0
267

Не ‘взаг — нæ фидæн, нæ царды мидис

Иу куырыхон лæг афтæ загъта: «Адæмæн сæ егъаудæр хъæздыгдзинад у се ‘взаг». Цæмæй сывæллæттæ уыцы егъау хъæздыгдзинадæй бындурон зонындзинæдтæ исой, уый тыххæй хъуамæ ахуыр кæной мадæлон æвзаг.

Беслæны цыппæрæм скъолайы иу æмæ дыууæ хатты нæ вæййын, æмæ мæ алы хатт дæр дисы бафтауынц, ахуыргæнджытæ се скъоладзаутимæ иумæйагæй цы хъæппæрис равдисынц, уый.

Цалдæр боны размæ ацы скъолайы къæсæрæй бахызтысты кадджын уазджытæ: «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары фыццаг хæдивæг Еналдыты Хъазыбег æмæ ирон æвзаг бахъахъхъæныны фарстыты комитеты сæрдар Бургалаты Заремæ, районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели æмæ йæ хæдивæг, мыггæгты комитеты сæрдар Кцойты Гермæн, ахуырады управленийы сæргълæууæг Цъæхилты Олег æмæ ирон æвзаджы методист Хъуысаты Эммæ.

Мадзал райдыдта ирондзинадæй. Ацы ран фенæн уыд нæ рагфыдæлты мигæнæнтæ, алыхуызон ирон хæринæгтæ, чызджытæ æмæ лæппутæ ирон дарæсы, федтам дзы рæсугъд ирон хъазт, хъуыстис æрмæстддæр ирон ныхас.

Хистæрты размæ, фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ, рахастой æртæ кæрдзыны, æртæ фæрсчы æмæ сыр-сыргæнаг сау бæгæны.

Бæгæныйы къус йæ къухтæм райсгæйæ, Томайты Савели скуывта Стыр Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм.

Мадзалы разныхасы æмдзæвгæтæй райдыдтой Дадтеты Тамик æмæ Гагиаты Аринæ. Зæрдæмæдзæугæ ирон цæгъдтытæ акодтой трио «Фидæн»-ы архайджытæ: Хæдарцаты Зæлинæ (фæндыр), Гуыриаты Азæмæт (гуымсæг) æмæ Гæбæгкаты Георги (дала фæндыр). Уыцы рæсугъд мыртæм сæ аив кафтæй сæхимæ æркæсын кодтой Хъæцмæзты Аминæ æмæ Чеджемты Зауыр.

Уый фæстæ бæрæгбон бацыд йæ цырены. Ам рæсугъд фынгтыл фенæн æмæ ацаходæн уыд алы адæмыхæттыты хæринæгтæй, скъоладзаутæ уырыссаг, гуырдзиаг, сомихаг, авайраг, абхазаг дарæсты æмæ се ‘взæгтыл арфæ кодтой уазджытæн. Уыимæ, афтæ дæсны кафыдысты, стæй æмдзæвгæтæ алы æвзæгтыл афтæ дзырдтой, æмæ-иу адæймаг ахъуыды кодта: «Адон, æвæццæгæн, æцæгдæр уыцы адæмыхаттæй сты…»

Мадзалы архайджытæн раарфæ кодта Еналдыты Хъазыбег.

— Мадæлон æвзаджы хъарм мыртæ цæуынц нæ зæрдæйæ, — загъта йæ раныхасы ирон æвзаджы ахуыргæнæг, мадзалы сæйраг амидингæнæг Джериаты Мæдинæ. — Фæнды нæ хъусын уыцы мыртæ æрвылбон. Уынæм ын йæ уавæр, æмбарæм, цыдæр тасдзинад æм кæй хæццæ кæны, уый, æмæ нæ бацархайын хъæуы, цæмæй сымах, хистæрты æххуысæй, уыцы тасдзинад нæ кæстæртæ макуы баййафой æмæ мадæлон æвзаг фидæны фæлтæртæн рæсугъдæй куыд ныууадзой. Уый та аразгæ у куыд хистæр фæлтæрæй, афтæ кæстæртæй дæр.

Хъыгагæн, ныййарджытæй бирæтæ куыдфæндыйы цæстæй кæсынц мадæлон æвзагмæ, стæй ирон æвзаджы уроктæм. Хæдзары сæ сывæллæттæм иронау нæ дзурынц, ноджы ма сæ алы æфсæнттæй уæгъд кæнынц ирон æвзаджы уроктæй. Уымæ гæсгæ не ‘взаг ис тынг тæссаг уавæры.

Скъоладзауты бирæ алывæрсыг фарстытæн хистæртæ лæмбынæг дзуаппытæ лæвæрдтой. Сæ хъуыдытæ ма загътой Томайты Савели, Ходы Руслан, Бургалаты Заремæ, Цъæхилты Олег, Хъуысаты Эммæ æмæ скъолайы разамонæг Мензиля Юсупова.

Тынг зæрдиагæй бакуыстой ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ Тогъызты Эммæ æмæ Хъæцмæзты Фатимæ, уырыссаг къорд бацæттæ кодта ахуыргæнæг Дыгъуызты Индирæ, гуырдзиаг къорд — Хæдарцаты Зæлинæ, сомихаг — Бытахъаты Альбинæ, авайраг — Гуыриаты Светланæ, абхазаг — Бæцæзаты Лорæ, ирон фынг та бацæттæ кодта Джериаты Мæдинæ.

Бæрæгбон саив кæнынмæ се ‘ххуысы хай бахастой ныййарджытæ. Алы адæмыхæттыты культурæ равдыстой ахуырдзаутæ: Дойаты Георги, Настя Крещенева, Озиты Сæрмæт, Гуыцмæзты Марат, Саутæты Артур, Хуымарты Руслан, Аулохты Аленæ, Врежик Варосян, Мæхъиты Каринæ, Седа Зироян, Гæцойты Азæмæт, Цомартаты Эмилия, Ксения Ватеичкина, Гагиты Аминæ, Белеккаты Ацæмæз, Бытахъаты Аслан, Баскаты Дианæ, Цхуырбаты Викæ, Озиты Марат, Каринæ Балхамишвили, Бикойты Валери æмæ Задыты Марат.

Музыкалон фæсдзыдæн дзуапп лæвæрдтой Сопойты Станислав æмæ Быценты Данил.


Къубалты Зинæ,

Рахизфарсы районы

Ныхасы бæрнон кусæг



ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here