Хъаспийаг кӕфы 2236 лӕппыны ауагътой ӕрыдоны донмӕ. Ацы мадзал фадат дӕтты РЦИ-Аланийы кӕсӕгты нымӕц фӕфылдӕр кӕнынӕн. Хӕрз цыбыр рӕстӕгмӕ хъуамӕ ног уавӕртыл фӕцахуыр уой ӕмӕ сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕна.
Хъыгагӕн, ӕнӕрхъуыды адӕм арӕх пайда кӕнынц алыхуызон электрон кӕсагахсӕн фӕрӕзтӕй. Уый аххосӕй сӕфт цӕуы кӕф. Ныр ӕрдзхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕ сӕ цӕст дардзысты уыцы хъуыддагмӕ.
Ацы мадзал арӕзт ӕрцыд Ныгуылӕн-Хъаспийаг территориалон управлени «Росрыболовство», цӕгаткавказаг хайад «Главрыбвод» ӕмӕ ӕнӕххӕст бӕрнондзинады организаци «Владтрансстрой»-ы хъӕппӕрисӕй.
Кӕфы лӕппынтӕ ӕрыдоны донмӕ уагъд ӕрцыдысты компенсацион программӕйы фӕлгӕты. Цӕмӕй РЦИ-Аланийы цӕугӕдӕтты кӕсӕгты нымӕц фӕфылдӕр уа, уый тыххӕй арӕзт цӕуынц ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр.
«Главрыбвод»-ы цӕгат-кавказаг хайады хицауы хӕдивӕг Хуыгаты Игорь куыд загъта, афтӕмӕй ма афӕдзы кӕронмӕ Терчы донмӕ сӕ зӕрды ис ауадзын 50 мин кӕфы лӕппыны.
Хъойбайты Галинӕ














