Ног хицауад: лыггæнинаг фарстатæ, нысантæ. Æлбегаты Барис

0
1538

Дзæуджыхъæуы администрацийы хицауы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй нысангонд æрцыд Æлбегаты Барис. Барис куыста республикæйы Парламенты Комитеты сæрдарæй, стæй бирæ æндæр бæрнон бынæтты. Ацы аз та цалдæр мæйы бакуыста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы промышленнон æмæ транспортон политикæйы министрæй. Цыбыр рæстæгмæ скусын кодта автоколоннæ 1440-ы куыстуат. Нæ уацхæссæг фембæлд Æлбегаты Барисимæ, æмæ сæм рауад ахæм ныхас:

— Барис, фыццаджы-фыццагдæр, цæмæй райдайдзыстут уæ куыст?

— Нæ зæрды ис горæтаразæн архитектурон Совет сног кæнын, йæ бартæ йын фæуæрæхдæр кæнын. Уыцы Советы уæнгтæ уыдзысты республикæйы хуыздæр архитектортæ æмæ проекттæ аразджытæ. Уыдонимæ æркæсдзыстæм Сабырдзинады проспекты уавæрмæ. Нæ сæйраг нысан уыдзæн, гæнæн куыд ис, афтæ проспектæн йæ историон хуыз сног кæнын. Хи хæдзæртты дзы чи цæры, уыдон дæр фæдзæхст æрцæудзысты, цæмæй, кæй куыд фæнды, афтæ ма аив кæна йæ агъуыст, фæлæ иумæйаг историон фæлгонцимæ куыд бада, афтæ.

Горæты сæйраг уынгæн хъуамæ раттæм йæ историон хуыз. Куыстыты аргъ схæццæ уыдзæн иу 100 милуанмæ ‘ввахс. Уый афтæ бирæ нæу, уый хыгъд горæтæн йæ сæйраг уынг арæзт æрцæудзæн бындуронæй. Иу цыппар мæйы бахъæудзæн хыгъд байгом кæныныл, арæзт та йæ фæуыдзыстæм фæззæгмæ.

— Проспекты Хетæгкаты Къостайæн цы цыртдзæвæн ис, уый тыххæй адæммæ бирæ алыхуызон хъуыдытæ ис. Иутæ зæгъынц, æндæр ран у йæ бынат. Сымахмæ та цы фæнд ис уый тыххæй?

— Ардæм дæр фыссынц адæм. Æз мæхимæ нæ исын искæй скульптурон куыстæн аргъ кæныны бар. Фæлæ адæмы зæрдæмæ тынг нæ цæуы уыцы цыртдзæвæн. Мæнмæ гæсгæ, горæты алы цыртдзæвæн хъуамæ цæуа адæмы 90 проценты зæрдæмæ. Уый у мæ хъуыды. Фæлæ ис къамис, совет, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фарстатæм дæр æркæсдзыстæм.

Тынг хъæппæрисджынæй архайæм сывæллæтты рæвдауæндæттæ цалцæг кæныныл, сæ бынæттæ сын фæуæрæхдæр кæныныл.

Октябры уал сцалцæг кодтам сæ агъуыстытæ 3 къордæн, ноябры — 2 къордæн, декабры дæр — 2 къордæн. Ног азмæ сараздзыстæм бынæттæ 300 сывæллонæн.

Æдæппæт рæвдауæндæтты бынæттæ нæ фаг кæны 1218 сывæллонæн. Ног азы ма нæ хъæудзæн 900 сывæллонæн, æмæ 2016 азы бацархайдзыстæм уыдонæн дæр бынæттæ ссарыныл.

Нæ фыццагдæр хæстæй иу у, цæмæй алы сывæллонæн дæр бынат уа рæвдауæндоны. Ныртæккæ агурæм инвестортæ, сæдæгай сывæллоны кæдæм цæуа, ахæм æртæ рæвдауæндоны саразынæн.

Къаддæр ахадындзинад нæй социалон фарстатæн. Уыдон та æнæ æхцайæ нæй аразæн, æмæ нæ сæйраг нысан скодтам экономикон фарстатæ. Агурдзыстæм, финансон фæрæзтæ кæцæй райсæм, уый. Ивдзыстæм разамонджыты. Сæ бæсты æвæрдзыстæм, йæ куыст хорз чи æххæст кæна, ахæмты, афтæмæй архайдзыстæм æппæт социалон фарстатæ аразыныл. Муниципалон куыстуæттæм æркæсдзыстæм. Конкурсты хуызы ивдзыстæм разамонджыты. Æппæт куыстуæттæ махмæ нæ хауынц, æмæ нæ бон нæ вæййы сæ архайдыл иуырдæм кæнæ иннæрдæм бакусын.

Республикæйы Сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан мын бафæдзæхста, цæмæй æппæт организацитæ дæр кусой æнæсайдæй æмæ æргомæй, цæмæй адæммæ ма æвзæрын кæной дызæрдыггаг хъуыдытæ. Уый фæдыл æрæмбырд кодтам скъолаты директортæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты разамонджыты æмæ семæ æргом ныхас фæкодтам. Загътон сын, алы ныхæстæ цæуы, ахуыргæнджытæ сывæллæттæй æхца æмбырд кæнынц, зæгъгæ, æмæ йын кæрон скæнын хъæуы. Разамынд сæхæдæг сыгъдæг куы уой, уæд сæ иннæтæ дæр фæзмдзысты.

— Республикæйы Сæргълæууæг йæ раныхæстæй иуы дзырдта Тельмæны уынджы асламæй зæххытæ уæйгонд кæй æрцыдысты, уый тыххæй. Горæты инвентаризаци кæндзыстут?

— Æз бафыстон бардзырд, цæмæй горæты æппæт исбон æмæ зæххытæ дæр инвентаризацигонд æрцæуой. Ныртæккæ уыцы куыст кæнынц æмæ йæ фæуыдзысты 15 декабрмæ.

Иуæй-иу хъуыддæгтæ балæвæрдтам прокуратурæ æмæ тæрхондонмæ, æмæ федералон оргæнтæ зæгъдзысты сæ ныхас.

Дзæуджыхъæуы трамвайты куыстмæ æркæсын хъæуы бæстон. Пашковскийы уынджы трамвайтæ кæм цалцæг кодтой, уыцы бынат уæйгонд æрцыд хицæн адæймагæн.

Абон иу вагон кæны 1 милуан æмæ 200 мин сомы, вагæттæ ногтæй ивын хъæуы, æппæт маршруттæ дæр сты цалцæггæнинаг. Къостайы номыл проспектæй айсын хъæуы трамвайты фæндаг.

— Горæты маршруттыл сæхи машинæтыл чи кусы, уыдонæн та уæм цы фæнд ис?

— Федералон закъонмæ гæсгæ сараздзыстæм конкурс. Конкурс рамбулдзæн ахæм организаци, машинæтæ æвæрæн кæм уа, дохтыртæ, механиктæ кæм уой. Фæндагмæ сæ рацæуæн бæрæггонд цæудзæн алцæмæй дæр.

1439 автоколоннæйы ис бынат, ОПАП-1 дæр ис уавæртæ. 48 маршруты уал фæкъаддæр кодтам 41 онг.

Горæты санитарон уавæр дæр фæхуыздæр кæндзыстæм дыууæ хатты, балхæдтам 200 контейнеры. Фæфылдæр кæндзыстæм техникæ.

— Кадрты фарста та куыд араздзыстут?

— Бирæ разамонджытæ сæхæдæг ацыдысты. Фыццаджыдæр, кæсдзыстæм адæймаг кусын зоны æви нæ, уымæ. Бирæтæн дзы фаг рæстæг уыд сæхи равдисынæн, нæ сæ фæндыд, кæнæ та нæ зонынц хуыздæр кусын. Ахæмтимæ махæн нæ фæндаг иу нæу.

27 ноябры нæм уыдзæн æмбырд, уым бахæсдзыстæм ивддзинæдтæ горæты разамынды структурæмæ æмæ агурдзыстæм кусджытæ.

— Адæмы минæвæрттæ — горæты депутатты разамындимæ та куыд сты уæ ахастдзинæдтæ?

— Тынг æнгомæй райдыдтам нæ куыст депутаттимæ. Махæн уаринаг ницы ис. Иуварсæй хъуагдзинæдтæ хуыздæр зынынц, æмæ нын депутаттæ æххуыс кæндзысты. Кусдзыстæм иумæ æнгомæй.

Не ‘ппæты сæйраг хæс дæр у адæмæн лæггад кæнын æмæ хъуамæ архайæм адæмы хорздзинадыл.

— Бузныг, Барис. Уæ нысантæ, уæ фæндтæ уæ къухы бафтæнт.

Ныхас ныффыста Касаты Батрадз

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here