕ сӕры магъзы уӕззаудӕр низтимӕ тыхст рынчынты ӕвӕстиат ӕххуыс райсыны тыххӕй республикон клиникон рынчындоны дадзинты хайад ӕмӕ Цӕгат-Кавказы бирӕфадатджын центрмӕ ласыны фӕткмӕ. Мӕздӕджы районы ахӕм ӕххуыс райсӕн ис районы рынчындоны дадзинты хайады. Уӕззау уавӕрӕй рынчыны раздахгӕйӕ, сӕ низты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныны тыххӕй сӕ ӕрвитынц санаторон кусӕндӕттӕм.

Медицинон ӕххуыс йӕ хӕдцӕфыл бакӕныны стыр хӕс хауы тагъд ӕххуысы службӕмӕ. Фарон йӕ автопаркыл бафтыд 24 ног машинӕйы. ӕппӕт транспорт дӕр ӕххӕст у «ГЛОНАСС»-ӕй. Фарон кӕронмӕ ахӕццӕ тагъд ӕххуысы диспетчерон службӕ иу хызӕджы баиу кӕнын, афтӕмӕй зынгӕ фӕцыбырдӕр ис, бынатмӕ бацӕуыны, рынчыны дзӕбӕхгӕнӕндонмӕ баласыны рӕстӕг. Хъуамӕ ма уыцы хызӕгмӕ бафтауой Мӕздӕджы районы ӕмӕ Фыййагдоны поселочы тагъд медицинон ӕххуысы службӕтӕ.

Адӕммӕ ахадгӕ медицинон ӕххуыс фӕхӕстӕгдӕр кӕныны охыл дӕрддзӕф хъӕутӕм, районтӕм графикмӕ гӕсгӕ ацӕуынц фӕлтӕрдджын специалисттӕ, республикон сӕйраг рынчындӕтты хайӕдты разамонджытӕ, ӕмбӕлгӕ амынддзинӕдтӕ скӕнынц районты медицинон кусджытӕн дӕр. Фарон дарддӕр ӕххӕст кодтой бӕрзондтехнологон медицинон ӕххуыс рынчынтӕм фӕхӕстӕгдӕр кӕныны мадзӕлттӕ. Уыцы ӕххуыс у лӕвар, ӕмӕ хаст ӕрцыд адӕмӕн лӕвар медицинон ӕххуыс кӕныны паддзахадон зӕрдӕдарӕнты программӕмӕ. ӕхца йын лӕвӕрд цӕуы ӕнӕмӕнг медицинон фӕдзӕхстады фондӕй. Кӕд ӕмӕ бӕрзондтехнологон медицинон ӕххуыс 2017 азы аххӕссыд 6108 адӕймагыл (500 дзы уыдысты сывӕллӕттӕ), уӕд фарон фӕхӕццӕ 6725 рынчынмӕ (645 — сывӕллӕттӕ). Уыимӕ, фӕфылдӕр сты ахӕм ахадгӕ ӕххуыс кӕнӕг рынчындӕттӕ дӕр.

Республикон бюджетӕй 2018 азы льготӕты бындурыл цӕрджытӕн лӕвар дзӕбӕхгӕнӕн хостӕн радих кодтой 144 милуаны ӕмӕ 725 мин сомы. Электронон аукционы бындурыл конд паддзахадон бадзырды фӕлгӕты хостӕ ӕлхӕд ӕрцыд 144 милуаны ӕмӕ 297 мин сомӕн. Федералон бюджетӕй льготӕты бындурыл хостӕй ӕфсадынӕн радих кӕной 205 милуаны ӕмӕ 760 мин сомы. Паддзахадон бадзырдтӕ бафыстӕуыд ӕхцайы ӕппӕт бӕрцӕн. Федералон регистрмӕ хаст уӕззау, се сдзӕбӕх кӕнын стыр хӕрдзтӕ кӕмӕн домы, уыцы низтимӕ рынчынтӕн афтектӕй радтой, Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады хардзӕй ӕлхӕд, 249 милуан ӕмӕ 598 мин сомы аргъ хостӕ. Стӕм, уӕззау ӕмӕ дӕргъвӕтин рӕстӕг дзӕбӕхгӕнинаг низтӕй сӕйӕг рынчынтӕн республикон бюджетӕй 2018 азы радих кодтой 49 милуаны ӕмӕ 954 мин сомы.

Рохуаты нӕ баззадысты ӕндӕр низтимӕ рынчынтӕ дӕр. Министрады бирӕвӕрсыг архайды стыр бынат ахсы кадртӕ цӕттӕ кӕнын. Кӕд ӕмӕ нӕм дохтыртӕ ӕмӕ астӕуккаг медицинон кусджытӕ фаг ис, уӕддӕр хицӕн специалисттӕй хъуагдзинӕдтӕ ӕййафынц рынчындӕттӕ, поликлиникӕтӕ. Федералон фӕрӕзты руаджы фарон Уӕрӕсейы стырдӕр клиникӕтӕм уӕлӕмхасӕн зонындзинӕдтӕ райсынмӕ Ирыстонӕй арвыстой 40 дохтыры. Республикон бюджет фыццаг хатт радих кодта ӕхца, ӕмӕ медицинон академийы рауагъдонтӕй 24 сӕ зонындзинӕдтӕ фӕбӕрзонддӕр кодтой нӕхи ӕмӕ ӕндӕр регионты клиникӕты.

Ахсджиагдӕр хӕсыл нымад у дохтыртӕн, иннӕ медицинон кусджытӕн аккаг уавӕртӕ скӕнын ӕмӕ мыздыл бафтауын. Кӕд ӕмӕ ивгъуыд азы республикон ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад барджын къахдзӕфтӕ акодта, уӕддӕр сӕм нырма тынг бирӕ хъуыддӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ахӕм уыд Хицауады ӕмбырды архайджыты хатдзӕг, бӕрӕггӕнӕнтӕм байхъусгӕйӕ.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here