Цӕрӕнуӕттӕ ӕмӕ горӕты алфамбылай

0
500

Цӕрӕнуӕттӕ ӕмӕ горӕты алфамбылаимӕ баст национ проект ма ӕххӕссы кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй адӕмы ног бынӕттӕм раивын ӕмӕ горӕты алфамбылай сфӕлгонц кӕныны программӕйыл. Цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй программӕтӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Фадзайты ӕхсарбег ӕмӕ цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министр Таматы Майрӕн ӕрзылдысты ӕмӕ федтой проекты фӕлгӕты арӕзт ӕмӕ фӕлгонцгонд объекттӕ. Дзӕуджыхъӕуы Тамайы-фырты, Дзӕрӕхохы-фырты ӕмӕ Станиславскийы уынджы цы кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕ ис, уыдонӕй ног фатертӕм 2019-2020 азты раивдзысты 54 бинонты. Программӕмӕ гӕсгӕ горӕты цы ног хӕдзӕрттӕ арӕзт цӕуы, уым дӕр фатертӕ ӕлхӕд ӕрцӕудзӕн. Программӕйӕн лӕвӕрд ӕрцыд дыууӕ азы, фӕлӕ йӕ сӕххӕст кӕнынмӕ  хъавынц ацы азы кӕрон.

Фадзайты ӕхсарбег куыд загъта, афтӕмӕй уый тыххӕй дарддӕр дӕр кусын хъӕуы  хъазуатонӕй. Уый хауы аразджытӕм дӕр ӕмӕ министрадмӕ дӕр. Горӕты  программӕйы руаджы 61 бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕ сӕ хуыз скалдтой. Ӕхсӕнадон фӕзтӕ та срӕвдз сты Кировы, Мӕздӕджы, ӕрыдоны районты. Ноябры ахӕм объекттӕ  байгом уыдзысты ӕрӕфы, Дыгуры, Рахизфарсы ӕмӕ Горӕтгӕрон районты. Хицӕн цӕстдард ис Хетӕгкаты Къостайы номыл Культурӕ ӕмӕ фӕлладуадзӕн парчы рацарӕзтмӕ. Ныртӕккӕ куыст цӕуы сӕрдыгон концертон фӕзы ӕмӕ йӕ алфамбылай.

Фадзайы-фырт куыд бацамыдта, афтӕмӕй фӕлгонцады проекты ис бирӕ ахсджиаг ӕмӕ цымыдисаг фӕзилӕнтӕ. Кӕмдӕр фӕбӕрӕг уыдзӕн раздӕры, советон парчы бакаст, ӕндӕр ран та фӕзындзӕн нырыккон ӕрмдзӕф. Азы кӕронмӕ цӕрджытӕ дӕр, республикӕйы уазджытӕ дӕр фендзысты парчы ног фӕлгонц.

Иринӕ Горбунова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here