Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъараты Тимур йæ куысты фыццаг бон райдыдта горæты уынгты уавæр бæрæг кæныны хъуыддагæй. Уый фистæгæй зылдис æмæ кастис, кæм цавæр лыггæнинаг фарста сæвзæрд, уымæ. Мэрийы пресс-службæйы куыд радзырдтой, афтæмæй, ахæм бæрæггæнæн куыст ныр рæстæгæй-рæстæгмæ уыдзæн æппæт муниципалон службæты разамонджытæн дæр.
– Горæты бюджеты гæнæнтæ къуындæг сты, æмæ уал райдайдзыстæм, цæрджытæн хæрзвадат уавæртæ чи дæтты, ахæм хуымæтæг хъуыддæгтæй. Фыццаджыдæр нæ сбæлвырд кæнын хъæуы, абон срастгæнæн цæмæн ис, æвæстиатæй архайын кæуыл нæ хъæуы, уыцы æххæстгæнинаг фарстатæ, – загъта Хъараты Тимур.
Администрацийы сбæрæг кодтой, рæстæгæй-рæстæгмæ инспекцион бæрæггæнæн куыст кæй у нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы бахæсгонд хъуыддаг. Хъарайы-фырты фыццаг боны маршрут райдыдта Ирон театры скверы Хетæгкаты Къостайы цырты цурæй æмæ кæронмæ ахæццæ Хæххон-металлургон техникумы æмдзæрæны онг. Бæрæггæнæн куысты рæстæг бирæ лыггæнинаг хъуыддæгтæ рабæрæг – саст бордюртæ æмæ къæпхæнтæ, æнæфснайд бырондæтты контейнерты фæзтæ, æрлæууæн бынæттæ æмæ æнæкарст хус кæрдæг. Хицæнæй Хъараты Тимур йæ цæст æрдардта Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты æмдзæрæны æдзæллаг уавæрмæ. Мэры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг бахæс кодта институты разамындмæ курдиат ныффыссын, цæмæй объект æмбæлгæ санитарон-техникон уавæрмæ рацаразой.
Йæ бæрæггæнæн куысты хатдзæгтæм гæсгæ уынаффæ рахаста горæты сквер æмæ цъæхвæлысты бынæттыл ревизи скæнын. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивджытæ æмæ горæты районты префекттæн хæсгонд æрцыд фистæгæй æрзилын амынд бынæттыл, лыггæнинаг фарстатæ дзы сбæрæг кæнын æмæ сæ банывыл кæныны архайды фæдыл сæ хъуыдытæ æмбырды боны фæткмæ рахæссын.
Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы пресс-службæ














