Рафыссыны афон райдыдта

0
14

Иннæ азы фыццаг æмбисæн газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны афон кæй райдыдта, «Уæрæсейы пост» уый тыххæй хъусын кæны.

1 сентябрæй фæстæмæ, республикæйы посты хайæдтæм бæцæугæйæ, адæймагæн ис чысыл хъуагæй 6000 газет æмæ журналы рафыссыны бар. Амынд фæндонæй спайда кæнæн ис посты æппæт хайæдты, сайты, «Уæрæсейы пост»-ы мобилон уæлæфтуаны, стæй, терминалты æххуысæй газеттæ æмæ журналтæ рафыссынæн фадæттæ чи аразы, уыцы постхæсджытæм. Газеттæ æмæ журналтæ онлайн уагæй чи рафыссы, уыцы адæймæгтæн ис хъæугæ газет кæнæ журнал номмæ, рафысты индекс, темæ, алфавит, науæд интерестæм гæсгæ равзарыны фадат (газет кæнæ журнал рафыссыны хъуыддагыл ацæудзæн æрмæст цалдæр минуты).

Уымæй уæлдай, посты хайадмæ бацæуæг адæймагæн ис скъолатæ-интернатты ахуырдзаутæн, сидзæрдæтты цæрæг сывæллæттæн, ветерантæн, ацæргæ сыхæгтæ, зæрæдты хæдзæртты цæрæг инвалидтæ кæнæ цыфæнды æххуысхъуаг адæймагæн газеттæ æмæ журналтæ хæрзаудæн уагæй рафыссыны бар. Ацы хъуыддаг баххæст кæнынæн адæймаджы хæс у, газет кæнæ журнал кæмæн рафысдзысты, посты хайадмæ бацæугæйæ, кæнæ акци «Дерево добра»-йы фæрстыл ахæм регион æмæ социалон кусæндоны адрис равзарын.

Наталия Руденко

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here