0
1216

Ирон кафты аивадæн лæвæрдта йæ уд

Йæ алы нуар дæр кафты æвзагæй кæмæн дзырдта, йæ уæнгты рог айст æмæ хæрзконддзинад абон дæр ма цæстытыл кæмæн уайынц, уыцы Хуыцауысконд адæймаг уыд, курдиатæй Дунескæнæг кæй фæхайджын кодта æмæ Ирыстоны балетмейстеры классикон хореографийы ахуырад фыццаг чи райста, уый, хореограф, Цæгат Ирыстоны адæмон кæфтыты ансамбль «Алан»-ы раздæры аивадон разамонæг, УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны адæмон артист УАРЗИАТЫ Хадзысмел.

— Хадзысмел у ирон национ кафты аивады ирддæр минæвæрттæй иу. Райгуырд Фарныхъæуы, раст, 1938 азы нæ республикæйы адæмон кæфтытæ æмæ зарджыты ансамбль куы байгом, уæд (“Алан”-æй фæстæдæр схуыдтой). Уый Хадзысмелы хъысмæты ссис нысанхæссæг. Уымæн æмæ йæ фæзындæй йæ царды фæстаг бонмæ йæ уды тæгтæй баст уыд ирон кафтимæ. Цæгат Ирыстоны кафт æмæ зарды ансамблы сæйраг къорды кафынмæ йæ райстой, 18 азы йыл куы сæххæст, уæд. Æрыгон артуд лæппу кафты фæллад нæ зыдта. Йæ курдиат æмæ куыстуарзондзинад цæсты ахадыдтой, адæм æм кæсынæй не ‘фсæстысты, йæ арæхстдзинад сæ стыр дисы æфтыдта. Уæдмæ Хадзысмел ссис ансамблы раззагдæр партиты солист. Иу æнтыст — иннæйы фæдыл. Хистæр фæлтæр ма хорз хъуыды кæндзысты, Хадзысмел Чихтисты Гамидимæ-иу хъаматимæ тохы цы кафты бацыдысты, æмæ-иу Гониаты Зоя се ‘хсæн йæ кæлмæрзæн кæм æрæппарста, уый. Уый уыд, Хадзысмел фыццаг цы кафт сæвæрдта, уый, æмæ рауад тынг зæрдæмæдзæугæ.

Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй фондзаздзыдæй райдыдта хъæубæсты хъазтизæртæм цæуын, æмæ-иу фæндыр куы аивæзтой, уæд-иу йæ миддуне иннæрдæм рафæлдæхт, уыйбæрц æнкъарæнтæ йæм æвзæрын кодтой ирон зæлтæ. Йæ бон уыцы кары уыд хъазты ракафын дæр. Фæстæдæр æй кафын ахуыр кодта Фарныхъæуы скъолайы кафджыты къорды ахуыргæнæг Хадыхъаты Керым. Уый фæстæ афæдз цыд Беслæнмæ Бирæгъты Зауырбегмæ.

Уарзиаты Хадзысмелыл дыууын фондз азы йеддæмæ нæ цыд, афтæмæй, ансамблы солист уæвгæйæ, 1963 азы ссис Цæгат Ирыстоны АССР-йы сгуыхт артист, ирон кафты аивады райрæзтмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уый тыххæй. Æрмæст уый фæстæ 1964-1969 азты райста профессионалон ахуырад Мæскуыйы паддзахадон театралон аивады институты. Фæстаг курсы ма ахуыр кодта, афтæмæй нысангонд æрцыд ансамбль»Алан»-ы аивадон разамонæг æмæ балетмейстерæй.

Куыддæр ансамблы ном дардыл айхъуыст, ног æмвæзадмæ йæ рахуыдта, уæд æй бахъуыд ансамблæй ацæуын Мæскуымæ, йæхи фæлтæрынмæ Советон Цæдисы паддзахадон ансамбльмæ. Уæд ын разамынд лæвæрдта Игорь Моисеев. Дарддæр ахуыр кодта Луначарскийы номыл паддзахадон театралон институты. Фыццаг курсы хореографион сценкæ «Хæхты чызг» куы сæвæрдта, уæд ын йæ ахуыргæнджытæ скодтой стыр аргъ. Уыцы рæстæг бацæттæ кодта музыкалон композици «Сой»-æн дæр композицион пълан. Музыкæ та йын уыцы рæстæг равзæрста зындгонд фольклорист Павел Мамуловы чызг. Уый уæд арæх уыд Ирыстоны æмæ æмбырд кодта æмæ фыста ирон уадынгæрзтæй цæгъдтытæ.

Æртыккаг курсы Хадзысмел цы кæфтытæ сæвæрдта: «Мад», «Дзæбидыр»(акафыд æй УСФСР-йы сгуыхт артист, Стыр театры солист Александр Лавренюк), уыдон сты хицæн ныхасы аккаг.

Цыппæрæм курсы йæ куыст иууылдæр сарæзта Цæгат Ирыстоны кафт æмæ зарды ансамбль «Алан»-ы Болгарийы дунеон фæсивæдон æмæ студентон фестивальмæ бацæттæ кæнынмæ. Уым æвдыст æрцыд «Лирикон дуэт» дæр, æмæ жюрийы уæнг, зындгонд советон балетмейстер, ССР Цæдисы адæмон артисткæ Татьянæ Устинова Хадзысмелы схорзæхджын кодта диплом «Лучший балетмейстер фестиваля»-йæ.

Фæндзæм курсы ансамблы бацæттæ кодта гастрольтæм Казахстан æмæ Астæуккаг Азимæ. Уыцы рæстæг сарæзта реформæтæ репетицион процессы методикон рацарæзты фæдыл æмæ ссис ирон адæмон кафты культурæйы балетмейстерон аивады скъолайы бындурæвæрæг, драматургийы закъонтæм сæ аздахгæйæ, авторон мадзæлттæ фæтыхджындæр кæнгæйæ сюжет равдисыны охыл. Уыцы мадзæлттæ хорзæрдæм кæй сахадыдтой, уымæн æвдисæн сты йæ æвæрд кæфтытæ: «Лæгæй-лæгмæ хæст», «Сой», «Мад», «Лирикон дуэт» «Уæздан кафт» æмæ «Хонгæ кафт», «Симд» (авторон верси).

1968 азы, профессионалон цæстæй акæсгæйæ, Цæгат Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамблы къорд Хадзысмелы хъæппæрисæй æрцыд реорганизаци, æмæ дзы сарæзта Цæгат Ирыстоны адæмон кæфтыты паддзахадон ансамбль «Алан». Ном дæр ын йæхæдæг радта. Уæдæй рацыд 50 азы!

1971 азæй 1986 азмæ Хадзысмел уыд Адыгейы адæмон кæфтыты паддзахадон ансамбль «Нальмэс»-ы аивадон разамонæг, бæхты театр «Нартæ»-йы сæйраг балетмейстер, ансамбль «Арт» æмæ «Кафт»-ы сæйраг балетмейстер æмæ кæфтытæ æвæрæг. Фестивальтæ, конкурстæ, æнтыстытæ, хорзæхтæ… Æнцой нæ зыдта.

Фæлæ уæддæр 16 азы фæстæ æрбаздæхт «Алан»-мæ. Уыцы рæстæг Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрады разамынд цæттæ нæ уыд, Хадзысмел цы ног кæфтытæ сæвæрынмæ хъавыд, цы ногдзинæдтæ равдисынмæ æмæ рахæссынмæ хъавыд сценæмæ, уыдонмæ. «Сой» дын сæвæрын кæй бауагътам, ууыл дæр цин кæн, «Хæдзаронты» кой та кæнгæ дæр мауал скæн. Раздæр цы кæфтытæ кодтат, уыдон кафут!» — ахæм ныхас дæр уыд Хадзысмел æмæ министры ‘хсæн. Фылдæр хаттиу сусæгæй æвæрын дæр бахъуыд кæцыдæр кæфтытæ æмæ сæ афтæмæй сценæмæ рахæссын. Фæлæ-иу сын адæм æнæрынцайгæ къухæмдзæгъд куы систой, уæд-иу дыууæ ничиуал загъта. Йæ къухфыстытæ кæсгæйæ бæлвырд у, йæ бон бирæ цæуылдæрты кæй нæ цыд, уый тыххæй кæй ацыд ансамблæй. Ацыд нæ, фæлæ йæм нал æрбаздæхт фæстæмæ, кæд æмæ ма йæ Узегаты Солтанбег хуыдта, фæстæмæ раздæх, зæгъгæ, уæддæр.

1994 азæй 2001 азмæ Хадзысмел куыста РЦИ-Аланийы Адæмон сфæлдыстады республикон центры директорæй. Йæ фырт Сослан фæстæдæр йæ интервьютæй иуы куыд дзырдта, афтæмæй «Хонгæ кафт»-ы фæстаг редакци Хадзысмел æрхъуыды кодта рынчындоны, фæстаг операцийы размæ. Адæмон сфæлдыстады центры кусджытимæ фæстаг æмбырд та уыд йæ хæдзары, йæ амæлæтæй гыццыл раздæр, йæ рыстыты ныхмæ укол скæнын кодта, афтæмæй, хуыссæны хуысгæйæ.

Хадзысмел у, бирæ рæстæг ма йæ бынтæ æргом кæнын æмæ иртасын кæмæн бахъæудзæн, ахæм зынгæ æмæ бирæвæрсыг адæймаг ирон кафты аивады. Йæ æвæрæнты къухфыстыты баззадысты, цæрæнбонты кæуыл фæкуыста, уыцы кæфтыты фæдыл хъуыдытæ, йæ цæстæнгас, йæ хатдзæгтæ, цы ногдзинæдтæ ма йæ фæндыд бахæссын æмæ саразын, уыдон. Алы къордтæ йæ хуыдтой сæхимæ кусынмæ, уымæн æмæ зыдтой, профессионалон æгъдауæй сын æрмæст Хадзысмел кæй баххуыс кæндзæн, æрмæст сæ уый кæй рахондзæн ног, бæрзонддæр æмвæзадмæ. Хадзысмел равзæрста йæхи фæндаг æмæ йæ цард снывонд кодта йæ адæмы кæфтыты аивадæн. Нæ баззад Мæскуыйы, не сразы сæ лæгъстæтыл.

Ацы аз Хадзысмелыл хъуамæ сæххæст уыдаид 80 азы. Уый бæрц сæххæст, йæ удæй фылдæр кæй уарзта æмæ ном кæмæн радта, уыцы ансамблыл дæр. Бафтыдис ма сæм, ансамбль «Алан» хуынд кæдæй æрцыд, уæдæй 50 азы кæй рацыд, уый дæр. Куыд хорз уаид, æмæ ансамблæн Хадзысмелы ном лæвæрд куы æрцæуид, æмæ нын уымæй уæддæр куы бауид нæ бон йæ номæн балæггад кæнын, сæнусон æй кæнын.

Уарзиаты Хадзысмелы райгуырды 80 азы юбилейы кадæн Дзæуджыхъæуы 19 — 23 октябры уыд адæмон кæфтыты VIII æппæтдунеон фестиваль «Зори Алании». Фестивалæн кæддæр бындур сæвæрдта Хадзысмел йæхæдæг, æмæ йæ дарддæр Федералон программæ «Культура России 2012 — 2018 гг.» фæлгæты æххæст кæнынц УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы Культурæйы министрадтæ, Адæмон сфæлдыстады хæдзар. Фестивалы архайынмæ æрцыдысты сфæлдыстадон къордтæ Азербайджанæй, Сомихæй, Таджикистанæй, Ростовы облæстæй, Хуссар Ирыстонæй. Активонæй дзы архайдтой нæ республикæйы кафджыты къордтæ дæр.

Фыццаг бон Хæххон аграрон университеты Культурæйы галуаны сценæйы къордтæй алчидæр равдыста йæ арæхстдзинад кафынмæ. 20 октябры уыд Хадзысмелы номыл мысæн изæр. Уым равдыстой Любовь Азаматовайы ист документалон киноныв «Сопротивление» Хадзысмелы цард æмæ сфæлдыстадон фæндаджы тыххæй. Сæ мысинæгтæ таурæгъон балетмейстеры тыххæй загътой йе ‘мкусджытæ, йæ хæлæрттæ, Мæскуыйы Театралон институты ахуыр кæнгæйæ кæимæ бахæлар, уыдон. Бирæ азты разамынд цы национ ансамблæн лæвæрдта, уым кафджыты зæрдæты дæр аизæр сног сты сæ ахуыргæнæгимæ баст хъарм мысинæгтæ. Æмæ уымæй мадзал рауад ноджы æнкъарæнджындæр. Ансамбль «Алан»-ы ветерантæ æмæ дзы абон чи кафы, уыдон равдыстой цыбыр концерт.

Фестивалы фæлгæты уыд цæлхæмбырд «Нырыккон адæмон хореографийы традицион фольклорæй пайда кæнын»-ы темæйыл. Республикæйы районты та — «Хæлардзинады концерттæ».

Æртыккаг бон мастер-классты æрдзырдтой ирон адæмон кæфтыты культурæйыл. Ансамбль «Алан» фестивалы архайджытæн скодта гом репетицитæ. Хореографийы специалист Цориты Мæдинæ æмæ кæфтыты ансамбль «Сæрмæт»-ы аивадон разамонæг Гугкаты Эдуард уазджытæн скодтой ирон национ кæфтыты практикон ахуыртæ.

Кæронбæттæны концерты фестивалы архайджытæн арфæ ракодта РЦИ-Аланийы культурæйы министр Милдзыхты Руслан æмæ сын радта РЦИ-Аланийы Культурæйы министрады Кады гæххæттытæ. Хадзысмелы фырт Уарзиаты Сослан та сын радта зæрдылдарæн лæвæрттæ æнæкоммерцион организаци «Центр развития культуры и спорта. Лаборатория Варзиева»-йы номæй.

Уарзиаты Хадзысмелы номыл фестивалы архайдтой республикæйы культурæйы къабазы минæвæрттæ, Цæгат Ирыстоны цæрæг алы адæмыхæттытæн цы диаспорæтæ ис, уыдоны æмæ национ-культурон æхсæнад «Русь»-ы минæвæрттæ.

 

Къæвдабон хуры ферттывдау — йæ цард

ТАУАСИТЫ Станиславы чи зыдта, уыдон æй бахъуыды кодтой хæлар æмæ сыгъдæгзæрдæ, сæрибаруарзаг нывгæнæгæй. Хъыгагæн, йæ цард æрдæгыл аскъуыд, тох кæй ныхмæ не сфæрæзта, уыцы низы фыдæй. Цы сты 55 азы цæрынæн, уæлдайдæр та сфæлдыстадон адæймагæн, аивадæн йæ тæмæны куы бацыд, уæд. Фæлæ уыцы цыбыр рæстæгмæ йæ къухы саразын цы сфæлдыстадон куыстытæ бафтыд, уыдонæй нын бирæтæ сты хорз зонгæ, уымæн æмæ, сæ рæзты цæугæйæ, фæндаггон ма æрлæууа, йæ зæрдæ сæ ма барухс уа, кæнæ йæ хъуыдытыл ма бафтауой, уый гæнæн нæй.

 

Хæлардзинады проспекты цæст æнæрхæцгæ нæ фæуыдзæн, Гæдиаты Секъайæн, Евгений Вахтанговæн æмæ Михаил Булгаковæн скульптор цы цыртытæ сарæзта, уыдоныл. Иннæ ахæм, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы акомкоммæ Дзæугы монумент. Уæдæ Советон Цæдисы Хъæбатыр Мамсыраты Хаджумарæн Хъырымы цы бюст сарæзта, уымæн дæр аивадиртасджытæ скодтой стыр аргъ.

Тауасийы-фырт Мæскуыйы Суриковы номыл Нывкæнынады паддзахадон институты куы ахуыр кодта, уæд дипломон къамисы размæ рахæссынмæ хъавыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны номыл монумент «Осетинская пиета». Уæд йæ дипломон куысты разамонæг, эскиз фенгæйæ, не сразы йемæ, æмæ уый бæсты цыбыр рæстæгмæ сарæзта æндæр куыст — «Юность». Æрыгон скульпторы куыстæн скодтой аккаг аргъ, æмæ æвæрд æрцыд институты фойейы. Йæ амæлæты размæ, рынчын уыд, афтæмæй йæ студентон куыст «Юность» Славик сарæзта ногæй, æмæ йæ фенæн ис Намысы мемориалмæ фæндагыл Терчы сæрмæ хидыл. Уым фæндаггæрон æвзонг лæппу бады бæхыл. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йын ацы хатт рауад ноджы хуыздæр.

«Осетинская пиета» — æдзард хæстонты мады сурæт саразын йæ къухы бафтыд бирæ рæстæджы фæстæ. Æмæ æвæрд æрцыд Хохы Санибайы хъæугæрон.

Бæрзондыл, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй йæ хъæбултæ кæмæн нал сыздæхтысты, уыцы ныййарæг мад, афтид нымæт йæ хъæбысы бакæнгæйæ, æнхъæлмæ кæсы йæ æдзард хъæбултæм. Хæсты темæмæ йе ‘ргом чи нæ аздæхта, ахæм сфæлдыстадон адæймаг зын ссарæн у, фæлæ уыдоны ‘хсæн Станиславы Ирыстоны мад рауад хигъæдон æмæ хъуыдыджын. Адæймагмæ æвзæрын кæны арф æнкъарæнтæ, уынгæг кæны зæрдæ.

— Станиславимæ мах иу рæстæг ахуыр кодтам Мæскуыйы Нывкæнынады институты, æмæ йын кæдфæнды дæр йæ куыстытæн кодтон стыр аргъ. Сфæлдыстадон цæстæй акæсгæйæ, «Осетинская пиета» йæхæдæг нымадта йæ дипломон куыстæй ноджы тыхджындæрыл. Æнцой йын нæ лæвæрдта, уæды онг дæр æй царды кæй нæ рауагъта, уыцы хъуыды, — загъта РЦИ-Аланийы Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймураз. — Ахуыры рæстæг гипсæй кæй скодта, уый балæвар кодта мæнæн, æмæ абон дæр ис мæ æрмадзы. Фæлæ уæддæр йæ бæллиц сæххæст æмæ йæ къухы бафтыд бронзæйæ йæ саразын. Цалдæр азы размæ ацы куыст РЦИ-Аланийы Нывгæнджыты цæдис балæвæрдта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премимæ, фæлæ уæд къамисы уæнгтæн сæ фылдæр сæ хъæлæстæ радтой нывгæнæг Абысалты Юрийы куыстытæн. Тауаситы Станислав баззайдзæн адæмы зæрдæйы куыд курдиатджын скульптор. Бирæ бавзæрста зындзинæдтæ дæр. Иуæй йæ низ, иннæмæй та, нывгæнæгæн йæ куыстытæн аргъгæнæг, æлхæнæг куы нæ уа, уæд йæхимæ ныхъхъусы. Фæстагмæ цы куыстытæ сарæзта, уыдонæн та æмбал нæй. Тугъанты Махарбегæн цы мемориалон цыртдзæвæн сарæзта, уый лæууы Нывгæнджыты цæдисмæ бахизæны. Арæх архайдта конкурсты, æмæ-иу йæ куыстытæ бацахстой сæрмагонд бынæттæ. Хъайсын Кулиевы цыртæн цы эскиз скодта, уый дæр уыд тынг зæрдæмæдзæугæ, аивадон æгъдауæй æххæст, æмæ уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Кады гæххæттæй. Йæ алы куыст дæр у бæрзонд аргъы аккаг.

Станислав, куыд скульпторреалист, афтæ йе ‘нкъарæгой зæрдæйæ арф æнкъардта алы лыстæг хъуыддаг дæр. Йæ уды рухсы хъару æмæ-иу уыцы дыууæ сыгъзæрин къухæн æлыг æмæ æфсæн фестадысты коммæгæс æрмæджытæ, æмæ-иу дзы райгуырд диссаджы æнаипп куыст. Йæ æрмдзæф ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Намысы мемориалы дæр. Сарæзта, Ирыстоны зындгонд адæмæй Намысы Аллеяйы кæй бавæрдтой, уыдонæй бирæтæн цыртытæ: фыссæг Цæрукъаты Алыксандрæн, Дзæуджыхъæуы мэр Хъараты Виталийæн, фæндырдзæгъдæг Мыстулаты Иринæйæн, Советон Цæдисы Хъæбатыр Милдзыхты Хадзымырзæйæн æмæ иннæтæн.

Станислав, куыд романтикон удыхъæды хицау, афтæ бирæ уарзта фæззæг йæ алæмæтаг фæлысты, йæ сыфтæрты æмæ уымæл зæххы тæф, йæ къæвдатæ, суанг йæ хъуынтъыздзинады тыххæй дæр. Афтæ рауад йæ сфæлдыстадон фæндаг дæр хъæздыг, ирд, алæмæтаг, бирæтæн бæллиццаг, фæлæ… æнкъард.

 

 

“Чызгыскъæфджытæ”

Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театр арæх æвæрдта Совен Цæдисы алы адæмыхæттыты хуыздæр уацмыстæ сценæйы. Хъæрæсе-Черкесты уацмыстæй фыццаг цы сæвæрдтой, уый уыд адæмон фыссæг Билял Аппаевы дыууæархайдон комеди «Чызгыскъæфджытæ». Билял цы бирæ æвзæгтæ зыдта, уыдонæй иу уыд ирон æвзаг. Пьесæйы архайд дæр рахаста Ирыстоны хъæутæй иумæ. Ирон æвзагмæ пьесæ ратæлмац кодта РЦИ-Аланийы адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Ходы Камал. 1985-1986 азты театралон сезоны йæ сценæйы сæвæрдта режиссер Цæриаты Валери. Спектаклы цы зарджытæ азарыдысты, уыдонæн дæр ныхæстæ ныффыста Камал йæхæдæг. Композитор — Къæбойты Никъала. Нывгæнæг — Тыбылаты Эльвирæ. Сæйраг рольты дзы ахъазыдысты: Фидараты Альберт æмæ Кцойты Михал — Руслан, Хъабанты Тамарæ æмæ Мелыккаты Замирæ — Лизæ (Русланы ус), Цæргæсты Дзамболат æмæ Бекмæрзты Æхсар — Батыр, Дзгойты Аллæ æмæ Дзуццаты Раисæ (Батыры ус), Дзбойты Зоя æмæ Таутиаты Зарæ — Лезка (Батыры мад), Хъантемыраты Терезæ æмæ Брытъиаты Риммæ — Эльвирæ (дохтыр), Мерденты Марат — Солтанбег (йæ раздæры лæг), Тлаттаты Бексолтан — Карум (Эльвирæйы фыд).

 

Фарс бацæттæ кæны ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

 

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here