Бынæттон продукци – базарадмæ

0
243

Бынæттон товаруадзæг куыстуæтты разамонджытимæ, аграритимæ фембæлд республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис. Нæ разамынд къæрцхъус сты хи товартæ, хи продукци базарадон хызтæм афойнадыл фæхæццæ кæныны хъуыддагмæ.

Ацы фембæлды архайдтой хицаудзинады оргæнты, аграриты, базарадон хызты разамонджытæ. Экономикон рæзты министр Мрыкаты Марат куыд фехъусын кодта, афтæмæй рæстæгæй-рæстæгмæ цæст дарынц базарадон хызтæм, уыцы хъуыддæгтæм кæсынц товаруадзджытæ дæр. Ныртæккæ нæм ис фондз егъау федералон æмæ фондз регионалон базарадон хызы. Сæ алкæцыйы дæр æвæрд сты бынæттон товартæ, продукци. Куыд рабæрæг, афтæмæй æлхæнджытæ тынг агурынц нæхи уагъд товартæ, уымæ гæсгæ сæ бæрцыл хъæуы бафтауын.
Аграритæ æмæ товаруадзджытæ радзырдтой, цавæр æмгуыстад сын ис базарадон хызтимæ, фарстатæ радтой егъаудæр хызты минæвæрттæм дæр. Фæбæрæг кодтой, æргъты, базарадмæ æнцондæрæй бахизыны фарстатæ. Дзанайты Барис куыд радзырдта, афтæмæй разамынды сæйрагдæр хæстæй иу у амалхъомтæн æххуыс кæнын, фадæттæ сын аразын сæ товартæ æлхæнджытæм хæццæ кæныны хъуыддаджы.
«Уыцы нысантыл нæ иумæ хъæуы архайын, уыдæттæ, æнæмæнг, фæзындзысты адæмы цардыл, нæ экономикæйы рæзтыл», – загъта Дзанайы-фырт. Уый ма хæстæ сæвæрдта Экономикон рæзты æмæ Хъæууон хæдзарады министрадты размæ, цæмæй бынæттон товаруадзджыты курдиæттæм, фæндæттæм къæрцхъус уой, уайтагъд сын сæ риссагдæр фарстатæ лыг кæной. Цы зындзинæдтæ рабæрæг, уыдоныл дæр тагъд рæстæг ныхас рауайдзæн.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here