Ӕргътӕм — цӕстдард

0
389

Уӕрӕсейы ӕппӕт регионты куыд у, афтӕ Цӕгат Ирыстоны дӕр ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты командӕ «Молодежка ОНФ» йӕ цӕст дары маскӕтӕ ӕмӕ хосты уавӕрмӕ.

Ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты ӕххӕсткомы кусы уавӕр бӕрӕггӕнӕг центр. Уый бӕлвырд кӕны хосты ӕмӕ маскӕты ӕргътыл ӕфтауыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон организацийы уӕнгтӕ Цӕгат Ирыстоны цӕстдарӕн куыст кӕнынц журналисттӕ ӕмӕ «Росздравнадзор»-ы минӕвӕрттимӕ.

— Иннӕ регионтӕй уӕлдай нӕ республикӕйы стыр аиппытӕ нӕ рабӕрӕг сты. Цӕстдарӕн рейдтӕ кӕндзыстӕм дарддӕр, — зӕгъы командӕйы уӕнг Хъарданты ӕмзор.

Ӕхсӕнадон организацийы рейдтӕ кӕй зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты, ахӕмтӕ дӕр разынд. Зӕгъӕм, Дзӕуджыхъӕуы Революцийы ӕмӕ Бутырины уынгты тигъыл, стӕй Кировы уынджы 68-ӕм бӕстыхайы афтектӕ «Союз» ӕмӕ «Апрел»-ы кусджыты сӕ хосты ӕргъты тыххӕй дзурын нӕ бафӕндыд (афтӕмӕй уыцы ӕргътӕ ӕлхӕнджытӕ хъуамӕ уыной).

Адӕм райгонд сты, «ДНК»-йы хызмӕ цы афтектӕ хауы, уыдоны акцийӕ. Сӕ маскӕтӕ дӕттынц лӕвар. Иу бонмӕ байуӕрстой 7 мины, байуарынмӕ ма хъавынц 21 мин маскӕйы.

Низӕфтауджыты ныхмӕ хосты ӕмӕ маскӕты ӕргътыл ӕппӕтӕй фылдӕр кӕм бафтауой, уыцы регионтӕ сбӕлвырд уыдзысты рейдты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕмӕ ӕрвыст ӕрцӕудзысты паддзахады сӕргълӕууӕгмӕ.

Бӕдтиаты Оксанӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here