Нæ фыдæлты чырыстон истори

0
208

«Аланты æмæ дунейы чырыстон диныл хæст адæмты историон æмæ культурон бастдзинæдтæ», ахæм темæйыл æппæтадæмон наукон конференци арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны Гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты.

Аланыстоны саргъуыды 1100 азы юбилей чырыстон æхсæнадæн стыр бæрæгбон у. Афæдзы дæргъы бирæ кадджын мадзæлттæ конд цыдис, рагон чырыстон объекттæ цалцæггонд цыдысты, культурон-рухсадон акцитæ, равдыстытæ цæттæ кодтой.

Цымыдисаг рауад наукон конференци дæр. Йæ куысты архайдтой ахуыргæндтæ, политиктæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, дины кусджытæ, ахуырдзау фæсивæд.

Кавказы Аланты рагон паддзахады чырыстонады историмæ ноджы парахатдæрæй æркæсын, дины культурæйы, историйы, наукæйы фарстатæм æргом раздахынæн стыр ахъаз уыдзæн ацы фембæлд.

Конференцийы сæйрагдæр ныхас цыд Аланыстоны саргъуыды историйыл. Уый тыххæй æмбырды архайджытæн цымыдис доклад скодта профессор, педагогон наукæты доктор Цæллагты Зариффæ.

Дæсæм æнусы райдайæны, ирæттæ фыццаг хатт базонгæ сты чырыстон уырнондзинадимæ. Тæтæр-манголты ныббырсты фæстæ фæмынæг ис дин. Ныхас цыдис фыццаг национ дамгъуатыл, Уæрæсеимæ баиудзинад æмæ æндæр фарстатыл.

Конференцийы ма ахсджиаг темæтыл раныхас кодта философон наукæты доктор Дадианаты Тамарæ. Фæндон бахаста, цæмæй Ирыстоны цырт сæвæрой Владимираг Цытджын Мария Ясыняйы кадæн.

Нæ фыдæлты историйы ахсджиаг цау рохуаты кæй нæ баззад, уый та абон не ‘ппæтæн дæр тынг æхсызгон у.

Æмбырды архайджытæ ма æрныхас кодтой бирæ ахсджиаг фарстатыл.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here