Цирк у æвзонгдзинад

0
2687

Мæнæ цирчытæ, зæгъгæ, адæм бадис кæнынц, исты æнæрцæугæ хабар, гъе диссаг куы фенынц кæнæ куы фехъусынц, уæд. Афтæ нæ фехъусдзынæ: мæнæ зарæг, мæнæ кафт, мæнæ ныв, фæлæ — ЦИРК! Уымæн æмæ цирчы аренæйыл адæймаг цы æнæбафæзмгæ дæсныйад фены, уымæн йæ аргъ дæр æндæр у æмæ йæ ахадындзинад дæр. Адæймагмæ цы æнкъарæнтæ сæвзæрын кæнынц, уыдон дæр сты царды хос. Хуымæтæг адæймагæн цирчы архайды сусæгдзинæдтæ царциаты диссæгтæ сты. Алæмæтаг фæзындтытæ, цæрæгойты дæсны арæхстдзинад, бæхты æмæ джигитты кафт, трюктæ, быдзæуты хъæлдзæгдзинад циркмæ æрбацæуæджы кæнынц цымыдис æмæ йын хæссынц удæнцой. Хистæр кары адæмы минæвæрттæ дзы ног æрымысынц сæ сабидуг, æмæ цæсгомыл фæзыны мидбылхудт.

Ирыстоны культурæйы историйы цирчы аивады æнтыстытæ чи равдыста æмæ уымæй Ирыстоны кадыл кад чи бафтыдта, уыдоны сты: Хъаныхъуаты Темырболат (Бола). Цирчы аренæйыл дунейы хъæбысæйхæцджыты ‘хсæн нымад уыд æппæты хъаруджындæртæй иуыл. Йæ бæрзæнд уыд 228 сантиметры, йæ уæз — 220 килограммы. Райгуырд Хъобаны. Цирчы йæ зыдтой «Казбек-Гора»-йæ. Профессионалон хъæбысæйхæцæг ссис 1904 азы. Фæуæлахиз зындгонд богæлттæ Петр Янковскийыл, Ян Ягойыл, ирайнаг Алийыл, япойнаг Онуйыл, немыцаг Миллерыл, францаг Понсыл, америкаг Бамбулайыл. Йæ къухы нал бафтыд æрмæст Поддубныйимæ иу фæзыл сæмбæлын. 1909 азы газет «Каспий» диссагæн хъусын кодта, Бола Бакуйы Никитины цирчы, дунейы хъæбысæйхæцджыты ‘хсæн чемпионаты куы архайдта, уæд Норвегийы богал Иогансоныл 26 секундмæ куыд фæуæлахиз, уыцы хабар. Бола уыд æнæхин æмæ фырнымд. Хæцынмæ никæд рацыд гом буарæй, уымæн æмæ йын ирон æгъдау Уæрæсе æмæ фæсарæнты дæр ирон æгъдау уыд, æмæ йыл йæ зæрдæ никæд сивта; Хъантемыраты Алымбег — УСФСР-йы адæмон артист, нæ бæстæйы бæхты цирчы аивады æмæ скъолайы бындурæвæрæг, дæсны бæхылбадæг, цæрæгойты æрмахуыргæнæг æмæ цирчы артист. Алымбег байгом кодта Уæрæсейы фыццаг бæхты цирк æмæ хуындис «Ирыстоны джигиттæ». Йæ дæсныйадыл сахуыр кодта сæдæ фæндзай адæймагæй фылдæры. Йæ ном хъуыстгонд у дунейыл; Хъантемыраты Хасанбег — РЦИ-Аланийы адæмон артист; Хъантемыраты Ирбег — ССР Цæдисы адæмон артист, бирæ рæстæг уыд Мæскуыйы цирчы бæхты къорд «Али-Бек»-ы аивадон разамонæг; Хъантемыраты Мухтарбег — Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист, бæхты театры бындурæвæрæг, каскадер, кино æмæ цирчы артист. У Мæскуыйы бæхты театр «Каскадер»-ы бындурæвæрæг æмæ аивадон разамонæг; Хъантемыраты Мæирбег — РЦИ-Аланийы адæмон артист, цирчы бæхты къорд «Али-Бек»-ы аивадон разамонæг; Хъантемыраты Ибрагим — дунейыл зындгонд артист, бæхылбадæг; Хъантемыраты Руслан — цирчы зындгонд артист; Тугъанаты Михал — УСФСР-йы адæмон артист, Уæрæсейы дæсны бæхылбадæг, режиссер, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Дæсныйадыл æй сахуыр кодта Хъантемыраты Алымбег. Бындур сæвæрдта цирчы бæхты къорд «Ирыстон»æн; Тугъанаты Дзерассæ — УСФСР-йы адæмон артисткæ, фыццаг сылгоймагбæхылбадæг, цæрæгойты æрмахуыргæнæг. Йæ фыды фæстæ уыд цирчы бæхты къорд «Ирыстон»-ы аивадон разамонæг. Йæ ном хъуыстгонд у дунейыл; Гудцаты Агуыбе — XX æнусы райдайæны цирчы фыццаг бæхылбадæг; Мерденты Юри — УСФСР-йы сгуыхт æмæ Уæрæсейы адæмон артист, РЦИ-Аланийы адæмон артист, бæхылбадæг-джигит. Фынддæс азы бакуыста Хъантемыраты Алымбеджы къордимæ. 1974 азæй разамынд дæтты Краснодары цирк «Кубанские казаки»йæн; Хъаныхъуаты Таймураз — РЦИ-Аланийы адæмон артист. 1991 азæй цирчы бæхты къорд «Ирыстон»-ы аивадон разамоонæг; Танделаты Олег — РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт кусæг, программæ «Ирыстоны джигиттæ «Сæрмæт»-ы аивадон разамонæг æмæ æндæртæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here