Дыууæ республикæйы æнгомдæр æмгуыстадæн

0
178

«Хуссар Ирыстон у хæдбар паддзахад, семæ æмгуыстады бадзырд сфидар кæнынæн федералон разамындимæ гæххæттытæ бацæттæ кодтам. Уый фæстæ та нæ хуссайраг æфсымæртимæ кусын райдыдтам, нæ гæххæтт сцæттæ, фæлæ уæдмæ хæцгæниз стыхджындæр. Хъуыддаг аргъæвын бахъуыд», — афтæ знон Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев советы æмбырды фæбæрæг кодта фидæнмæ нысантæ.

Куыд бацамыдта, афтæмæй рæстæг ралæууыд, цæмæй гæххæтт бафыссой æмæ Хуссар Ирыстоны Парламентимæ ахъаззагæй бакусой. «Мах сын хъуамæ сæ алы хъуыддаджы дæр архайæм, уыдонмæ, зæгъæм, æмбырд ис, мах депутаттæн æмбæлы уым балæууын. Кæнæ исты хъуыддæгтæ аразынц, уæд нæ бон семæ бацархайын у. Афтæ — нæ хуссайраг æфсымæртæн дæр. Хъуамæ нæ æмархайд фæтыхджындæр уа, кæрæдзийы фæлтæрддзинадæй пайда кæнæм, кæрæдзийы цур уæм», — бафиппайдта Парламенты Сæрдар.

Советы æмбырдмæ цы фарстытæ рахастой, уыдоныл рауад бæстон ныхас. Закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Ортабайты Тимур цы акттыл æрдзырдта, уыдонимæ уыдис «Административон барадхæлдтыты тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл» закъоны проект. Террористоныл нымад организацийы тыххæй хабæрттæ парахат кæнгæйæ, кæй сæ аиуварс кодтой кæнæ сын сæ архайд кæй баурæдтой, уый чи нæ фехъусын кæна, уый ныхмæ цæмæй æфхæрæн мадзæлттæй пайда кæной, ивддзинæдтæ сты уыимæ баст.

Бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Баликъоты Валери фæбæрæг кодта, Паддзахадон Думæйы депутаттæ «Уæрæсейы Федерацийы Хъалонты кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» цы хъæппæрис рахастой, уый. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хицæн адæймæгтæ хъуамæ азы 1 декабры фидой исбоны тыххæй хъалон. Уыцы бон сæ къухы куы нæ бафта, уæд 2 декабры пеня æфтауын райдайынц. Хъалонты кодексмæ ивддзинæдтæ бахæсгæйæ, уавæр банывыл уыдзæн, пеня æфтауыны сæрмагонд фæтк фидаргонд æрцæудзæн.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг Гаглойты Алан рæгъмæ рахаста Псковы облæсты Депутатты æмбырды куырдиат. Æрвитынц æй Уæрæсейы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Александр Новакмæ. Куыд фыст дзы ис, уымæ гæсгæ облæсты электрон хызы комплекс у рагон, йæ фылдæр хай у ивинаг, цалцæггæнинаг. Стыр зындзинæдтæ сын æвзарын кæны. Куыд банымадтой, афтæмæй йæ куыстытæн бахъæудзæн 7,4 миллиард сомы. Хъуамæ псковаг депутатты куырдиатæн аргъ скæнæм, райхъуыст Гаглойы-фыртæй.

Куыд ма загъта, афтæмæй нæ республикæ дæр ахæм хуызы зындзинæдтæ æййафы донимæ, сыгъдæггæнæнтимæ. Хорз уаид, нæ депутаттæ дæр ахæм куыст куы бакæниккой, уæд. Алексей Мачнев сразы ацы хъуыдыимæ.

Наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг Моурауты Алан радзырдта «Уæрæсейы Федерацийы адæмты культурон бынты тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл» проектыл. Ивддзинад баст у, реестрмæ хаст культурон бынтыл кусгæйæ йын йæ уавæр куы февзæрдæр кæной, уæд сæ цæмæй сæ бон бауромын уа.

Кучиты Гари цы акттыл æрдзырдта, уыдонимæ уыдис «Тауинаг мыггæты тыххæй» закъоны проект. Фæстаг рæстæг дунейы стынг сты, «генно-модифицированный» кæй хонынц, уыцы мыггæгтæ. Хъуамæ бæстæйы цæстдарæг оргæнтæ лæмбынæг уой, фæсарæнтæй нæм сæ цæмæй ма ‘рбаласой, уымæ. «Россельхознадзор» хъуамæ æвзара, кæса мыггæгты скондмæ.

Æмбырды ма равзæрстой æндæр хъуыддæгтæ дæр. Депутат Дойаты Светланæ куыд радзырдта, афтæмæй фæстаг рæстæг социалон хызты фылдæр фыссынц, социалон æххуыс адæмæн уарыны бæсты стыр æхцатæ куыд давынц, уый тыххæй. «Уæд 14 милуан сомы адавынц, уæд — 21 милуан сомы. Æххуысхъуаг адæм депутаттæм цæуынц, курынц æхца, кæм хи дзæбæх кæнынмæ, кæм фиддонтæ фидынмæ. Уыцы адæммæ паддзахады ‘рдыгæй материалон æххуыс нæ хæццæ кæны. Хъуамæ социалон хызты цы фыссынц, уыдон æцæг не сты, фæлæ мæ фæнды, цæмæй ам, Парламенты, иу хатт байхъусæм социалон кусæндæтты разамонджытæм, радзурæнт нын, куыд кусынц, цæмæй, уыдæттæ», — ахæм уыд Дойаты Светланæйы куырдиат. Советы уæнгтæ сразы сты йемæ.


Бутаты Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here