Знон Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн фыццаг кусӕг фембӕлд уыд Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды ног ӕвзӕрст сӕргълӕууӕг Икъаты Русланбегимӕ. Фембӕлды рӕстӕг сӕрмагонд ӕргом здӕхт ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕты дарддӕры райрӕзты фарстытӕм. Уыимӕ, бӕстон ӕркастысты республикӕйы Хицауад ӕмӕ горӕты администрацийы ӕмархайдмӕ.
Битарты Вячеслав, муниципалитеты ног разамонӕгӕн арфӕ ракӕнгӕйӕ, куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ацы бӕрнон бынаты йӕ сӕйрагдӕр хӕс уыдзӕн Дзӕуджыхъӕуы социалон-экономикон райрӕзтыл бӕрнонӕй кусын, горӕтӕгты царды уавӕртӕ хуыздӕр кӕнынӕн уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ аразын.
— Нӕ размӕ бирӕ ахсджиаг нысантӕ лӕууы, ахсджиаг социалон объектты арӕзтад ӕмӕ горӕты фӕндаггон хӕдзарады райрӕзты хъуыддӕгты. Ӕмӕ хицауады ӕппӕт ӕмвӕзады оргӕнтӕ дӕр цас ӕнгомдӕр кусой, уый бӕрц ӕнтыстджындӕр уыдзысты сӕ архайды бӕрӕггӕнӕнтӕ, — бафиппайдта республикӕйы разамонӕг.
Битары-фырты хъуыдымӕ гӕсгӕ, дарддӕр дӕр уӕлдай лӕмбынӕг цӕстдард здахын хъӕуы скъолайы агъоммӕ ахуырады кусӕндӕтты уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ гом кӕнынмӕ. Фӕстаг азты ацы хъуыддаджы хуыздӕрӕрдӕм бирӕ ивддзинӕдтӕ ӕрцыд — арӕзт цӕуынц ног рӕвдауӕндӕттӕ, стӕй скъолайы агъоммӕ ахуырады кусӕндӕтты фӕзынынц уӕлӕмхасӕн бӕстыхӕйттӕ дӕр.
Уыцы куыст адарддӕр уыдзӕн 2020 азы дӕр. Зӕгъӕм, федералон программӕты фӕлгӕты Заводы поселочы арӕзт ӕрцӕудзысты дыууӕ ног рӕвдауӕндоны. Алкӕцы кусӕндоны дӕр уыдзӕн 280 бынаты. Уый фӕрцы сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕтты бынӕтты фарст ацы поселочы лыггонд ӕрцӕудзӕн. Ахӕм фӕткмӕ гӕсгӕ архайд цӕудзӕн ӕндӕр цӕрӕнбынӕтты дӕр.
Фембӕлды архайджытӕ ӕрдзырдтой ӕндӕр фарстытыл дӕр.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














