Ивддзинæдтæ — закъонты проекттæм

0
108

Тускъаты Таймураз дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыдис РЦИ-Аланийы Парламенты советы радон æмбырд. Депутаттæ æрдзырдтой федералон закъонты проекттыл, республикон социалон-экономикон фарстатыл, РЦИ-Аланийы республикон бюджетыл.

Депутаттæ байхъуыстой æмæ схъæлæс кодтой къорд закъонты проектыл.
Змæлгæ æмæ æнæзмæлгæ исбонад паддзахады бæрны кæд сты, уæд сæ социалон-экономикон рацарæзты фæзуæттæм гæсгæ уæд фæткæвæрд.
Къуылымпыдзинæдтæ сæвзæры, стыр объекттæ чи аразы æмæ цалдæргай мæйтæ паддзахадон экспертизæмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдонмæ. Уæрæсейы Арæзтадон кодексмæ ивддзинад бахæссын, цæмæй цæстдард ма къуылымпыгæнгæйæ, паддзахадон экспертизæйы æмгъуыдтæ фæкъаддæр уой. Комкоммæ та, фадат радтын, цæмæй электрон тыхы системæмæ баиу уой, уымæн.
Бирæуæладзыгон хæдзæртты разамынддæттæг компанитæ, фатерты хицæутты бартæ бахъахъхъæнынимæ баст уыдысты цалдæр фарстайы. Хъуамæ цæрджытæ сæхæдæг æвзарой, кæй бæрны уыдзысты, кæуыл æууæндынц, уыцы разамынддæттæг компани.
Сахъат сывæллæттæ иугæр хæдзары ахуыр кæнынц, уæд сын Уæрæсейы закъонмæ гæсгæ хъуамæ уа дыууæ хатты лæвар хæрд, кæнæ та уый ныхмæ æхцайæ æххуыс. РЦИ-Аланийы «Ахуырады тыххæй» закъонмæ ахæм ивддзинад бахæссыныл схъæлæс кодтой депутаттæ. Ноджы ма, ацы закъонимæ баст, — уæлæмхасæн финансон æххуыс фæсурокты цы къордтæ кусынц, уыдонæн. Ардæм хауы ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæныны фарста дæр.
Ивддзинæдтæ хаст æрцæудзæн Уæрæсейы Федерацийы Зæххы кодексмæ æмæ «Ветеранты тыххæй» федералон закъоны проектмæ. Уым куыд загъд ис, афтæмæй хæстон быцæуты архайджытæ, уыдонимæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ дæр, паддзахады раз йæ граждайнаг хæс чи æххæст кæны, уыдонæн лæвар зæххы хæйттæ дæтдзысты.
Дарддæр Советы уæнгтæ ныхас кодтой бирæсывæллонджын бинонты тыххæй сæрмагонд уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй федералон закъонмæ ивддзинад бахæссыныл, цæмæй сæ бартæ алы регионы дæр иухуызон уой.
Æнæмæнг медицинон фæдзæхстад, медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинад, нырыккон ифтонггæрзтæ æмæ профессионалон ахуырад — ацы фарстатимæ баст закъоны проекттæм дæр ивддзинæдтæ бахастой.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы 2022 азы фараст мæйы бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, уый тыххæй советы уæнгтæн радзырдта республикæйы финансты министры фыццаг хæдивæг Оксанæ Карова.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here