Ног хицауад: лыггæнинаг фарстатæ, нысантæ. Икъаты Русланбег

0
1206

Ракæ-бакæйæн рæстæг нæй —хъæуы кусын

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министрæй нысангонд æрцыд Икъаты Русланбег. Экономист æмæ юристы дæсныйады уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ Русланбег кусын райдыдта æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «РОРО»-йы генералон директорæй æмæ дзы бакуыста æвддæс азы. 2014 азæй фæстæмæ та куыста æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Корпорация-Регионстрой»-ы генералон директорæй. Нæ уацхæссæгимæ сын рауад ахæм ныхас:

— Русланбег, бирæ дын бантысæд дæ ног бынаты. Цавæр ахсджиаг фарстатæ æрæвæрдтат уæ размæ æмæ сæ куыд æххæст кæндзыстут?

Арæзтады къабазы нæ размæ цы куыстытæ райдыдтой, уыдоны æрдæгыл уадзæн нæй. Иугæр хæдзарæн йæ бындур æвæрд æрцыд, уæд ын кæронмæ æнæ саразгæ нæй. Арæзтадæн нæй фæстæмæ æргъæвæн дæр, уымæн æмæ уæд æдзæллагдæр кæны. Кæд ыл йæ уæлвæд иу сом хардз фæхъæуы, уæд рæстæг куы рацæуа, уæд та йыл хардз кæнын бахъæудзæн 10-15 хатты фылдæр. Уымæ гæсгæ ракæ-бакæйæн нæй рæстæг — хъæуы кусын. Нæ размæ цы нысантæ лæууы, уыдонимæ ис, кæронмæ бакусын кæуыл хъæуы, ахæм цалдæр программæйы. Уыдонимæ сты программæ «Цæрæнуæттæ Уæрæсейаг бинонтæн», стæй, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины майы Указты цæрæнуæтты политикæмæ цы фарстатæ хауы, уыдон. Кæд æнцон нæ уыдзæн сæ сæххæст кæнын, уæддæр афтæ хъуыды кæнын, æмæ уый æнтыстджынæй бафтдзæн нæ къухы, зæгъын мæ фæнды уый дæр, æмæ раздæры министр Алидзаты Хъазыбег, тынг бирæ сарæзта уыцы хъуыддæгты æмæ мах дæр архайдзыстæм уыцы æмвæзад дæлдæр не ‘руадзыныл.

Нæ дарддæры куысты зындзинæдтæ баст сты, бюджеты æхцатæ кæй нæ фаг кæны, уыимæ. Фæлæ архайдзыстæм. Лæг амалæн у фæзæгъынц.

Республикæйы Сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан ног министртæн радта рæстæг иу аз. Афæдзмæ хъуамæ алчидæр равдиса, йæ бон разамынд дæттын куыд у, йæ нысантæ куыд сæххæст кæндзæн, йæ къухы цы бафтдзæн, уыдæттæ. Уымæ гæсгæ рæстæг нæй — хъæуы кусын.

Иугæр дыл баууæндыдысты ахæм ахсджиаг къабазæн разамынд дæттын, уæд хъуамæ дæ хъарутыл ма бацауæрдай.

Арæзтад æцæгæй дæр, ахæм ахсджиаг къабаз у, æмæ дзы лыстæг хъуыддæгтæ æппындæр нæй. Мæн æмæ кæимæ кусын, уыдон бахъæудзæн бирæ æнæлыггонд фарстатæ хынцын. Рæстæг хуымæтæг нæу. Хуымæтæг не сты куысты уавæртæ дæр. Бахъæудзæн нæ нæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ цæрæнуæтты политикæйы райрæзтыл кусын, сывæллæтты рæвдауæндæттæ аразын, цæрæнуæтты программæ æххæст кæнын, горæты архитектурæ аивдæр кæнын. Уæрæсейы Президенты æмæ нæ республикæйы Сæргълæууæджы Указтæ æххæст кæнын нæхицæн нымайæм сæйраг хæсыл æмæ сæ æххæст кæндзыстæм зæрдиагæй.

— Хуымæтæг адæмимæ, республикæйы цæрджытимæ та куыд араздзыстут уæ ахастдзинæдтæ?

Нæ хъус дардзыстæм республикæйы цæрджыты фæндонтæм, хуымæтæг адæмæй нын хорз уынаффæ чи бакæна, уыдон дæр нæ иуварс кæндзыстæм. Адæммæ цас хæстæгдæр лæууæм, уыйбæрц нæ рæдыдтытæ дæр хуыздæр æмбардзыстæм æмæ сæ сраст кæнынæн дæр къаддæр рæстæг хъæудзæн.

Нысангонд сæрмагонд бонтæ æмæ сахæтты алы адæймаджы бон дæр уыдзæн æрбацæуын æмæ фембæлын мемæ. Цы фæрстытæ сæм сæвзæра, уыдон бафæрсын æмæ сын дзуапп райсын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æдзухдæр цæттæ уыдзынæн газеткæсджыты ахсджиаг фæрстытæн дæр дзуапп дæттынмæ, семæ ныхас кæнынмæ. Гæнæн ис, æмæ иудадзыг æмхуызон ма хъуыды кæнæм иу кæнæ иннæ фарстайы фæдыл. Фæлæ куыд фæзæгъынц, бæстон ныхас цы хъуыддагыл æрцæуа, уым рабæрæг вæййы æцæгдзинад æмæ уымæ дæр цæттæ стæм. Нæ хъуыддæгтимæ æдзухдæр базонгæ уæвын уыдзæн, Интернеты нын цы сайт ис, уым. Дарддæр дæр кусдзыстæм афтæ: сыгъдæгзæрдæ æмæ æргомæй.

— Бузныг, Русланбег. Уæ нысантæ уæ къухы бафтæнт.

Ныхас ныффыста Касаты Батрадз

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here