Рацыд ног киноныв «Зæронд цæргæс» («Старый орел»)

0
15

Йæ режиссер æмæ продюссер Бадзиаты Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй кинонывы æвдыст цæуы, хæххон хъæутæ сæфтмæ кæй цæуынц æмæ æдзæрæг кæй кæнынц, уый. Фæлæ æрмæст уый нæ. Ныхас цæуы адæймагæн йæ ныййарджытæ æмæ чысыл райгуырæн бæстæимæ бастдзинадыл. Режиссеры хъуыдымæ гæсгæ, хуыздæр цард æмæ бæрзонд нысантæ агурыны охыл адæймаг, стыр горæттæм афтгæйæ, адард вæййы йæ уидæгтæй, скъуынынц райгуырæн зæххимæ йæ бастдзинæдтæ.

– Мæн фæнды, цæмæй ацы кинонывмæ бакæсой, хуыздæр цардагур йæ райгуырæн хъæутæй чи ацыд, уыдон, æмæ сæ зæрдыл æрæфтой сæ зæронд ныййарджытæ, æмæ сæм телефонæй уæддæр бадзурой, – зæгъы Бадзиаты Таймураз.

Киноныв ист æрцыд бинонты комедийы хуызы. Стæй йæ истой, бæрзонд хæхты чи æрбынат кодта, уыцы хъæу – Уæллаг Зджыды. Продюссертæй кинонывæн ныллæууыдысты не ‘мзæххонтæ Бадзиаты Таймураз æмæ Цæллаты Давид. Сæйраг роль ахъазыд Цæгат Ирыстоны адæмон артист Хъараты Алик, уымæй уæлдай дзы хъазынц уæрæсейаг актертæ Павел Деревянко æмæ Надежда Михалкова.

Йæ сюжетмæ гæсгæ кинонывы æвдыст цæуы, хæххон хъæуы ма цæргæйæ чи баззад, уыцы адæймаджы истори. Уый йæ тых-йæ бонæй архайы, йæ райгуырæн чысыл хъæу бынтон цæмæй ма фесæфа, ууыл.

Бадзиаты Таймуразы ныхасмæ гæсгæ, кинонывмæ чи бакаст, уыдоны зæрдæмæ фæцыд.

– Премьерæ ацыд æнтыстджынæй, æмæ ныр дæр ма киноныв цæуы Уæрæсейы кинотеатрты, – зæгъы режиссер. Стæй ма йæ ныхасыл æфтауы, ахæм киноныв саразын хъуыды йæм кæй фæзынд, йæхæдæг йæ алыварс цы нывтæ уыдта, уыдонмæ кæсгæйæ. Таймураз йæхæдæг кæд Мæскуыйы цæры, уæддæр рæстæгæй-рæстæгмæ бабæрæг кæны йæ райгуырæн Ирыстон. Æмæ ахæм балцыты рæстæг йæхи цæстæй уыдта, чысыл хъæутæ æдзæрæг куыд кæнынц, уый. Уыцы нывтæ йæ зæрдæмæ тынг арф иста, афтæмæй йæм райгуырд киноныв саразыны хъуыды. Уыимæ, Бадзиайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, хъæуты æдзæрæгдзинады сагъæссаг уавæр фенæн ис æппæт Уæрæсейы дæр. Фæлæ абон арæхæй-арæхдæр бæрæг дары, хъуыддаг кæй ивы, уый дæр – адæм, стыр горæтты тыхцардæй бафæллайгæйæ, гыццылгай здæхын райдыдтой сæ райгуырæн бынæттæм, сæ фыдæлты зæххытæм.

– Хъæуты цард æвзæр у, зæгъгæ, афтæ зæгъæн абон нæй. Бирæты фæнды горæты цард æрдзы хъæбысы сабыр цардыл баивын, фæнды сæ, цæмæй сæ сывæллæттæ хъомыл кæной сæ бабатæ æмæ нанаты раз, – зæгъы Таймураз.

Киноныв исгæйæ, тынгдæр цавæр зындзинæдтæ æвзæрстат, зæгъгæ, ацы фарстæн æм ис дзуапп:

– Хæххон уавæрты кусын æнцон нæу. Хæхтæ адæймагæй бирæ цыдæртæ домынц, æмæ уыцы домæнтæн дзуапп раттынмæ адæймаг хъуамæ уа цæттæ. Быхсын хъуыд уæд – уазæлттæн, уæд – æгæр тæвдæн, уæд – дымгæтæн. Фæлæ хæхтæн сæ рæсугъддзинад уыд алцæмæй дæр диссагдæр, æмæ нæ уый разæнгард кодта.

Куыд загъта, афтæмæй кинонывы хъазынц куыд ирон актертæ, афтæ уæрæсейаг зындгонд актертæ дæр. Уыимæ, бафиппайдта, киноныв исыны рæстæг сын зæрдиаг æххуыс кæй кодтой бынæттон цæрджытæ.

Ацы ныхасыл ма бафтауæм, киноныв «Старый орел»-мæ кæсын кæй хъæуы æнæмæнг стыр экраныл. Уымæн æмæ кино хицæн кæны, Ирыстоны алæмæты æрдзы егъау нывтæ дзы диссаджы рæсугъдæй æвдыст кæй цæуынц, уымæй.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here