0
431

Зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнынæн

Дзæуджыхъæуы «Кванториум»-ы зондамонæг КÆркуысты Мэги ацыд конкурсон æвзæрст сочиаг центр «Сириус»-ы дæсныдзинады къæпхæн фæуæлдæр кæныны курсытæм.

12-17 февралы Сочийы чи ацæудзæн, уыцы ахуырадон программæ «Хими æмæ билоги: нырыккон наукæ æмæ профилон скъолайы предметты æхсæн бастдзинæдтæ»-мæ æппæт бæстæйæ равзæрстой æрмæст 40 ахуыргæнæджы: фæйнæ 20 химикы æмæ биологы.

— Æндæраз декабры æз архайдтон программæ «Скъолайы проектон архайд»-мæ гæсгæ центр «Сириус»-ы арæзт ахуырадон курсыты. Ацы ахуырады фæрцы скъоладзауты проектон архайдмæ цæстдарæн куыстæй мæм фæзынд стыр фæлтæрддзинад. «Сириус»-ы ахуыргæнджытæ наукон-иртасæн куыстмæ здахынц уæлдай фылдæр æргом. Ахуырады фæрцы наукон-иртасæн куысты фæдыл мæ зонындзинæдтæ фæфылдæр сты, — зæгъы Кæркуысты Мэги.

Фондз бонмæ сессийы архайджытæ базонгæ уыдзысты курдиатджын скъоладзаутимæ куысты фæдыл Уæрæсейы раззаг педагогты фæлтæрддзинадимæ, раиртасдзысты химион æмæ биологион фæлварæныл æнцайæг ахуырады мадзæлттæ, стæй базондзысты хими æмæ биологийы къабазы скъоладзауты иртасæн архайдæн фадæтты арæзтады лыстæг фæзилæнтæ. Зонындзинæдтæ фылдæргæнæг программæмæ хауынц лекцитæ, мастер-класстæ, семинартæ, тематикон ныхæстæ, æмбырд æмæ практикон ахуырад.

«Кванториум-15» сывæллæтты технопарчы биоквантум архайы Цæгат Ирыстоны химион-биологион ахуырады экосистемæйы арæзтады. Биоквантумы куысты фæткмæ гæсгæ, æрæджы технопарчы зондамонджытæ Кæркуысаты Мэги æмæ Еленæ Носолевская республикæйы скъолаты биологийы ахуыргæнджытæн амыдтой æхсæзбонон курсытæ.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here