«Ахсджиагдæр дæсныйæдтæй иу — ахуыргæнæг»

0
186

Знон Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн фембæлд уыд æппæтуæрæсеон конкурс «Фидæны ахуыргæнæг»-ы уæлахиздзаутимæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй æрæджы Бетъырбухы цыд æппæтуæрæсеон конкурс «Фидæны ахуыргæнæг»-ы кæронбæттæн. Профессион дæсныйады уыцы ерысы архайдтой ахуыргæнджыты 99 командæйы 44 уæрæсейаг регионæй. Уæлахиздзауты ‘хсæн — Беслæны ахуыргæнджыты командæ дæр.

— Абон ацы æхсызгон фембæлды мах кад кæнæм æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзаутæн. Ахуыргæнæджы дæсныйад алкæддæр уыд æмæ уыдзæн æппæты ахсджиагдæрты ‘хсæн. Поэттæ, фысджытæ, нывгæнджытæ дæр сæ уацмысты ахуыргæнæджы ном бæрзонд кæй исынц, уый дæр хуымæтæджы нæу. Махæй алкæй зæрдæйы дæр сæрмагонд бынат ис, зонындзинæдты дунемæ нын фæндаг чи амыдта, уыцы ахуыргæнджытæн. Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджытæ æппæтуæрæсеон ерысы æнтыстджынæй кæй архайдтой, сæ профессион дæсныйад аккаг хуызы кæй равдыстой, уый махæн, кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай æхсызгон у, — йæ арфæйы ныхасы фæбæрæг кодта Битарты Вячеслав.

Ахуыргæнджыты командæйы уæнгтæ Быценты Верæ, Гæззаты Наталья æмæ Дзгойты Замирæ радзырдтой конкурсы тыххæй, стæй республикæйы разамындæн бузныг загътой, ерыстæм цæттæ кæнгæйæ сын æппæтвæрсыг æххуыс кæй уыд, уый тыххæй.

Фембæлды кæронбæттæны республикæйы Сæргълæууæг ахуыргæнджыты командæйы уæнгтæн саккаг кодта РЦИ-Аланийы Кады грамотæтæ æмæ æхцайы сертификаттæ.

Фембæлды архайдтой республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Иринæ Азимова æмæ ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here