Нысантæ бæлвырд сты, хъæуы сæ æххæст кæнын

0
255

Зындгонд куыд у, афтæмæй 21 апрелы Уæрæсейы Президент Владимир Путин раныхас кодта йæ æрвылазон Æрвыстæгимæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды раз.

Уыцы ахсджиаг гæххæтты Президент фæбæрæг кодта бæстæйы дарддæры райрæзты сæйрагдæр фæндæгтæ, мидбæстон æмæ æддагон политикæйы ахсджиагдæр нысантæ. Æрвыстæджы сæрмагонд æргом здæхт æрцыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады, бинонтæн æххуысы, бæстæйы цæрджыты æфтиæгтæ фылдæр кæныны, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады райрæзты фарстатæм.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло дæр иннæ губернатортимæ архайдта, Владимир Путин Æрвыстæджы бæрæггонд фарстаты фæдыл Мæскуыйы цы уæрæх æмбырд сарæзта, уым.

Фæстæдæр Цæгат Ирыстоны разамонæг йæ хъуыдытæ загъта Президенты Æрвыстæджы тыххæй. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй уыцы гæххæттыты бæстон хыгъд æрцыдысты бæстæйы дарддæры æнæкъуыхцы райрæзты нысантæ.

— Уыимæ, Уæрæсейы дарддæры размæцыды фæндæгтыл дзургæйæ, Президент фæбæрæг кодта, коронавирусы пандеми не ‘рвылбоны цардмæ цы ногдзинæдтæ бахаста, стæй, сæвзæргæ æууæлты архайгæйæ, адæмæн уæлæмхасæн социалон æххуыс цы уагæвæрдты бындурыл лæвæрд цæудзæн, æппæт уыцы хъуыддæгтæ. Куыд уынæм, афтæмæй эпидемиологон уавæр цардархайды æппæт къабæзтыл дæр фæзынд, уыимæ, экономикæйыл дæр æвзæрæрдæм сахадыдта. Æппæт уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, ныртæккæ ахсджиаг у, уавæр банывыл кæнынæй уæлдай, бæстæйы дарддæры размæцыдæн фадæттæ аразын. Уыцы æрвылбоны куысты, кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай ахсджиаг нысаниуæг ис социалон æххуысы мадзæлттæн. Уыдонмæ Уæрæсейы Президент аздæхта фыццаградон æргом. Æрвыстæджы бæлвырд загъд цæуы, не ‘мбæстæгты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн цы уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт цæудзæн, уый тыххæй. Иу ныхасæй, Президент цы вазыгджын нысантæ рахаста адæмы рæгъмæ, уыдоныл бакусынмæ Цæгат Ирыстон цæттæ у, — йæ раныхасы фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here