Курдиатджын дохтыр

0
14

Стырæй, чысылæй – дохтыр алкæй дæр бахъæуы. Уæлдай æхсызгондæр æмæ арæхдæр та, азтæ сæ уæз кæуыл æруадзынц, уыдоны бахъæуы. Æз дæр абоны цæрджытæм гæсгæ гыццыл нæ фæцардтæн. Низтæ мæм фæзынд. Мæ зонгæ мæ барвыста Гогаты Зæринæмæ. Уырыссагау ис ныхас «врач от Бога». Кæд ацы ныхæстæ искæмæ хауынц, уæд æппæты фыццаг – Гогаты Гурамы чызг Зæринæмæ.

Хорз дохтыр алкæмæй нæ зæгъдзынæ. Дæс азы йыл цæуы, куы фæрынчын дæн, уæдæй. Зæринæ мын мæ низыхатмæ лæмбынæг  æркаст: иртасæнтæ иууылдæр бæлвырд скодта. Дзæбæх кæнæн операци мын скодта (æнæ кардæй лыгæй). Æмбæлгæ хостæ мын рафыста. Афæдз дыууæ хатты йæм хъуамæ цæуон. Мæхицæй цæуыны рæстæг ферох вæййы (зæронд истæмæйты зæронд вæййы). Афоныл мæ йæхæдæг бацагуры. «Кæм ис мæ рынчын?»

Иухатт та мæ ферох, ЭКГ æмæ УЗИ кæй хонынц, уыдон ахæссын. Йæхæдæг мын сæ куысты скодта, кæд ыл ахæм хæс нæй, уæддæр. Алы аз дæр мын мæ хостæй иуты бынтон дæр сисы. Бæлвырд хуыздæр кæй кæнын, уый æмбарын.  Æрмæст йæ фæлмæн ныхас дæр бирæйы аргъ у. Диссаг та куыд нæ у. Иу рынчынимæ бацархайын дæр зын у, Гогаты Зæринæмæ та рады лæууынц.

Алы хатт дæр куы ссæуын йæ кусæн уатмæ, хуыйны «Семейная медицина», уæд сæййафын ахæм ныв. Нæхи Ирыстонæй йæм цал рынчыны лæууы рады, æртæ хатты фылдæр та вæййынц æндæр республикæтæй. «Дохтыртæ нæм бирæ дæр ис, фæлæ нæм ахæм нæй», – загъта мын сæ иу. Рынчынтæй æнæбон чи у, ахæмтæ дæр вæййы. Суанг дзы вæййы æрыгон чындзытæ, хъæбысы сывæллæттимæ, ардæм цæуын гыццыл тухæн нæу. Дзæгъæлы нæ цæуынц.

Афæдз ыл цæуы, уæд та мæм фæзынд æндæр низ. Зæринæмæ нæ хауы. Ацыдтæн Мæскуымæ, ницы сæ рахъаст кæндзынæн, хорз мæм фæкастысты. Мæ хъуыддæгтæй куы фенцон дæн, уæд сфæнд кодтон мæ рагон низæй ам дæр бафæрсын. Медицинон наукæтæм кандидат, П.А.Фетисовайы цур æрæвæрдтон, Зæринæ мын цы рецепт  рафыссы, уый.

Уый мын анализтæ скодта, æмæ мын афтæ: «Дæ низæн абон цы аппараттæ æмæ препараттæ ис, уыдонæй дæ рецепт у æппæты хуыздæр. Мæскуымæ искуыцæйты куы ссæуынц, уæд ахæм дæсны æххуыс арæх нæ райсынц. Вы можете Зарине Гурамовне спасибо сказать». Фетисовайы ныстуан сæххæст кодтон.

Гогаты Зæринæ цалынмæ мемæ архайдта, уæдмæ фырæфсæрмæй йæ цæсгомы сырх не ’ссыд. Ирон йæхицæн нæ цæры, цæры йæ кæстæртæн. Кæд ын раарфæ кæнинаг дæ, уæд – йæ кæстæртæн.

Зæринæ, цы кæстæртæ дын ис, уыдоны хуртæй æфсæст у!

Дойаты Костя,
Бæтæхъойыхъæу

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here