Кусæг фембæлд Бибылты Анатолиимæ

0
198
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн уыд кусæг фембæлд Хуссар Ирыстоны республикæйы Президент Бибылты Анатолиимæ.
Фыццагдæр уал Бибылы-фырт Сергей Меняйлойæн раарфæ кодта, Уæрæсейы Президент Владимир Путин æй Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй кæй снысан кодта, уый тыххæй. Уый дзурæг у æууæнкыл, Фыдыбæстæйы раз Сергей Меняйлойы бæрзонд сгуыхтдзинæдтыл, йæхимæ бæрнондзинад райсынмæ æмæ ахсджиаг паддзахадон нысантæ йе ‘мзæххонты фæрныгадæн æххæст кæнынмæ цæттæ кæй у, ууыл.
Фембæлды рæстæг æрдзырдтой боны фæткы дыууæвæрсыг фарстатыл, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн бастдзинæдтæ дарддæр фидардæр кæныны хъуыддæгтыл.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ
Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here