Мариинаг театры дзæуджыхъæуккаг филиалы сценæйыл æвæрд национ балет «Фатимæ» фендзысты Мæскуы æмæ Бетъырбухы аивадуарзджытæ дæр.
Уый тыххæй дзыллон информацийы минæвæрттæн йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта Мариинаг театры цæгатирыстойнаг филиалы сæйраг балетмейстер Суанты Валери.
Зындгонд куыд у, афтæмæй курдиатджын ирон композитор Плиты Жаннæйы музыкæйы бындурыл æвæрд спектаклы премьерæ Дзæуджыхъæуы уыд фæззæджы. Сæйраг балетмейстеры разамындæй «Фатимæ»-йыл цы сфæлдыстадон къорд бакуыста, уый архайдæн театрдзаутæ хорз аргъ скодтой. Æрæджы та спектаклæн аргъгæнæг уыдысты Цхинвалы цæрджытæ. «Фатимæ» уыдоны зæрдæтæм дæр фæндаг ссардта — фысымты куырдиатæй «мариинæгтæ» спектакл иу изæрмæ равдыстой дыууæ хатты.
Ныр та «Фатимæ» абалц кæндзæн Мæскуы æмæ Бетъырбухмæ. Суанты Валерийы ныхасмæ гæсгæ, ахæм фæндон равдыста Мариинаг театры аивадон разамонæг Гергиты Валери.
«Нæ зындгонд æмзæххоны архайдæй балет «Фатимæ» фендзысты бæстæйы дыууæ сæйраг горæты аивадуарзджытæ дæр. Фæлæ мæ зæрдæ дарын, ацы спектаклы сфæлдыстадон балцыты географи ноджы уæрæхдæр кæй фæуыдзæн, ууыл. Ацы музыкалон проектыл куы куыстам, уæд æй рахатыдтæн, Гергийы-фырт Ирыстоны æцæг патриот кæй у, Плиты Жаннæйы сфæлдыстадæн стыр аргъ кæй кæны, уый. Балетыл куы куыстам, уæд мæ иудадзыгдæр афæрс-афæрс кодта, куыд цæуы нæ архайд, уымæй. Æмæ йæ хъуыды алкæддæр уыд бæлвырд — балет «Фатимæ» цыбырдæр æмгъуыдмæ сценæмæ рахæссын хъæуы, уыимæ, спектаклы бавæрын æппæт хъарутæ дæр», — радзырдта Суаны-фырт.
Калманты Аслан














