Адæмы фæрныгадыл кусын хъæуы

0
326

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Цæгат Ирыстоны Парламенты ног равзæрст Сæрдар Тускъаты Таймуразимæ.

Парламенты Сæрдарæн арфæ ракæнгæйæ, Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй хъуамæ йæ ног бынаты Тускъайы-фырт æнтыстджынæй куса. «Иумæ нæ цы нысантыл бацархайын хъæудзæн, уыдон уæлæнгай   схонæн нæй, фæлæ сæ саразынæн фадæттæ ис. Ног æвзæрст депутаттæ æвзарджыты æууæнкæн дзуапп ратдзысты, республикæйы рæзтæн гæнæнтæ скæндзысты», — загъта Сæргълæууæг.

«Кæй мыл схъæлæс кодтой, уымæй разы дæн, бузныг. Нысантæ æмбæрстгонд сты, разæй нæм бирæ куыст æнхъæлмæ кæсы. Нæ республикæйы рæзтыл, адæмы фæрныгадыл кæй бацархайдзыстæм, уый мæ уырны», — ахæм уыд Тускъаты Таймуразы дзуапп.

Сусæг хуызы хъæлæс кæнгæйæ, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдарæй æвзæрст æрцыд Тускъаты Таймураз. Ног равзæрст Парламенты размæ лæууы фидæнмæ бюджет саразын, бюджетон политикæ сбæрæг кæнын. Цæрджыты раз сæ социалон хæстæ кæй æххæст кæндзысты, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды кæй уадздзысты, уый дæр Тускъаты Таймураз бафиппайдта.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here