Сабырдзинад тауы дины руаджы

0
18

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло  зæрдиаг  арфæтæ ракодта,  Дзæу-джыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ (алчер) Фыд  Герасимæн йæ 55 азы юбилейы фæдыл.

Нæ республикæйы разамонæг  стыр аргъ скодта дины лæджы  куыстæн, Цæгат Ирыстоны хæрзæгъдау æмæ фæткæвæрыны  Герасимæн бирæ хорз хъуыддæгтæ кæй æнтысы, уый тыххæй. Стыр куыст ма кæны Аланийы чырыстон бынтæ бахъахъхъæныныл дæр. Сергей Меняйло  зæрдыл æрлæууын кодта, архиепископы ахъаззаджы архайдæй  нæ республикæйы кæй цыдысты цымыдисаг мадзæлттæ Аланийы аргъуыды 1100 азы кадæн.

– Моладзандоны царды рæзтæн, чырыстон ахуырадæн,  сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн  хорз æххуыс бакодтай. Дæ хъарутæ æмæ зондæй Алайнаг сыгъдæг удты  аргъуан дины закъонмæ гæсгæ, фидаргонд  æрцыд иннæ аргъуанты æмрæнхъ. Уымæй уæлдай, дарддæр тæлмацгонд цæуы «Священное Писание» кæй хонынц, уыцы чиныг ирон æвзагмæ. Хицæнæй зæгъдзынæн уый дæр, æмæ нæ бирæнацион республикæйы алы адæмты ‘хсæн сабырдзинад æмæ хæлардзинад  тауыныл архайыс, æмæ уый æнцон æмæ хуымæтæг куыст кæй нæу, – загъта Сергей Меняйло.

Нæ республикæйы Сæргълæууæг архиепископæн ратта РЦИ-Аланийы «Кады гæххæтт»  æмæ къухылдаргæ сахат.

 Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here