Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабаз цы къӕпхӕнтӕй арӕзт у, уыдонӕн сӕ фыццаградон у тагъд ӕххуысы службӕ. Уый у ӕппӕт медицинӕйы бындур. Уымӕн йӕ куыст бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдауыл ӕххӕст кӕнынӕй аразгӕ у медицинӕйы иумӕйаг уавӕр. Ӕппынфӕстаг, тагъд медицинон ӕххуысы нывыл архайдӕй аразгӕ у ӕппӕт адӕмы ӕнӕниздзинад.
Нӕ республикӕйы «Тагъд медицинон ӕххуысы станцӕ» знон сбӕрӕг кодта йӕ юбилей — сӕххӕст ыл 95 азы. Уый фӕдыл Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры арӕзт ӕрцыд кадджын ӕмбырд.
Тагъд ӕххуысы службӕйы кусджытӕн зӕрдиаг арфӕ ракӕнынмӕ ӕрбацыд РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз.
— Тагъд ӕххуысы службӕ уыйбӕрц ахсджиаг у, ӕмӕ йын аккаг аргъ скӕнын тынг зын у. Нӕ республикӕйы тагъд ӕххуысы службӕйӕн йӕ бындурӕвӕрӕг уыдысты, сӕ нӕмттӕ дард кӕмӕн айхъуыстысты, ахӕм зындгонд дохтыртӕ — Хуызмиаты Хъауырбег, Гадзауты Виктор, Зембатты Альберт ӕмӕ иннӕтӕ. Уыдон сӕ удӕй арт цагътой, цӕмӕй республикӕйы фӕзына ӕмӕ нывыл кусын райдайа тагъд ӕххуысы службӕ. Ӕмӕ дзы абон дӕр кусынц сӕ аккаг фӕдонтӕ. Адӕймаг йе ‘нӕниздзинадӕй куыддӕр фӕтыхсы, афтӕ йӕ фыццаг скаст вӕййы тагъд ӕххуысмӕ, ӕмӕ, ӕхсӕв-бон не ‘взаргӕйӕ, рынчынмӕ фӕтагъд кӕнут. Уӕ размӕ абон ӕвӕрд ис стыр хӕстӕ, аххӕссын хъӕуы ног медицинон технологитыл, ног дзӕбӕхгӕнӕн мадзӕлттыл. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабаз хъуамӕ сисӕм ноджы бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ, уый тыххӕй республикӕ ӕххӕст кӕны национ проект «ӕнӕниздзинад». Республикӕйы Хицауады номӕй ӕмӕ уын мӕхи номӕй арфӕ кӕнын, уӕлдай арфӕйы ныхӕстӕ — ветерантӕн ӕмӕ, ныртӕккӕ йӕ куысты уӕлъхус чи ис, тагъд ӕххуысы уыцы кусджытӕн — дохтыртӕн, фелсыртӕн ӕмӕ шофыртӕн. Фарн ӕмӕ амонд — уӕ хӕдзӕртты, ӕнӕнизӕй ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй цӕрут бирӕ азты дӕргъы, — загъта Тускъаты Таймураз.
Уый фӕстӕ Хицауады Сӕрдар тагъд ӕххуысы къабазы хуыздӕр кусджыты схорзӕхджын кодта республикайы кады нысантӕй. Тагъд ӕххуысы къабазы бирӕ азты дӕргъы ӕнӕзӕрдӕхудт куысты тыххӕй РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыры кадджын ном лӕвӕрд ӕрцыд «Тагъд медицинон ӕххуысы станцӕ»-йы филиалы дохтыр Светланӕ Соколянскаяйӕн.
Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕджы Грамотӕйӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты «Тагъд медицинон ӕххуысы станцӕ»-йы филиалы дохтыртӕ Бигъаты Хъазыбег, Цопанаты Фатимӕ, Мӕхъиты Земфирӕ ӕмӕ фелсыр Алексей Рыбин.
РЦИ-Аланийы Парламенты номӕй тагъд ӕххуысы службӕйы кусджытӕн арфӕйы ныхӕстӕ загъта Парламенты социалон политикӕйы, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ ветеранты хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕрдар Реуазты Ларисӕ. РЦИ-Аланийы Парламенты Грамотӕйӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты: «Тагъд медицинон ӕххуысы станцӕ»-йы филиалы сӕйраг дохтыры хӕдивӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Калоты Аланӕ; хистӕр дохтыртӕ Беккуызарты Зинаидӕ, Богазты Иринӕ ӕмӕ Гуырцъыты Ритӕ; дохтыртӕ Сӕлбиты Аллӕ, Абайты Ритӕ ӕмӕ Цӕгӕраты Фузӕ; медицинон хо-анестезист Бӕдтиаты Фатимӕ ӕмӕ фелсыр Цӕлыккаты Надеждӕ.
РЦИ-Аланийы Хицауады Арфӕйы гӕххӕттӕй хорзӕхджын ӕрцыдысты: «Тагъд медицинон ӕххуысы станцӕ»-йы филиалы реанимацион бригадты дохтыртӕ Татьянӕ Алекперова, Аллӕ Макарова, Айларты Иринӕ; фелсыртӕ Байаты Альбинӕ ӕмӕ Бебпиты Альбинӕ.
Сӕ дӕсныдзинады ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт архайды тыххӕй йе ‘мкусджытӕн арфӕ ракодта республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерлан. «Алы бон дӕр уӕ куысты ӕмбӕлут зын ӕмӕ вазыгджын хъуыддӕгтимӕ, ӕмӕ, уыдон ӕххӕст кӕнгӕйӕ, ӕвдисут дӕсныдзинад ӕмӕ фӕлтӕрддзинад. Уый тыххӕй уын кӕнын арфӕ ӕмӕ зӕрдӕ ӕвӕрын, фарстытӕ лыг кӕнынӕй хицауадӕй цыдӕриддӕр аразгӕ у, уый ӕххӕст кӕй кӕндзыстӕм», — загъта министр ӕмӕ РЦИ-Аланийы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады Грамотӕйӕ схорзӕхджын кодта къабазы хуыздӕр кусджыты. Уыдон сты: «Тагъд медицинон ӕххуысы станцӕ»-йы филиалы дохтыртӕ Сихъоты Зӕлинӕ ӕмӕ Хъороты Изольдӕ; фелсыртӕ Адӕ Пятницкая, Иветӕ Яицкая, Еленӕ Ласкавченко, Сергей Голубев, Сохиты Ларисӕ ӕмӕ Байсонгъуырты Людмилӕ, шофыртӕ Багаты Витали ӕмӕ Геннадий Подопригора.
ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ
Къам систа КЪӔБЫСТЫ Харитон














