Алагир æмæ Ӕрыдоны районты ахсджиаг социалон объекттæ

0
158

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис кусæг балцы уыд Алагир æмæ Æрыдоны районты. Республикæйы Хицауады Сæрдар раиртæста, сæрмагонд федералон проекттæ æмæ программæты фæлгæты муниципалитетты ахсджиаг социалон объекттæ куыд цалцæггонд æмæ фæлгонцгонд цæуынц, уый.

 Хицауады Сæрдар Алагиры, фыццаджы-фыццагдæр, бабæрæг кодта Садоны здыйы-цинчы комбинат æмæ Транскамы музей. Кусæндоны бæстыхайы ныртæккæ архайынц цалцæггæнджытæ. Подрядон организацийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, нысангонд куыстыты фыццаг къæпхæн ахицæн уыдзæн ацы азы кæронмæ, дыккаг къæпхæныл та бакусдзысты 2023 азы.
Дзанайты Барис Алагиры районы сæргълæууæг Дзантиаты Ислам æмæ иннæ бæрнон адæймæгтимæ æрзылдысты музейы бæстыхæйттыл, ныхас кодтой аразджытимæ. Цалцæггæнджытæ уал ныридæгæн раивтой бæстыхайы сæр æмæ рудзгуытæ… Хæстæгдæр рæстæг бавналдзысты агъуысты æддаг хайы цалцæгмæ дæр.
Дзантиаты Исламы ныхасмæ гæсгæ, музейы цалцæджы æппæт куыстытæн дихгонд æрцæудзæн 17,8 милуан сомы бæрц (федералон бюджеты фæрæзтæм район бафтаудзæн йæхи хай дæр).
— Садоны здыйы-цинчы комбинаты музей ахсджиаг æмæ цымыдисаг объект æрмæст Алагирæн нæу, фæлæ æппæт республикæйæн дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй 2024 азы бæрæг кæндзыстæм Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сарæзты 100 азы юбилей. Уыцы ахсджиаг æхсæнадон-политикон цауы агъоммæ музейы цалцæг хъуамæ ахицæн уа, — фæнысан кодта Дзанайы-фырт.
Уый фæстæ Хицауады Сæрдар æмæ инспекцион къорды иннæ уæнгтæ æркастысты, Алагиры аргъуаны алфамбылай куыд фæлгонцгонд цæуы, уымæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй 2021 азы Алагир ссис æппæтфадатджын горæтаг алфамбылайы арæзтады цымыдисагдæр проектты æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзаутæй иу. Уыцы конкурсы гранты фæрцы ныртæккæ цалцæггонд цæуы аргъуанмæ ‘ввахс фæз. Аразæг куыстуаты минæвæрттæ ныридæгæн бакодтой нысангонд куыстыты зынгæ хай: сæрдыгон кинотеатры сæр æрæмбæрзтой, спортивон фæзæн бындур æрæвæрдтой, раивтой къахвæндæгты бордюртæ, бынаты сæвæрдтой ног телыхъæдтæ цырæгътимæ, бандæттæ…
Æппæт уыцы куыстытæ хорзыл банымайгæйæ, Дзанайты Барис аразæг куыстуаты минæвæрттæн бахæс кодта, цæмæй æхсæнадон фæлладуадзæн тæлмы цалцæг хæстæгдæр рæстæг кæронмæ ахæццæ кæной.
Дарддæр инспекцион къорды уæнгтæ сæ фæндаг акодтой Æрыдоны районмæ. Уым федтой районы центры доны былгæрæттæ куыд фæлгонцгонд цæуынц, стæй Дзæуджыхъæуæй Лескенмæ фæндаджы Мичурины хъæумæ ‘ввахс уадздзагыл цы куыст цæуы, уыдæттæ.
Амынд æхсæнадон фæлладуадзæн æмæ фæндагон объектты цæттæдзинады къæпхæны тыххæй Хицауады Сæрдар байхъуыста Цæгат Ирыстоны Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл æмæ иннæ ведомствæты бæрнон кусджыты дзуаппытæм.
Йæ балцæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис бæлвырд амынддзинæдтæ радта профилон министрадтæ æмæ подрядон организациты минæвæрттæн.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here