Тыхстдзинæдтæ æмæ аиппытæ базоныны тыххæй

0
219

Ковиды хæцгæниз парахат кæнынæн гæрæнтæ æвæрæг оперативон штабы æмбырд скодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

 

Уый Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ Промышленност æмæ транспорты министрадтæн бахæс кодта, цæмæй цыбыр рæстæгмæ туаггуыр рынчындæттæм ласыны хъуыддаг фæтагъддæр кæной. Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Александр Реутов куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстонмæ тæнгъæд туаггуыр ласынæн нæ фаг кæны сæрмагонд транспорт.

Медицинон кусæндæтты цы зындзинæдтæ æвзæры, уыдоны тыххæй æрæджиау кæй фехъусын кæнынц, уымæй Сергей Меняйло разыйæ нæ баззад. «Æмбырдтæ лæгъз раныхæстæм байхъусыны тыххæй не скæнæм, фæлæ, цæмæй тыхстдзинæдтæ, аиппытæ базонæм. Уыдон та домынц æвæстиат уынаффæтæ. Ныхас нæ адæмы цард æмæ æнæниздзинадыл цæуы», —загъта Сæргълæууæг.

Ног хæцгæнизимæ уавæры тыххæй радзырдта Сæйраг санитарон дохтыр Тыбылаты Алан. Ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, рынчындæтты кæй сæвæрдтой, уыдон фæфылдæр сты. «Росздравнадзор»-ы управленийы разамонæг Ольгæ Давыдова куыд загъта, афтæмæй фæстаг къуыри Цæгат Ирыстоны вакцинацийы æмвæзад чысыл фæфылдæр — 12 проценты. Æппæт рынчындæтты дæр хостæ фаг ис, семæ — биологон препараттæ дæр.

Фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хуыбиаты Барис куыд радзырдта, афтæмæй хистæр кары адæмы æргом вакцинаци скæнынмæ здахынц. Ныридæгæн 95 мин адæймагæн радзырдтой йæ пайдайы тыххæй, уыдонæй 5 мины сразы сты æфтауæнтæ скæныныл.

Республикæйы Сæргълæууæг байхъуыста сæйраг дохтырты æппæт хатдзæгтæм, рынчындæтты уавæры тыххæй хабæрттæм. Рæгъмæ рахаста тагъд æххуысы ног машинæты фарста дæр. «Райстам сæ, фæлæ цæмæдæр гæсгæ лæууынц. Мæхæдæг федералон центрмæ фæдзырдтон, уавæры тыххæй сын бамбарын кодтон, ноджыдæр ма сæ ракурдзынæн машинæтæ. Хъуамæ парк сног кæнæм, реанимацион машинæтæ дæр нын хъуамæ радтой. Уæхицæн зын скæнут, рауадзут сæ куыстмæ, цы уын не ‘нтысы, уый тыххæй та зæгъут», — загъта Сæргълæууæг.

Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй куыстмæ уæлæнгай цæстæй кæсæн нæй, тыхстаг хъуыддæгтæ æмбæхсын нæ хъæуы. Уый тыххæй дзуапп дæтдзысты бæрнон адæймæгтæ.

 

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here