0
267

Тугъанты Владимир фесгуыхт дунеон ерысты

Бæхылбадыны спортæй Иугонд Араббаг Эмиратты дыууæ мæйы дæргъы цы дунеон Гран-при ерыстæ цыди, уым фесгуыхт ирон барæг Тугъанты Владимир.

Тугъаны-фырт бирæ азты дæргъы бæхылбадыны спорты цæлхдурты сæрты гæпгæнынæй у Уæрæсейы иугонд командæйы фидардæр цæджындз.

Кæд æрыгон нал у, уæддæр абоны онг у нæ бæстæйы тыхджындæр барджытæй иу. Йæ дæсныдзинад æмæ физикон цæттæдзинад, йæхицæй зынгæ кæстæр чи у, уыцы барджытæй цауддæр кæй нæу, уый та Тугъаны-фырт ногæй равдыста, Абу-Дабийы цы ерысты архайдта, уыдоны.

Владимир ерыс кодта æртæ хуызæй æмæ æртæйы дæр сси уæлахиздзау. Ерысты архайдта дыууæ бæхыл бадгæйæ. Йæ фыццаг бæх Саспенс Флоревалимæ рамбылдтой Гран-при турниры сæйраг приз. Æппæт цæлхдурты сæрты дæр йæ бæхимæ дугъы не ‘руагътой иу рæдыд дæр æмæ равдыстой æппæты хуыздæр рæстæг 46,60 секунды. Уымæй уæлдай ма, йæ иннæ бæх Тулумимæ рамбылдтой дыууæ дугъы, 150 см бæрзæнд цæлхдурты сæрты гæпгæнгæйæ.

Ацы æнтыстытæ Тугъанты Владимирæн бар дæттынц Европæйы чемпионаты архайынæн. Куыд зонæм, афтæмæй та Европæйы чемпионаты ерыс цæудзæн Олимпиаг хъæзтытæм балцæгтæ райсыныл дæр.

Нæ таурæгъон барæг Тугъанты Владимирæн нæ зæрдæ зæгъы ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ!


Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here