Æргом ныхас – комкоммæ эфиры

0
4

РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд амыдта
республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Ныхас дзы цыд республикæйы æдасдзинад æмæ æвирхъау цаутæ ма ’руадзыны фарстатыл. Æмбырды ма архайдтой министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, муниципалон районты сæргълæуджытæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Томайты Ирбег фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр:

– 21 ноябры Дзæуджы-хъæуы Курсанттæ Кировæгты уынджы хæдзæрттæй иуы срæмыгъта æрдзон газ. Фыдбылызы бынатмæ фæтагъд кодтой Уæрæсейы Æнæнхъæлæ-джы уавæртæ æмæ тагъд æххуысы службæтæ. Хæлд æрцыдысты 40 фатеры бæрц, 4 бинонтæ  баззадысты æнæ цæрæнуæттæй, иу адæймаджы уæззау уавæры аластой рынчындонмæ, дыууæ адæймаджы дзы, хъыгагæн, фæмард сты.

Сергей Меняйло æрдзон газдæттæг организаци-йæн бафæдзæхста карздæр цæстæй кæсын, æнæзакъонæй газы хæтæлтæ чи баиу кæны, уыдонмæ, æмæ фатертæм æрдзон газ цы хæтæлыл цæуы, уый тъæфой сæхгæнын.

– Ацы аз газы аххосæй ныр фæндзæм фыдбылыз æрцыд. Æнæзакъонæй газæй чи пайда кæны, уыдоны хъæуы сбæрæг кæнын. Ахæм адæмы аххосæй æрцæуынц фыдбылызтæ. Кæд фатермæ бацæуæн нæй, уæд уемæ акæнут участочы пъæлицæйæгты, æмæ уыдонимæ байгом кæнут дуæрттæ, – загъта республикæйы разамонæг.

– Регионы сæрмагонд службæтæ архайынц æрвылбоны цæттæдзинады уавæрты. 16 ноябрæй 22 ноябрмæ ахуыссын кæнын бантыст 16 зынгсирвæзты. Цæгат Ирыстоны автоинс-пекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 109 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 29 адæймаджы. Дыууæ адæймаджы дзы фæмард сты. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты æппæт автотранспорты хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл элект-ронон рады æнхъæлмæ кæсынц 661 уæзласæн автотранспортон иуæджы, 518 та – сæрмагонд бынæтты. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл къуырийы дæргъы дыууæрдæм ахызтысты 22480 автотранспортон иуæджы æмæ 48615 адæймаджы, – фехъусын кодта Томайы-фырт.

Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ 16 ноябрæй 22 ноябрмæ республикæйы æрцыд 140 фыдракæнды. Раргом кæнын дзы бантыст 81. Дзæуджыхъæуы цалдæр ахуыргæнæндонмæ ивгъуыд къуыри æбæрæг фыдгæнджытæ барвыстой хъусынгæнинæгтæ террористон акты тыххæй. Хъусынгæнинæгтæ мæнг кæй уыдысты, уый барадхъахъхъæнæг оргæнтæ сбæрæг кодтой. Дарддæр цæуынц слæстгæнæн мадзæлттæ.

«Роспотребнадзор»-ы регионалон хайады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. Ахуыргæнæндæттæ æмæ рæвдауæндæтты алы райсом дæр бæрæггонд цæуы сывæллæтты æнæниз-дзинад. Ног коронавирусон инфекци разынд æхсæз адæймагмæ.

Регионы разамонæг  Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады админист-
рацийы сæргълæууæг Хъараты Тимурæн бафæдзæхста, Хетæгкаты Къостайы номыл Централон парчы цы ног фонтан байгом, уым видеокамерæтæ сæвæрын æмæ йæ алыварс куыстытæ дарддæр баххæст кæнын.

РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныр республикæйы ис 2594 тоннæйы бензин æмæ 2385 тоннæйы дизелы артаг. Ноджы ма фæндагыл сты 2100 тоннæйы бензин æмæ 1086 тоннæйы дизелы артаг.

Республикæйы раза-монæг профилон ведомствæтæн бафæдзæхста, цæст дарын, цæмæй ног азы къæсæрыл алыхуызон рæмудзæн æрмæджытæ æнæзакъонæй уæйгонд ма цæуой.

Республикæйы Сæргълæууæг ма фехъусын кодта, 26 ноябры видеобастдзинады фæрцы комкоммæ эфиры кæй фембæлдзæн нæ республикæйы цæрджытимæ.

– Мæнæн уый хорз фадат у комкоммæ уемæ аныхас кæнынæн, фехъусын уæ фарстытæ æмæ уæ хъуыдытæ, абон нæ регионы цæрджытæн ахсджиаг цы у, уый базонынæн, – фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here