Журнал – дуджы хъæлæс!

0
289

«Мах дуг» дуджы хъæлæс уыдис рагæй-æрæгмæ дæр. Йæ бындурæвæрджытæ йын цы æмбисонды сæproнд æрхъуыды кодтой, уый рауад иттæг рæстдзæвин. Кæд алыхуызон рæстæджытæ уыдис, уæддæр Цæгат Ирыстоны зæронддæр литературон-аивадон журнал йæ номыл никуы суæлæхох. Ныр 90 азы дæргъы хæссы уыцы-иу сæргонд. Йæ хъысмæт æнцон никуы уыдис, фæлæ цыфæнды зын уавæрты (xæст, фæсхæст, волюнтаризм, æндзыгад, рацарæзт…) дæр журналæн йæ сæйраг архайд баст уыдис ирон фысджыты (поэттæ, ирозаиктæ, драматургтæ, критиктæ, публицист-тæ, тæлмацгæнджытæ) уацмыстæ мыхуыр, парахат æмæ адæмы рæгъмæ хæссын.

Журнал уæлæхох нæ уыдис æндæр адæмты литературæтыл дæр. Нæ курдиатджын тæлмацгæнджыты фæрцы ирон чиныгкæсæг алы рæстæджыты базонгæ ис нæ бæстæйы разагъды фысджыты уацмыстимæ. Æрмæстдæр фыццаг фондз азы дæргьы «Мах дуг» – ы фæрстыл мыхуыргонд æрцыдысты Шолом Алейхем, Владимир Маяковский, Карло Гольдони, Максим Горький, Александр Пушкин, Ида Брук, Анри Барбюс, Ислам Карачайлы, Вера Инбер, Алексей Кольцов, Илья Чавчавадзе, Рафаэль Альберти, Эжен Погье, Шота Руставели, Николай Некрасов, Михаил Лермонтов, Тарас Шевченко, Антон Чехов æмæ æндæртæ. Ацы вазыгджын æхсæнадон-аивадон
хъуыддаджы фæрцы ирон литературон процессы сырæзт аивадон тæлмацы æнæхъæн фæлтæр у. Сæ фыццаг тæлмацтæ «Мах дуг»-ы фæрстыл ныммыхуыр кодтой Дзанайты Иван, Тогуызты Газак (Æрнигон), Коцойты Арсен, Гулуты Андрей. Плиты Грис, Хозиты Яков, Плиты Харитон, Боциты Барон, Хъайтыхъты Геор, Дарчиты Дауыт, Хацырты Сергей æмæ æндæртæ.
Алы азты журнал «Мах дуг»-æн разамынд лæвæрдтой Къосираты Сæрмæт, Дзаттиаты Алыксандр, Боциты Барон, Бæдуаты Хъазыбег, Епхиты Tæтæpи, Дзаттиаты Тотырбег, Плиты Грис, Токаты Асæх, Мæрзойты Сергей, Цæгæраты Максим, Богазты Умар, Цырыхаты Михал, Хъодзаты Æxcap, Мамыкъаты Хъазыбег. Стыр хуын бахастой уыдон литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал йæ къахыл слæууын кæнын æмæ йæ дарддæры рæзтæн, стæй уæрæх журналкæсæджы ирон, уырыссаг æмæ дунеон литературæимæ зонгæ кæныны хъуыддаджы мидæг. Ныртæккæ «Мах дуг»-ы сæргъы æрлæууыд æрыгон фæлтæры минæвар – критик, публицист æмæ аивадиртасæг Хетæгкаты-Уаниты Оксанæ. Журналы куыст фæстаг рæстæджы заууатмæ æрцыди. Æмæ ныр, цæмæй журналы куыст ног рæстæджы домæнтæн дзуапп дæттын райдайа, уый тыххæй ног редактор æмæ йе ‘мкусджыты бахъæудзæн дысфæлдæхтæй архайын, ног редакци æмæ редколлегийы куыст ранывыл кæнынæн, журналкæсджытимæ иумæйаг æвзаг ссарынæн. Æмæ йын æмбæлгæ дæр кæны, уымæн æмæ йæ статусмæ гæсгæ журналæн хъуамæ уа сæрæн æхсæнадон цæстæнгас, тырна, ирон литературæйы абон æмæ фидæны тыххæй нæ размæ цы фæрстытæ æвзæры, уыдоны афойнадыл лыг кæнынмæ.
Сæрмагонд ныхасы аккаг сты журналæн йæ axaстдзинæдтæ Ирыстоны Фысджыты цæдисимæ. Уым дæр æвзæрст æрцыд ног сæрдар, ног правлени æмæ уыдонимæ, æнæмæнгæй, ссарын хъæуы иумæйаг æвзаг. Сæ размæ (журнал æмæ цæдис) лæууынц иумæйаг хæстæ, æмæ сæ лыг кæнын дæр хъæуы иумæйаг хъарутæй. Æнæуи дæр нæм бирæ литературон тыхтæ нæй, æмæ ма сæ куы дихтæ кæнæм, уæд нæ дзырдаивад йæ бынатæй размæ нæ фенкъуысдзæн.
Хуыцауы фæндæй, журнал «Мах дуг» тæссаг хъысмæтæй хызт æрцыд, фæлæ уый ууыл дзурæг нæу, æмæ йæ фидæн бынтон æдас у рæстæджы ахæм тæрхонæй. Цæмæй журнал йæхи æнæбары улæфт цардæй бахиза, уый тыххæй æнгомдæр кæнын хъæуы йæ бастдзинæдтæ æхсæнадимæ, дзыллæйы сагъæстæ æмæ кæсæджы домæнтимæ. Æмæ уæд нæ бон зæгъын уыдзæнис, журнал «Мах дуг» йæ размæвæрд хæстæ дарддæр дæр æнтыстджынæй кæй æххæст кæндзæн.
Фæндиæгтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз сты, фæлæ бæрæгбоны рæстæг арфæтæ сæйрагдæр вæййынц. Æмæ уын уымæ гæсгæ нæ зæрдæ зæгъы, фыццаджыдæр, æнæниз-дзинад, зæрдæрайгæ цард сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтимæ. Нæ уарзон, нæ зынаргъ журнал «Мах дуг», абон дын дæ 90 азы юбилейы фæдыл Иры дзыллæтæ цы арфæтæ кæнынц, уыдонимæ айсут мах, Фысджыты цæдисы кусджыты, зæрдæбын арфæтæ дæр. Ив-
гъуыд æнусы æртынæм азтæй фæстæмæ ирон адæмы зæрдæтæм рухс хæссут, фæрнджын фæндæгтыл цæут, æмæ дзыллæйы хорзæхтæй хайджын ут! «Мах дуг», алы хæрзæгъдау адæймæгæн дæр дæ хæрзгæнæг æмæ хæрзæмбæлæг, æмæ сæ рухс фæндæгтыл хон фидæнмæ. Алы æцæг ирон лæг дæр æхсызгонæй райсы йæ къухмæ нæ уарзон журнал «Мах дуг»–ы радон номыр. Уыцы æхсызгондзинад сын иудадзыгдæр рæдауæй куыд лæвар кæнат, уый уын зæгъы нæ зæрдæ.
Уæ бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

ХОЗИТЫ Барис,
Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы
правленийы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here