Аллергийæ не ‘руадзыны къуыри

0
15

Июлы æстæм бон къæлиндары нысангонд у, куыд Аллергион низтимæ тох кæныны æппæтдунеон бон. Низыхатт не ‘руадзыны къуыри нæ республикæйы райдыдта 6 июлы æмæ ахæсдзæн мæйы дыууадæсæм бонмæ.

Зæххы къорийы цæрджытæй сæ фылдæрæн, ацы низ цы буаргъæдтæ расайынц, уыдон сæ иммунон системæйæн зиан нæ хæссынц, иннæтæн расайынц аллергикон низтæ. Буармæ куы бахауы, уæд сæ ныхмæ ныллæууы, антителатæ ‘взæрын кæнын райдайы. Дунейы сæдæгай милуан адæймаджы сты аллергион ринитæй рынчын,  300 милуаны та – астмæйæ. Ацы низтæ зынгæ февзæрдæр кæнынц пациенттæ æмæ сæ бинонты цард.

Низы ‘вдисæнтæ – тыхджын æхснырсæг, цæстысыг нæ уромы, буар рафады, адæймаг сæнæфæразгæ вæййы. Гæнæн ис, æмæ аллергенæй цардæн тæссаг уавæр дæр сæвзæра. Хъыгагæн, рынчынты нымæц фылдæргæнгæ цæуы, низ дарддæр зæххы къорийыл парахат кæны. Уæлдай арæхдæр расайы астмæ, æхснырсæг, уыдырны, буар рафады, хурхыуадындзтæ сæхгæнынц, хойраджы æмæ хостæй аллерги, саскы маргмæ аллергия, стæй цардæн иууыл тæссагдæр анафилактикон шок.

Куыдæй ис хи бахъахъхъæнæн дидинæг калын афон?   Фадат  куы нæ уа уыцы рæстæг уырдыгæй  æдас ранмæ ацæуынæн, уæд уын фæдзæхсæм: къаддæр цæут уынгмæ, æрдзы хъæбысмæ, уæ рудзгуытæ ‘хгæдæй дарут, пайда кæнут нырыккон уæлдæф сыгъдæггæнæн системæтæй, æрвылбон дæр цæрæнуат æфснайут хуылыдз хæцъилимæ, стæй уынгæй æрбацæуыны фæстæ хинайæны уæ сæрыхил æмæ буар доны цыхцырæгмæ ‘рыхсут.

Уæ зæрдæ уæхимæ куы фехсайа, аллергийæ мæм ис, зæгъгæ, уæд хи уæхæдæг сдзæбæх кæныныл ма архайут! Æрмæстдæр дохтыр – аллерголог-иммунолог рабæрæг кæндзæн, цæмæй фæзынынц низы бæрæггæнæнтæ, уый, æмæ равзары, цавæр хостæ ахадгæдæр уыдзысты сæ сисынæн, бацамоны, æрвылбоны цардыуаг куыд рацаразын хъæуы, стæй, цавæр хæринæгтыл хи атигъ кæнын хъæуы. Æнæнхъæлæджы улæфт куы сæхгæна, цæсгом æмæ ‘фцæг куы арæсийой, туджы æлхъывдад куы ‘рхауа, адæймаг куы бавзæр уа, уæд æвæстиатæй фæдзурын хъæуы тагъд медицинон æххуысмæ.

Уе ‘нæниздзинадмæ уæ хъус дарут æмæ ма уадзут аллергийæн царды фæтк халын!

Æхсæнадон æнæниздзинад æмæ
медицинон профилактикæйы  республикон центр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here