Ссыгъдæг кодтой Терк æмæ Джызæлдоны былгæрæттæ

0
19

Цæгат Ирыстоны ацыд РусГидройы Къорды экологон проект «оБЕРЕГай»-йы 2026 азы кæронбæттæны къæпхæн. Бархионтæ ссыгъдæг кодтой Терчы былгæрæттæ Дзæуджыхъæуы алыварс æмæ Джызæлдоны былгæрæттæ Хъобаны хъæумæ хæстæг. Куыстыты архайдтой Республикон физикон-математикон лицей-интернаты хъомылгæнинæгтæ æмæ Мичурины хъæуы астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ.

Терк æмæ Джызæлдоны былгæрæттæ Цæгат Ирыстоны туризм æмæ фæлладуагъды хъуыддаджы уæлдай ахсджиагдæр бынæттæ сты. Азæй-азмæ фылдæр кæны ацы бынæттæм улæфынмæ æрбацæуæг адæмы, æмæ уыдонимæ быроны нымæц дæр: арæх сæ бырæттæ бамбæхсынц къудзиты, уый та ноджы зындæр кæны æфснайджыты куыст. Рæстæг куы рацæуы, уæд сæ дзæкъултæ ныппырх вæййынц, æмæ бырæттæ ноджы арфдæр мæры ныссæдзынц. Афтæмæй дзы сæвзæры бырæтты цалдæр фæлтæры.

Цалдæр сахатмæ бархионтæ сæмбырд кодтой æмæ полигонмæ раласынмæ бацæттæ кодтой 83 голладжы. Доны былгæрон пыхсыты скъоладзаутæ ссардтой спортивон æрдыны æртæ фаты.

– Ацы акци ахсджиаг у республикæйы экологи бахъахъхъæнынæн æмæ фæсивæды раст хъомыладæн: сывæллæттæ сæхи къухтæй сыгъдæг кæнынц, сæ райгуырæн зæххыл цы цæугæдæттæ цæуы, уыдоны былгæрæттæ. Мах курæм нæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæй, цæмæй æрдзы сыгъдæгдзинадæн аргъ кæной, – загъта Мичурины скъолайы директор Гаглойты Бэллæ.

Æдæппæтæй 2026 азы Цæгат Ирыстоны ацыд экологон проект «оБЕРЕГай»-йы 2 къæпхæны. Бархионтæ зиу сарæзтой Горæтгæрон районы æмæ сæмбырд кодтой, адæймаг йæ фæстæ кæй ныууадзы, ахæм бырæтты 1000 килæйы. Проект арæзт у цæугæдæтты былгæрæттæ æмæ æндæр донуæтты алыварс ссыгъдæг кæнынмæ, уыимæ, РусГидро, муниципалон скондтæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ студентты бархионты æххуысæй дзы дидинджытæ æмæ бæлæстæ ныссадзынмæ.

 Хъойбайты Галинæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here