Къоста – адæмты поэт

0
27

Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы байгом цымыдисаг равдыст «Къоста – адæмты поэт».

Арæзт æрцыд музейы разамынд æмæ зонадон кусджыты иумæйаг хъæппæрисæй. Фенæн дзы уыд Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр»-ы нæ бæстæ æмæ дунейы адæмыхæттыты 20 æвзагмæ тæлмацгонд хицæн æмбырдгæндтæ. Ныр 87 азы дæргъы æфснайд сты музейы æвæрæнты. Равдысты фенæн уыд «Ирон фæндыр» лекъаг, ирон, уырыссаг, кæсгон, чувашаг, башкираг, белорусаг, англисаг, немыцаг, индиаг, цæцæйнаг, удмуртаг æмæ æндæр æвзæгтæм тæлмацтæ. Иуæй-иу чингуытæ дзы сæ тæлмацгæнджытæ алы азты лæвар кодтой сæрмагондæй Ирон литературæйы музейы кусджытæн. Ис дзы нæ ирон литературæйы зæрингуырдтæн лæваргонд æмбырдгæндтæ, тæлмацты авторты къухфыстытимæ. Равдыст цæттæгонд æрцыд дунеон литературон фестиваль «Ирон фæндыр»-ы кадæн. Ацы аз æй расидтысты нæ бæстæйы Адæмты иудзинады азы кадæн.

Равдыст гом кæныны кадджын æмбырды Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ ирон, уырыссаг, англисаг æмæ испайнаг æвзæгтыл аив кастысты Горæтгæрон районы Ногиры 1-æм астæуккаг скъолайы драмон къорд «Нартæ» æмæ ацы хъæуы Культурæйы галуаны сфæлдыстадон иугонд «Удæгас ныхас»-ы архайджытæ: Котолиты Мария, Мæргъиты Батырбег, Гасситы Сæрмæт æмæ Амелия, Плиты Мæдинæ, Ацæмæз, Ланæ, Гæбуаты Арианæ. Бацæттæ сæ кодта сæ аивадон разамонæг Тыбылаты Людмилæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here