Абон нæ бæстæйы бæрæг кæнынц Фыдыбæстæйы Хъæбатырты бон!
Паддзахадон уæлдæр хæрзиуджытæ лæвæрд кæмæн æрцыд æмæ нæ паддзахады намысджын историмæ хаст кæй нæмттæ æрцыдысты, уыцы Хъæбатырты æмæ намысы зæрдылдарæн бон нысангонд æрцыд 2007 азы.
Уыцы бон ноджыдæр ма иу хатт æвдисæн у фæлтæрты бастдзинадæн. Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ, не ‘мбæстæгтæй йæ цард чи радта æмæ сгуыхтдзинæдтæ чи равдыста алы азты хæсты быдыры æмæ сабыр царды, уыдон сты фæзминаг уæрæсейæгты ног фæлтæртæн, сæ бæстæмæ уарзт æмæ иузæрдиондзинады æнкъарæнтæ гуырын кæнынæн.
Бирæнацион Ирыстон æдзухдæр хъуыстгонд уыди йе ‘цæг патриоттæй, лæгдзинад æмæ æхсарджын адæмæй, йæ профессион хæс кадимæ æххæстгæнджытæй. Сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, уыдон æвдыстой хъæбатырдзинад, удуæлдай, хиуыл нæ хъуыдыгæнгæйæ ахаст Райгуырæн бæстæмæ. Æмæ абон дæр не ‘мзæххонтæ, сæ фыдæлтæ æмæ рагфыдæлты намыс бæрзонд хæсгæйæ, сæ кадыл кад æфтаугæйæ, æдасдзинад æмæ удвидар æвдисгæйæ, хæссынц сæ зынгæ бавæрæн сæрмагонд æфсæддон операцийы уæлахизмæ, хъахъхъæнынц Уæрæсейы национ интерестæ.
Фыдыбæстæйы Хъæбатырты боны хорзæх уæ уæд!
Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ æнæкæрон хорздзинæдтæ!
Тускъаты Таймураз,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы
Парламенты Сæрдар














