Ног хицауад: лыггæнинаг фарстатæ, нысантæ. Реуазты Таймураз

0
914

Адæмы æнæниздзинад —нæ ахсджиагдæр хæс

Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрæй нысангонд æрцыд Реуазты Таймураз. Таймураз бирæ азты фæкуыста ацы къабазы министры хæдивæгæй. Куыста министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй дæр æмæ йæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кодта зæрдиагæй, бæлвырд æмæ бæстон. Нæ уацхæссæг Касаты Батрадз фембæлд Таймуразимæ, æмæ сæм рауад ахæм ныхас:

— Таймураз, арфæ дын кæнæм дæ ног бынатæн. Уæвгæ, дæуæн ног бынат нæу. Ацы ран куыстай уый размæ дæр. Хорз ын зоныс йе ‘нтыстытæ дæр, йæ къуыхцытæ дæр. Уæ размæ цавæр нысантæ сæвæрдтат æмæ сæ куыд æххæст кæндзыстут?

— Æз афтæ фæзæгъын: адæймаг ныхасæй лæг у. Иугæр ныхас загътай, уæд æй сæххæст кæн, кæд æй дæ бон нæ бауыдзæн сæххæст кæнын, уæд та йæ дзургæ дæр ма кæн. Симды бацыдтæ, уæд дзы симын хъæуы. Ныртæккæ ахæм рæстæг æрцыди æмæ, къуыхцытæ кæм æййæфтам, лæмæгъдæр куыст кæм æвæрд уыд, уыдон аиуварс хъæуы. Афтæ нæ зæгъдзынæн, æмæ бынтон æдзæллаг стæм. Ис нæм, равдисæн кæмæн ис, сæрыстыр кæмæй стæм, бирæ ахæм хъуыддæгтæ. Фæлæ уыдоныл нæ дзурдзынæн. Алы хъуыддаджы дæр, кусгæ чи кæны, архайгæ чи кæны, уый йын уыны йæ лыггæнинаг фарстатæ дæр. Æмæ, мæнмæ гæсгæ, мах нæ куыстмæ хъæуы бæстондæр, лæмбынæгдæр æркæсын. Лæмæгъдæр кæм у, уым æй фæхуыздæр кæнын. Æмæ æрмæст Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ, горæтмæ дæрддзæф чи у, уыцы быдираг æмæ хохаг хъæуты цы рынчындæттæ æмæ амбулаторитæ ис, уыдоны. Сæйрагдæр та, фылдæр æргом аздахын хъæуы адæмы æнæниздзинадмæ. Паддзахад адæмы æнæниздзинадæн цы фæрæзтæ дæтты, цы уавæртæ сын хъуамæ араза, уыдон се ‘ппæт дæр хъуамæ æххæст цæуой æмæ хæццæ кæной адæммæ. Бирæтæ нырмæ куыд сахуыр сты кусын, афтæмæй хъуыддаг дарддæр нал ацæудзæн. Ныртæккæйы рæстæг куыстмæ афоныл æрбацыдтæ, нæ байрæджы кодтай кæнæ куыстæй раздæр нæ ацыдтæ, уый фаг нæу. Архайын хъæуы, змæлын хъæуы.

Разамонджыты арæхдæр цæуын хъæуы кусæн бынæттæм, цæмæй сæхи цæстæй уыной уавæр æмæ дзы срастгæнинаг цы хъуыддæгтæ уа, уыдон аиуварс кæныныл йæ уæлвæд архайой. Хъуамæ мах иудадзыг дæр зонæм, нæ фелсырон пункттæ, нæ рынчындæтты чысыл хайæдтæ цы уавæры сты. Ис сæм хъарм дон, сæ агъуыстытæ хъарм сты æви нæ. Рынчынтæ сæм цæуынц æви нæ. Кæд рынчынæн йæ бон нæу цæуын, уæд æй бабæрæг кæн, йæ хæдзармæ йæм бацу. Йæхи йын фен, йæ бинонты йын фен. Низ йæ уæлвæд дзæбæх кæнын хъæуы. Райхъал нæ кæнын хъæуы нæхи, базмæлын хъæуы, æмæ уæд нæ куыст размæ ацæудзæн.

— Адæмы æнæниздзинад фидардæр кæныныл архайгæйæ, фылдæр æргом цавæр хъуыддæгтæм аздахдзыстут?

— Фылдæр æргом аздахдзыстæм зæрдæйы-сæры тугдадзинты низтæм, рæуджыты низтæм… Æмæ ма нæм иу бæллæх ис, æмæ ууыл дæр ныртæккæ ныхас кæнæм æмæ, мæнмæ гæсгæ, раст фæндагыл цæуæм. Бирæ, тынг бирæ фыдбылызтæ æрцæуы нæ фæндæгтыл, уæлдайдæр сабат æмæ хуыцаубонты. Куы ахъуыды кæнæм, æртæ бонмæ æртындæс адæймаджы сæ цардæй ахицæн уæнт, уæд зæрдæ ныккæрзы.

Фыццæгтæ дзы бирæ ис, фæлæ фыццаджы-фыццагдæр уыдон сты. Уыдоныл æрмæст мах нæ архайæм, Уæрæсейы разамынд, Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад дæр, æмæ йын æнæскæнгæ нæй.

— Таймураз, Интернеты æрмæст уæ министрады сайты ис ахæм фарс: «Адæмы хъуыдытæ министрады куысты тыххæй». Æвæрццæг æмæ æппæрццæг хъуыдытæ. Æвæрццæг хъуыдытæ чи фыссы уæ куысты тыххæй, уыдоны нымæц æртæ хатты къаддæр у. Цавæр хатдзæгтæ кæнут уæ сайты уыцы сыфы бæрæггæнæнæй?

— Нæ сайт дæр хорз у куы зæгъон, уæд уый раст нæ уыдзæн. Хуыздæрæй-хуыздæр хъуамæ уа алцыдæр. Нæ ныхасы райдайæны куыд загътон, фыццаджыдæр, адæмыл хъуыды кæнын хъæуы. Нæ дохтырты зонæм, чи сæ цæмæ хуыздæр арæхсы, чи сæ сæрæндæр у, уый.

Фæлæ, чи фæрынчын, уый уым æргом ныхас кæны, æмæ йæм æнæбайхъусгæ нæй. Рынчын æй куы бамбара, уæд ахæм фæрстытæ нæ уыдзæн. Дохтыр рынчыны йе ‘мцæдисон куы скæна низы ныхмæ тохы, уæд сын æнæ фæуæлахиз нæй.

— Рынчындæтты чи хуыссы, уыдонæн хосты хъуыддаг та куыд уыдзæн?

— Æхсæвæй-бонæй хъуыды кæнæм аслам хосты тыххæй. Фæлæ рынчынæн раттын хъæуы, закъонмæ гæсгæ йын лæвар цы ‘мбæлы, уый. Уæлдайдæр та рынчындоны. Фæлæ хостæ дæр алыхуызон вæййынц: аслам æмæ зынаргъ. Æмæ афтæ баныхас кодтам нæ дохтыртимæ, адæймагæн цы хуыздæр хос цæуы низы ныхмæ, уый, æмæ ныртæккæ уыцы пълан кæнæм.

Ног азы хæдразмæ куы бафæрсай, уæд дын æз хъуамæ радтон раст дзуапп, фæлæ фæхуыздæр уыдзæн, уый дæ бауырнæд.

Æркæсинаг фарста у — рынчынæн хатгай 9-10 хуызы хостæ рафыссынц, æмæ уый дæр раст нæу, уымæ дæр æркæсдзыстæм. Раст рафыссын хъæуы хос, цæмæй рынчынæн баххуыс кæна.

Стæй фæсарæйнаг хосты бæсты ныртæккæ Уæрæсейы дæр уадзын райдыдтой хорз хостæ.

— Хъæуты рынчындæттæ æмæ амбулаториты ‘хсæн базилинаг агъуыстытæ куыд нæ уыдзæн?

— Дзæуджыхъæуы цы арæзтæдтæ цæуы, уыдон куы фæуæм, уæд иннæ аз æнæмæнг бавналдзыстæм, быдырон æмæ хохрæбын хъæуты цы фелсырон пункттæ ис, уыдон аразынмæ. Æрæджы уыдыстæм Цыколайы, æмæ дзы ис 12 фелсырон-акушерон пункты, уыдонæй æхсæз — хохы. Æмæ, хохы чи цæры, уыдон сты минæй къаддæр. Уыцы цæрджытæ цæмæй Цыколамæ ма цæуой кæнæ Дзæуджыхъæумæ, уый тыххæй сын уым хъæуы саразын уавæртæ сæхи дзæбæх кæнынæн.

Хохы цард уæззау у, æмæ уый æмбарын хъæуы. Стæй, хохы чи цæры? Уæлладжыры хæхты æрзæткъахæнты чи фæкуыста, уыдон. Ныртæккæ иууылдæр рынчын сты. Æмæ афтæ кæнын хъæуы, цæмæй ма фылдæр фæцæрой. Цæмæй сын ахæм хорз уавæртæ уа, Мызурмæ, Алагир æмæ Дзæуджыхъæумæ цæуын сæ куыд нæ хъæуа. Фылдæр æргом аздахдзыстæм профилактикон куыстмæ, архайдзыстæм, цæмæй саби, фыццаджыдæр, райгуыра æнæнизæй. Æмæ нæ уыцы хъуыддæгтыл зæрдиагдæрæй архайын хъæуы.

— Бузныг, Таймураз, уæ нысантæ уæ къухы æнтыстджынæй бафтæнт.

Ныхас ныффыста Касаты Батрадз

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here