Дзæуджыхъæуы æрбынæттонуæвæг Фæсивæдон туризм æмæ экскурситы республикон центры бындурыл байгом сæрмагонд ахуырадон домæнтимæ сывæллæттæн Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг адаптацигонд скалодром.
Агъуысты мидæг чи ис, уыцы амынд скалодром хъæугæ дзаумæттæй æххæстæй ифтонггонд у. Æвзонг спортсментæн бацæттæ кодтой ахуырады сæрмагонд программæ. Ахуырад амонынц адаптивон спортæй дæсны инструктортæ.
Фæлтæрдджын зондамонæджы æххуысæй дыууадæсаздзыд Роберт къæпхæнгай скалодромы цъупмæ схизы. Лæппуйæн, ахуырадмæ æрбацæуæг, йæ мад дæр æххуыс кæны. Сæрмагонд къласы чи ахуыр кæны, дохтыртæ уыцы Робертмæ рабæрæг кодтой атипикон аутизм. Лæппу кæмæ бæллыд, ныртæккæ йын ис спорты ахæм хайады архайыны фадат.
Дæллаг Новгороды ахуырадон курсытæ каст чи фæци, уыцы цыппар фæлтæрдджын инструкторы сæрмагонд ахуырадон домæнтимæ сывæллæттæн амонынц кæнгæ къæдзæхтæм схизыны фæткы лыстæг фæзилæнтæ. Æвзонг спортсментæн кæй бацæттæ кодтой, ахуырады уыцы æвæджиауы фæтк сын цыфæнды вазыгджын маршрутыл æдасдзинадæн зæрдæдарæнтæ аразы.
– Скалодром саразыны фæндон бахаста нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Арæзтадон куыстытæ баххæст кодтам национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы фæрæзты хардзæй. Скалодром нымайын ахсджиаг социалон æмæ реабилитацион объектыл, – зæгъы нæ регионы ахуырады министры хæдивæг Габеты Вадим.
Скалодром арæзт у 6-14-аз-дзыд сывæллæттæн. Ныридæгæн ардæм тренировкæтæ кæнынмæ цæуыны фæндскæнæг фæсивæд фæзындысты. Ахуырад цæуы лæвар. Ног объекты фæрцы сæрмагонд спортсментæн уыдзæн сæ гæнæнтæ раргом кæныны фадат.
Хъалæгаты Надеждæ














