Информацион технологитӕ — ӕрвылбоны цардмӕ

0
439

Проект «Ӕргом хицауад»-ы фӕлгӕты  РЦИ-Аланийы Информацион технологиты ӕмӕ бастдзинады управленийы разамонӕг Сӕлбиты Алан бӕлвырд дзуаппытӕ радта нӕ республикӕйы дзыллон-хабархӕссӕг фӕрӕзты кусджытӕн.

Конференцийы рӕстӕг ныхас цыдис «Нымӕцон телеуынынад»-ы ног техникон мадзалыл.

Сӕлбиты Алан куыд радзырдта, афтӕмӕй ацы ног хызӕджы фӕрцы нӕ республикӕйы цӕрджытӕн фӕзындзӕн ахъаззаджы мадзӕлттӕ ӕхсӕнадон царды алы къабӕзты дӕр. «Нымӕцон формат»-ы бындурыл Ирыстоны алы гражданин дӕр ӕнӕкъуылымпыйӕ пайда кӕндзӕн куыд телеуынынады ӕппӕт каналтӕй, афтӕ электронон лӕггӕдты хуызтӕй дӕр. Сӕлбийы-фырт раныхас кодта, фӕстаг дыууӕ азы йӕ бӕрны чи ис, уыцы ведомствӕйы куысты бӕрӕггӕнӕнты фӕдыл.

— Ӕхсызгонӕй мӕ бон у зӕгъын, фӕстаг дыууӕ азы нӕ республикӕйы «Нымӕцон формат»-ы рӕзт кӕй уыдис ӕнтыстджын. Электронон хыгъдмӕ раивтам паддзахадон лӕггӕдты хуызтӕй 40. Уыдон уыдысты ӕнӕниздзинады, социалон хъахъхъӕнынады фарстытӕ ӕмӕ нӕ республикӕйы цӕрджытӕ арӕхдӕр кӕй агурынц, уыцы лӕггӕдтӕ. Фондз азы ӕмгъуыдмӕ кӕуыл хъуамӕ бацархайдтаиккам, уыцы куыст бакодтам дыууӕ азмӕ. Ведомствӕты ‘хсӕн  электронон системӕ Ирыстоны йӕ тых, йӕ хъаруйӕ скуыста. ӕппӕты ногдӕр — 3-аг формат нӕм фӕзындис, кӕд ӕмӕ нӕ къухы зынтӕй ӕфтыд, уӕддӕр. Ведомствӕты ‘хсӕн электронон системӕйӕ пайда кӕнынц ныридӕгӕн. Ног азӕй фӕстӕмӕ райдайдзӕн йӕ куыст ӕнтыстджындӕрӕй. Къаддӕргӕнгӕ цӕудзысты, паддзахадон лӕггӕдтӕн фӕлхасгӕнӕгӕй кӕй домынц, ахӕм гӕххӕттытӕ ӕмӕ алыхуызон справкӕтӕ.

Хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ ис нӕ куысты паддзахадон муниципалон лӕггӕдты ногдзинӕдты дӕр. Кӕд ӕмӕ ивгъуыд 2017 азы нӕ бӕстӕйы Президенты Майы ист указтӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы фӕсте баззадыстӕм ӕмӕ нымад ӕрцыдыстӕм, чи сӕ нӕ сӕххӕст кодта, ахӕм регионыл, уӕд ныр ацы дыууӕ азы уыцы  указтӕ сӕххӕст кодтам, цы ӕмбӕлди, уымӕй фылдӕр. Нӕ сӕйрагдӕр хӕс  — бирӕфадатджын центрты хызӕг нӕ республикӕйы алы районы дӕр саразын, ӕмӕ абон уыцы электронон хызӕджы «рудзгуытӕй» байгом кодтам 211. Нӕ республикӕйы цӕрджыты 98 процентӕн ис фадат ӕнӕ рады лӕугӕйӕ паддзахадон лӕггӕдтӕ райсынӕн. Уый дӕр чысыл ӕнтыстдзинад нӕу махӕн. Алы фӕлхасгӕнӕг дӕр центрты рудзынджы раз фынддӕс минутӕй фылдӕр йӕ рӕстӕг не схардз кӕндзӕн.

Ӕнӕмӕнг, вазыгджын хъуыддаг у республикӕйы «ӕдасдзинады» фарста. Проект «112»-ыл бакуыстам бӕстон. Нӕ нӕм уыдис, раздӕр «Экстренное оповещание» кӕй хонынц, ахӕм  системӕ. Нӕ куыстой фӕндӕгтыл къамты-видеофиксаци, зӕгъгӕ, мадзӕлттӕ дӕр. Тагъд ӕххуысы  машинӕ-иу кӕд ӕвӕстиатӕй афойнадыл нӕ хӕццӕ кодта бынатмӕ, уӕд уыцы рӕстӕджытӕ фӕсте баззадысты. Системӕ «112» фӕрцы нӕ цӕст дарӕм, цы дзӕнгӕрджытӕ нӕм цӕуы, цӕй фӕдыл, уыдонмӕ, ӕвӕстиаты ӕххуысы службӕтӕ куыд тагъд кусынц, уымӕ. Федералон ӕмӕ муниципалон фӕндӕгтыл арӕзт ӕрцыдысты видеоцӕстдарды мадзӕлттӕ, фӕндӕгтыл цӕуыны ӕгъдау чи халы, уыцы шофыртӕ ныр фылдӕр хатт ивар фидыны азарӕй архайынц фӕндаггон фыдбылызтӕй сӕхи хизыныл.

Зӕгъын ма мӕ фӕнды, карджын адӕмӕй бирӕты цӕстфӕлдахджытӕ куыд асайынц, уый фӕдыл дӕр. Уыдис ахӕм цаутӕ, ӕмӕ пенсиисӕгмӕ банчы номӕй бадзырдтой ӕмӕ-иу йын йӕ картӕйы хыгъд куы сбӕрӕг кодтой, ахӕмтӕ. 2020 азы карджын адӕмӕй дыууӕ мин адӕймагӕн сараздзыстӕм сӕрмагонд  ахуыртӕ, цӕмӕй сыл сайд ма цӕуа. Уыцы ахуыртӕ уыдзысты курсыты хуызы. Нӕ цӕст дарӕм социалон хызтӕм дӕр. Уӕлдайдӕр хи марыны мадзӕлттӕ чи амоны ӕмӕ экстремизммӕ ӕрыгон фӕсивӕды чи здахы, уыцы къордтӕм. «Нымӕцон формат» абон у ӕхсӕнады ахъаззагдӕр ӕмӕ царды хӕрзхъӕддзинады фӕрӕз. Бацархайдзыстӕм, цӕмӕй  Ирыстоны алы цӕрӕгӕн дӕр уа фадатджын уавӕртӕ, — загъта Сӕлбиты Алан.

Саутӕты Тамилӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here