Паддзахадон Думæйы æвзæрстыты æвзарæн бюллетены рад

0
14

Хæлттæ æппæрстой Центрон æвзарæн къамисы. Уым архайдта «Иугонд Уæрæсе»-йы фарсхæцджыты Центрон советы президиумы уæнг, сенатор, Уæрæсейы Хъайтар Александр Карелин. «Æвзæрстыты рæстæг сæйрагдæр у уагæвæрдтæ æххæст кæнын, æууæнкджынæй æппæт хъæугæ хъуыддæгтæ дæр саразын æмæ, адæм растыл кæй банымайой, ахæм бæрæггæнæнмæ æрцæуын. Адæмимæ кусгæйæ – домаг дæ куыстæй, дæхицæй æмæ бæрнонæй баззайын», – фидарæй зæгъын уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, политикон тохы сæйрагдæр у, æвзарæн бюллетены парти кæцы рæнхъы фыст æрцыд, уый нæ, фæлæ æууæнкдзинад æмæ бæрнондзинад адæмы раз.

«Иугонд Уæрæсе»-йы Уæлдæр Советы уæнг, Уæрæсейы Хъайтар (йæ фæсномыг – «Струна») Владислав Головин фæбæрæг кодта, зæгъгæ, партийы программæйы мидисджындæр хай сты, бынæтты адæмимæ кусгæйæ, йæ къухы цы бафтыд, цавæр хъуыддæгтæ сарæзта, уыдон бюллетены кæцы бынат ахсы, уый нæ, фæлæ.

«Æз фæархайын ленк кæныны ерысты æмæ уым сæйрагдæр кæцы фæндаджы хаххыл ленк кæнай, уый нæу, фæлæ цавæр бæрæггæнæн равдисай, уый. Мах бæстæйы рæзты Адæмон программæ аразæм, Уæрæсейы цæрджытæ цы домæнтæ æвæрынц æмæ цæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыцы фæндæтты бындурыл. Æмæ æппæты сæйрагдæр та у, нæ куысты тыххæй адæмы раз бæрнондзинад кæй хæссæм», – загъта уый.

Кандидаттæй федералон номхыгъды регистрацигонд чи ‘рцыд, уыдонæй хæлттæ ‘ппаргæйæ, архайдтой 11 политикон партийы.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Мæскуыйы 28 июны Уæрæсейы Президент Владимир Путин дæр кæм архайдта «Иугонд Уæрæсе»-йы XXIII уыцы съезды фыццаг къæпхæны парти Паддзахадон Думæйы IX равзæрстмæ кандидаттæ снысан кодта 600 адæймагæй фылдæр.

«Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат Ирыстоны регионалон хайады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here