Цӕгатирыстойнӕгтӕ балӕвӕрдтой куырдиӕттӕ

0
216

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав сиды республикӕйы сӕрӕн цӕрджытӕм, цӕмӕй  архайой разамонджыты ӕппӕтуӕрӕсеон ӕртыккаг конкурс «Лидеры России»-йы.

Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы конкурс бирӕ хъуыддӕгтӕн дӕтты фадат. «Ацы проекты архайгӕйӕ, ӕрмӕст ног зонындзинӕдтӕ нӕ райсдзыстут, ӕрмӕст уӕ бӕллицтӕ нӕ сӕххӕст кӕндзыстут, фӕлӕ ма бӕстӕйӕн ӕрхӕсдзыстут ӕцӕг пайда дӕр. Кӕд уӕм разамонӕджы миниуджытӕ ӕмӕ арӕхстдзинӕдтӕ ис, уӕд хъуамӕ, ӕнӕмӕнг, архайат конкурсы», — загъта Битарты Вячеслав.

Куыддӕр конкурсы ӕртыккаг хаймӕ регистраци райдыдта, афтӕ цӕгатирыстойнӕгтӕ балӕвӕрдтой 400 куырдиаты бӕрц. Ӕдӕппӕтӕй та конкурсы райдайӕнӕй бӕстӕйы регионтӕй ӕмӕ дунейы 60 бӕстӕйӕ ӕрбарвыстӕуыд 150 мин куырдиатӕй фылдӕр. Уый тыххӕй фехъусын кодта конкурсы разамонӕг Алексей Комиссаров. Регистраци ӕхгӕд ӕрцыд 27 октябры ӕмбисӕхсӕв, 28 октябры та райдыдта йӕ дыккаг къӕпхӕн.

Конкурс рамбулджытӕ райсдзысты милуан сомӕн гранттӕ, уыдзӕн сын нӕ бӕстӕйы зындгонддӕр разамонджытимӕ бакусыны фадат.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here