Бæстон ныхас — закъонты проекттыл

0
163
????????????????????????????????????

«Ирон музыкалон аивадмæ йе стыр бавæрæны тыххæй Парламенты Кады грамотæйæ хорзæхгонд цæуы Евгений Воложанин», — ацы ныхæстимæ Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев хæрзиуæг радта музыкантæн.

Афтæ, Парламенты Кады грамотæтæй Алексей Мачнев схорзæхджын кодта, алы къабæзты сæ хорз куыстæй бæрæг чи дары, уыцы адæмы къорды. Уый фæстæ куыд загъта, афтæмæй ацы хъæппæрис райстой Паддзахадон Думæйæ. «Иу хатт ма уын арфæ кæнын. Депутаттæ æрбалæвæрдтой ацы фæзминаг адæмы, мах хъуыддæгтæ равзæрстам æмæ сын абон хæрзиуджытæ сæ къухтæм радтам», — фæбæрæг кодта Парламенты Сæрдар.
Парламенты æмбырд дарддæр йæ куыст кодта. Закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдары хæдивæг Елдзарты Медея рæгъмæ цы фарстатæ рахаста, уыдонæн сæ фылдæр баст уыд регионалон закъонтæ федералон 414 закъонимæ сæмхуызон кæнынимæ. «РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы тыххæй» Конституцион закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл закъоны проектыл ныхас рауад.
Депутат Хæдарцаты Руслан куыд бафиппайдта, афтæмæй бынæттон хиуынаффæйады тыххæй 131 закъон иннæ акттæ æппынæдзух халынц. «Ацы ивддзинæдтæ, æнæмæнг, хъæуынц, фæлæ сæм хъуамæ бæрнондæр цæстæй акастаиккам. Нæ нæм уыд цæлхæмбырдтæ, эксперттæм нæ байхъуыстам Конституцион закъонмæ ивддзинæдты тыххæй. Уæд та ма Сæргълæууæг сфæнд кодта бынæттон хиуынаффæйады разамонæджы кæнæ администрацийы хицауы аивын. Уæдæ республикæйы Сæргълæууæгæн куыстæн дыууæ æмгъуыдæй фылдæр дæттын нæ хъæуы», — загъта депутат.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикон хицауад бынæттон разамындыл куы ахадой, уæд уыдон æрмæст хæрдмæ кæсдзысты, адæмы фарстатæ иуварс авæрдзысты. Афтæмæй та сæ адæм равзæрстой. «Мæнмæ гæсгæ, ацы закъоны проект хъæуы иннæ æмбырдмæ рахæссын. Хъуамæ йæм не ‘ргом раздахæм», — бацамыдта Хæдарцы-фырт. Уæдæ Сæргълæууæг йæ фæллад уадзынмæ куы ацæуа, уæд æй хъуамæ куысты чи ива. Республикæйы Сæргълæууæг йæ куысты тыххæй хъуамæ дзуапп, хыгъдлæвæрд дæтта, уый та раныхас бацæттæ кæны. Уый дæр депутатмæ раст нæ кæсы.
Елдзарты Медея дзуаппытæ радта фарстатæн. Депутат Тохъайты Нох сразы ис Хæдарцы-фыртимæ. Ома, раныхасæн бынтон æндæр у йæ бакаст, кæд хыгъдлæвæрд у, уæд та æндæр хуызон. «Хыгъдлæвæрд скодтай, адæм хъуамæ бамбарой, хатдзæгтæ скæной, дарддæр ма кусдзынæ æви нæ», — бафиппайдта Тохъайы-фырт. Депутаттæ схъæлæс кодтой æмæ уымæ гæсгæ фарста иннæ æмбырдмæ ахастой.
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Виталий Назаренко куыд радзырдта, афтæмæй нæ республикæйы горæттæаразæн архайды тыххæй закъоны проектмæ ивддзинæдтæ, уæлæмхасæн бартæ ратдзысты æрдæгарæзт бæстыхæйттæ кæронмæ сцæттæ кæнынæн.
Промышленносты, транспорты, бастдзинад æмæ амалхъомады комитет цы фарстатæ рахаста, уыдонимæ уыд республикæйы цæрджыты, йæ фæзуат æрдзон æмæ техногенон цаутæй бахизыны закъоны проект дæр. Комитеты сæрдар Бурдзиуты Валери куыд радзырдта, афтæмæй ивддзинæдтæ адæмы æмæ фæзуæттæ бахиздзысты алыхуызон бæллæхтæй.
Депутаттæ ма байхъуыстой парламентон комитетты разамонджытæм, сфидар кодтой закъонты проекттæ.

Бутаты Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here