РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дзанайты Барис цы æмбырд скодта, уым ныхас цыд артаджы-энергетикон комплекс, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад 2026-2027 азты зымæгмæ бацæттæ кæнын æмæ цæрæнуæттæм цæстдард саразыныл.
Æмбырды архайдтой æппæт бæрнон ведомствæты разамонджытæ, «Ростехнадзор»-ы, фæрæзтæдæттæг организациты минæвæрттæ, районты разамынд. Дзанайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ хъармдæттæн афон æнæкъуылымпытæй ахицæн уа.
«Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады ведомствæйы, «Газпром»-ы, «Россети»-йы руаджы стыр куыст конд æрцыд. Æппæт хъуыддæгтæм «Ростехнадзор»-имæ иумæ нæ цæст дарæм. Сæйрагдæр хæстæй иу у, цæмæй æппæт нысантæ дæр æххæстгонд æрцæуой. Хъуамæ цæрæнуатон-коммуналон комплекс æнæкъуылымпытæй бакуса. Ахæм хæс ныл æвæры нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло», – загъта Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг.
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады ведомствæйы хицауы хæдивæг Бокоты Витали куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй комплекс зымæгмæ цæттæ у 100 проценты онг. Бацæттæ кодтой 250 агдоны, хъармдæттæн хызты 250 километры, доны хæтæлты 3,5 мин километры. Цавæрдæр къуылымпытæ аиуварс кæныны тыххæй фæстауæрц сæвæрдтой материалон-техникон фæрæзтæ. Куыстмæ цæттæ сты аварион бригадтæ, электрон тыхы фæстауæрцы гуырæнтæ дæр рæвдз сты.
Бокойы-фырт куыд фехъусын кодта, афтæмæй «Газпром межрегионгаз Владикавказ» зымæгмæ цæттæ у 100 проценты бæрц, «Россети Цæгат Кавказ» та – 90 проценты бæрц. Дарддæр ныхас рауад цæрæнуæттæм цæстдард саразыныл. Республикæйы ис 2953 бирæфатерон хæдзары, сæ фылдæримæ нырмæ цæттæдзинады акттæ бафыстæуыд. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы амынддзинадмæ гæсгæ, 1223 бирæфатерон хæдзары та сбæрæг кодтой зынгсирвæзтæй æдасдзинад. Суанг хæдзæртты цартæ æмæ ныккæндты онг.
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады ведомствæйы хицауы хæдивæджы ныхасмæ гæсгæ, 930 ныккæнды ныссыгъдæг кодтой, иннæ ныккæндты куыст цæуы. Æппæт ацы хæдзæрттæ сты разамынддæттæг компаниты бæрны, фæлæ сæ комкоммæ хæстæ не ‘ххæст кæнынц. Ныртæккæ уыцы компаниты ныхмæ мадзæлттæ арæзт цæуы.
Дзанайы-фырт кæронбæттæны куыд радзырдта, афтæмæй зымæгмæ цæттæ кæныны куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæнын хъæуы, хъуамæ районтæ цæрæнуæттæм цæстдарды организаци æмæ «Ростехнадзор»-имæ иумæ æппæт нысантæ æххæст кæной.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














