Мæйты ирон нæмттæ цы амонынц?

0
1973

Афæдзы мæйты нæмттæ иронау фыссын куы райдыдтам, уæдæй нырмæ адæм арæх фæрсынц, иу кæнæ иннæ мæйы ном афтæ цæмæн хуыйны, зæгъгæ. Уыцы фæрстытæ арæхдæр сæвзæрынц ахуырдзау фæлтæрмæ. Æмæ, тынгдæр уыдоныл хъуыды кæнгæйæ, фыст æмæ мыхуыргонд цæуы ацы уац. Уымæ гæсгæ дзы ис, мæйты иумæйаг, дунеон нæмттæ цы амонынц, афтæ сæ цæмæн рахуыдтой, уый дæр.

Алы ног аз дæр райдайы январæй. Уый у афæдзы фыццаг мæй. Ахæм ном ын радтой рагон ромæгтæ. Сæ мифологийы дуары, кулдуары, хæдзары рахизæны, хæдзармæ бахизæны бардуаг Янусмæ гæсгæ. Янусыл сæхи фæдзæхстой ромаг легионтæ хæстмæ цæугæйæ. Иу ныхасæй, у ирон мифологийы Къæсæры Уастырджийы халдих. Фæндаджы райдайæны бардуагæн бахæс кодтой рæстæджы, афæдзы райдайæныл дæр аудын. Январь та ирон адæм хонынц Тъæнджы мæй. Раджы йыл ныффидар ацы ном. Дзырд тъæнг амоны зæл. Карз уазал æхсæвты, уыдон та фылдæр хатт вæййынц тъæнджы мæйы, зæхх аскъуыдтæ вæййы æмæ бирæ хæттыты бæлæсты дæр афады. Ахæм æхсæвты фæхъуысы зæхх æмæ бæлæстæ куыд фескъуыйынц, уый зæл-тъæнг. Егъау дзаг бæрцуат куы асæтты, уæд дæр фæзæгъæм: нытътъæнг ласта.

Тъæнджы мæй раздæр нымад цыд ныры январы æмбисæй февралы æмбисмæ. Афтæ дарддæр иннæ мæйтæ дæр. Январь ма ирон адæм хуыдтой басылты мæй дæр, басылтæ-иу кæй кодтой, уымæ гæсгæ. Дыгурмæ ма та хуынд æнсуры (ссыры) мæй дæр. Иннæ мæйтæн дæр ирон æвзаджы ис цалдæргай нæмттæ. Мах дзы равзæрстам, фылдæр кæмтты æмæ хъæуты сæ куыд хуыдтой, уыдон.

Дыккаг мæй — февраль. Уый дæр у латинаг ном. Амоны хи ссыгъдæггæнæн. Рагон Ромы ацы мæй раздæр уыд афæдзы райдайæн, æмæ-иу зæронд азæй сæхи сыгъдæг кодтой. Ацы динон бæрæгбон та хуынд «Фебруарий» — ссыгъдæггæнæн. Уымæ гæсгæ фæзынд мæйы ном февраль. Ирон адæм та йæ зонынц Æртхъирæны мæйæ. Дзырд æртхъирæн цы амоны, уый бæрæг у, фæлæ мæй афтæ цæмæн хуыйны, кæмæ æртхъирæн кæны, уый алчи нæ зоны. Уый фæдыл ис сæрмагонд таурæгъ. Куыддæр февраль кæронмæ фæцæйхæццæ кæны, афтæ адæм уалдзæджы комулæфт банкъарынц æмæ зымæгмæ зынæввæрсон цæстæй акæсынц, нал дзы фæтæрсынц. «Зымæгæн йæ хъару фæци — цигайнаг йæ кæрц уæймæ рахаста», — афтæ арæх фæзæгъынц.

Кæддæр, дам, февралы фæстаг бон фыййау бацин кодта зымæджы кæрон кæй æрцыд, ныр йæ фосæн æххормагæй фесæфæн кæй нал ис, ууыл. Миты бын цъæнут дæр хæрдзысты, зæгъгæ. Æмæ уадындзы хъæлæсæй базарыд. Уый февралмæ хъыг фæкаст, цæуылнæ мæ тæрсы, зæгъгæ. Æмæ йæм бартхъирæн кодта, фæлæ йын йæ бон ницыуал уыд, — йæ рæстæг фæци. Уæд æрхатыд мартъимæ: æркуырдта дзы æртæ боны, фыййауæй йæ маст райсынæн, æз, дам, ын йæ фос æххормагæй аскъуынон.

Радта йын æртæ боны мартъи… Уыцы æртæ боны ахæм хъыст-тымыгъ скодта æмæ йæ фындз дæр æддæмæ ничи радардта. Фыййау æрхъуыдыджын разынд. Хæлын дзæкъулы гæды нывæрдта æмæ йæ фосдарæн скъæты бæрзонд сауыгъта. Гæды иудадзыг архайдта дзæкъулæй раирвæзыныл æмæ, хæлыны хыбар-хыбурæй тæрсгæйæ, фос æртæ æхсæв-боны сынæр не сцагътой æмæ нæ сæххормаг сты. Афтæмæй аирвæзтысты.

Гъе, уымæ гæсгæ фæзынд Æртхъирæны мæй. Ирон адæм ма йæ хонынц комахсæны æмæ фæндагкъулгæнæн мæй дæр. Ном комахсæн у динимæ баст, фæндагкъулгæнæн та амоны, хæхбæсты бирæ мит кæм уарыд, уым фæндæгтæ акæныны рæстæг.

Мæйы ном мартъи дæр у Ромы мифологийæ ист. Равзæрд хæсты бардуаджы ном Марсæй. Уый кадæн æй рахуыдтой афтæ. Ирон адæм та йæ хонынц комдарæны мæй. Нæ фыдæлтæ ком дардтой авд къуырийы. Уыдонæй цыппар хауд ацы мæймæ, иннæ æртæ та — апрелмæ. Уымæ гæсгæ, ирон адæм мартъи æмæ апрель хуыдтой мархойы дыууæ мæйы. Мартъийы рæстæг фæлдурæджджын кæй вæййы, арæх кæй ивы, адæймаджы низтæ кæй сабухын кæны, уымæ гæсгæ йæ хонынц тæргайгæнæг стæй хъæнтæбæрæггæнæг дæр. Тынг хорз ыл сбадт Тæргæйтты мæй, æмæ уыцы ном равзæрстам.

Уалдзæг бирæвæрсыгæй разыны апрелы, йе ‘ппæт хъаруйæ базмæлы æрдз: зайæгойæ, цæрæгойæ. Сабухы адæймаджы зæрдæйы дæр. Уымæ гæсгæ йæ ном баст у бердзенты мифологийы уарзондзинады æмæ сылгоймаджы рæсугъддзинады сылгоймаг бардуаг Афродитæимæ. Ирон адæм та йыл сæвæрдтой — Хуымгæнæны мæй, кæнæ Дзывырдарæнты мæй. Дзывыр рагон чысыл хъæдын гутон. Фæлтæхæн цъиу дзывылдары ном дæр равзæрд ацы дзырдæй. Дзывыл(р)+дар. Уымæн æмæ-иу уалдзæджы ацы чысыл æмæ рæсугъд маргъ, йæ къæдзил тилгæ доны был иу дурæй иннæмæ рог гæппытæ кæнгæ куы федтой, уæд уый æрдзон уагæй нысан кодта: дзывырдарæнты афон æрхæццæ. Гутон куы фæзынд, уæд ацы мæйыл хорз сбадт ном Хуымгæнæны мæй. Хуымгæнæнты райдайæн стыр бæрæгбон уыдис ирон адæмæн. Сæхи йæм цæттæ кодтой Тутыры бонæй фæстæмæ. Тутырты-иу нæлгоймæгтæ хъæдмæ ацыдысты æфсондзæгтæн, тæбынæгтæн, адæгæгтæн хъæдæрмæг кæнынмæ. Æрластой-иу сæ, æрцæттæ-иу сæ кодтой, хуымгæнæнты цæды галты бæрзæйтыл хорз куыд бадтаиккой, афтæ. Фыццаг ауæдз цы галтæ хъуамæ акодтаиккой, уыдоны аив кодтой алыхуызон, сæ къæдзилтыл, сыкъатыл-иу сын бакодтой сырх хæцъилы уадздзæгтæ. Хуымонтæиу уыдысты нæлгоймæгтæ. Сылгоймæгты уыцы бон хæдзары мимæ не ‘вдæлд, бæрæгбоны фынг уыд сæ сагъæс. Хуымгæнæнты фыццаг бон бирæ бакусынмæ нæ тырныдтой, фæссихоры рæстæг-иу арвыстой дзаджджын фынгтыл, бæрæгбоны куыд æмбæлы, афтæ хъæлдзæгæй.

Май у афæдзы фæндзæм мæй. У Ромы мифологийы сылгоймаг бардуаг Майе-имæ баст. Майе латинагау амоны мад, дзидзидарæг мад. Ацы мæйæн нæ фыдæлтæ радтой цалдæр номы: Зæл(р)дæвæрæны, Сыфтæры æмæ Ныкколайы мæй. Сыфтæры мæй цæмæн, уый æмбæрстгонд у, бæлæстыл сыфтæр уæд сарæх вæййы. Ныкколайы бæрæгбон дæр вæййы майы. Цы амоны зæрдæвæрæн? Фылдæр адæм æй афтæ цæмæн хонынц? Зæрдæвæрæн у ирон адæмæн иумæйаг мæрдты бон. Уæд нæу февæрынц ингæнтыл. Нæу рагон ирон æвзагыл у зæлдæ. Зæлдæ рахызт зæрдæмæ, дзывырдарæй дзывылдар куыд рауад, афтæ. Сонорон æмхъæлæсонтæ кæрæдзи æнцонæй ивынц.

Зæрдæвæрæн чырыстон дин парахатгæнджытæ та бабастой, Чырысти йæ райгасæй 40 боны фæстæ йæ фыд Хуыцаумæ куы цыд æмæ йæ ахуыргæнинæгтæн, иунæгæй уæ нæ ныууадздзынæн, зæгъгæ, зæрдæ куы бавæрдта, уæд уыцы бонимæ.

Æхсæзæм мæйыл ном июнь сæвæрдтой Ромы мифологийы мæйы бардуаг Юноны кадæн. Иронау та хуыйны Хурхæтæны мæй. Стæй ма Кæхцгæнæнты мæй дæр. Июны боны дæргъ вæййы æппæты фылдæр, стæй ахæты зымæджы ‘рдæм — бон цыбырдæр кæнын райдайы, æхсæв та — даргъдæр. Хурхæтæны мæй дæр æй уымæн хонынц. Кæхцгæнæнты уымæн, æмæ раздæры зæронд нымадмæ гæсгæ ахста июлы фыццаг æмбис дæр, æмæ æййæфта бæрæгбон кæхцгæнæнтæ.

Июль-Сусæны мæй. Йæ дунеон ном баст у Ромы паддзах Юлий Цезаримæ. Сусæн цы амоны, уый бæлвырд нæу. Æцæг дыгурон диалекты ис дзырдбаст сусæн кæны. Стæй ма арæх фехъусæн ис: «Дæ сæр сусæны бæхы тылд цы кæныс?» Сусæны мæйы æнтæфы бæх, æнцад лæугæйæ, бындзытæ суры йæ сæры тылдæй. Сусæн ирон адæм æмбарынц — тынг тæвд. Ирон-уырыссаг дзырдуаты дæр уырыссагау амынд цæуы — месяц зноя, духота, зной.

Ацы мæй ма хуыдтой Хуымгæрдæнты, стæй Хосгæрдæнты мæй дæр. Цалынмæ комбайн нæ фæзынд, уæдмæ хуымтæ дæстæггай карстой къухæй-æхсырфæй. Сылгоймæгтæ бастой куыристæ, сæ куыристæ хъилæй амадтой уыгæстæ æвдгæйттæй. Стæй сæ кодтой най. Хорæфснайæнтæ зæхкусæгæн уыдысты стыр фæлварæн æмæ, цæмæй хорз ацыдаиккой, уый тыххæй-иу хуымгæрдæнтæ райдыдтой бæрæгбоны фынгæй. Уым ног хорæй хъуамæ уыдаид æртæ хæбизджыны. Хосгæрдæнтæ уымæн, æмæ-иу кæхцгæнæнты фæстæ ралæууыд хос кæрдыны рæстæг. Фосдарæг ирон адæмæн хосгæрдæнтæ цы нысан кодтой, уый бамбарæн ис, сæ райдайæн сын бæрæгбоны кæй уыд, уымæй дæр. Уыцы бон дæр æфсинтæ кодтой æрмæст хойраджы куыст. Нæлгоймæгтæй та бæрæгбонхуызæй иутæ цæттæ кодтой цæвджытæ, цæвæгхъæдтæ, хъæсдарджытæ, иннæтæ-иу ацыдысты уыгæрдæнмæ. Хуыздæр хосдзауæниу бабар кодтой кадджын фыццаг æртæ уисы æрхæссын.

Цезары фæдон Август Октавианы ном хæссы афæдзы æстæм мæй Август. Иронау та Майрæмы мæй. Августы кæрон — фæстаг майрæмбоны вæййы Майрæмы куадзæн. Нæ азнымады 46 азы размæ Ромы къæлиндары афæдзы уыд æдæппæт дæс мæйы. Уыдысты æнæном. Нымад цыдысты фыццаг, дыккаг, æртыккаг æмæ афтæ дарддæр. Уыцы ранымады сентябрь амыдта æвдæм мæй, октябрь — æстæм, ноябрь — фарæстæм, декабрь — дæсæм. Ныр дæр латинаг æвзаджы амонынц ацы нымæцтæ. Афтæмæй та сты фарæстæм, дæсæм, иуæндæсæм æмæ дыууадæсæм мæйтæ. Уымæн æмæ кæд афæдзы мæйтæ дыууадæс баисты, æхсæзыл дзы ног нæмттæ сæвæрдтой, уæд дæр фæстаг цыппарыл баззадысты сæ рагон нæмттæ.

Сентябрь — иронау Рухæны (Нырхæны) мæй. Хонынц ма йæ Ичъынайы æмæ Хусгæнæны мæй дæр. Цы амоны рухæн (нырхæн)? Фæззæг сагтæ сæ куырммæдзæуæн рæстæг кæрæдзимæ куы фæуасынц, уæд зæронд адæм фæзæгъынц: «Сагтæ рухæн (нырхæн) кæнынц». Рухæн — рыхын, нырхын, уасын, æмбухын, богъ-богъ кæнын. Ичъына-бинонтæ фылдæр кæныны бардуаг. Йæ бæрæгбон вæййы сентябрь! Фæззыгон куыстытæ ивынимæ баст у. Сентябры ахæссы хус рæстæг æмæ йæ, æвæццæгæн, Хусгæнæны мæй дæр уымæн хонынц.

Октябрь — Кæфты мæй. Ирон адæмы фыдæлтæ кæддæр Сау æмæ Азовы денджызты был цардысты æмæ сæм кæсаджы куыстад стыр бынат ахста. Денджызы был сæ горæт Патикапей дæр абоны ирон æвзагыл амоны Панти-фæндаг, капей-кæф. Ома, Кæфты фæндаг. Кæф у кæсæгты хуыздæр, æппæты арæхдæр вæййы октябры. Уæд йæ еугæф фæкалы æмæ-иу Хъаспы денджызæй Ирыстоны цæугæдæтты ратæдзæнтæм дæр бахæццæ. Цалынмæ-иу йæ еугæф акалдта, уæдмæ йæ ахсын нæ фæтчыд. Фæстæмæ здæхгæйæ йыл нæ ауæрстой. Ныр кæф Ирыстонмæ Мæздæджы районæй уæлдæр нал хæццæ кæны — йæ фæндаг ын цæугæдон Малкæ æмæ Теркыл цы ауæзт сарæзтой, уый æрæхгæдта.

Ноябрь — Чындзæхсæвты, Джеоргуыбайы мæй. Джеоргуыбайы бæрæгбон у Уастырджимæ кувæн къуыри, ирон адæмы иумæйаг бæрæгбон. Йæ ном гуырдзиаг æвзагæй ист у: Джеоргуыба — Георг+оба-Георгийы бæрæгбон. Чырыстон дин парахатгæнæг гуырдзиаг миссионертæ Ирыстоны афтæ «хорз» бакуыстой æмæ ма нын Хуыцауы фарсмæ цы зæд æвæрæм, уый кадджындæр бæрæгбоны ирон ном дæр ферох кæнын кодтой. Баивтой йæ Джеоргуыбайæ. Бæрæгбоны дæр Чырыстон дины сыгъдæг уд Уæлахизхæссæг Георгийы — æрыгон хæстон лæджы, (Уастырджи та у зæронд лæг) номимæ бабæттын уыд сæ зæрды. Фæлæ уый сæ къухы нæ бафтыд. Уымæн æмæ абон дæр ма бæрæгбоны фынгыл дыккаг сидт вæййы Уастырджийы номыл. Кувæн къуыри дæр хонæм Уастырджимæ кувæн къуыри. Чи зоны, æмæ раздæр дæр хуынд, Уастырджимæ кувæн къуыри». Ацы бæрæгбон фæззæджы кæронмæ хуымæтæджы нæ ахастой. Зæхкусæгæн, фосдарæгæн уæд къаддæр куыст вæййы. Йæ тыхст рæстæджытæ — хосгæрдæнтæ, хорæфснайæнтæ ахицæн кодта, хостæ, хортæ бафснайдта. Ныр ын ис фадат йæ кадджындæр зæд Уастырджийы ном ссарынæн, фæллад суадзынæн æмæ цæлы фынгтыл бадынæн дæр. Чындзæхсæвты мæй та йæ хуыдтой уымæн, æмæ-иу Джеоргуыбайы бæрæгбоны фæстæ сарæх сты чындзæхсæвтæ. Афæдзы дæргъы, стæй раздæр дæр-иу дыууæ мыггаджы хистæртæ æрыгæттæн сæ амонд баиу кæныныл куы бафидыдтой, уæд-иу чындзæхсæв та аргъæвтой фæззæгмæ — Джеоргуыбайы бæрæгбоны фæстæмæ. Зарæджы ныхæстæ: «Бæркадджын фæззæджы чындзæхсæв скæндзыстæм» хуымæтæджы нæ райгуырдысты. Зæхкусæг фæззæджы фæрæзджындæр вæййы: йæ къæбиц — хъæздыгдæр, йæхæдæг — æвдæлондæр.

Декабрь — Цыппурсы мæй (дыгуронау Цæппорсе мæйæ). Цыппурс бæттынц чырыстон бæрæгбон Есо Чырыстийы райгуырæн бонимæ. Вæййы 25 декабры — ног нымадæй, 7 январы — зæронд нымадæй. Цыппурсы мæй ма ирон адæм хонынц Дыууæ Нафы мæй дæр. Наф — хæдзарвæндаджы бардуаг. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй бæрæгбон Цыппурс ирон адæммæ уыд Чырыстийы райгуырды размæ дæр, бæттынц æй скифаг бæрæгбонимæ. «Дзырд цыппурс равзæрд ирайнаг патвараат-æй, — фыссы ахуыргонд Цыбырты Людвиг — уый та амоны цыппор. Ахæм ном ын уымæн ис, æмæ Цыппурсы агъоммæ цыппор боны уыдис мархо». Цыппор боны фæстæ-иу ирон адæм Цыппурсы бæрæгбоны суагътой сæ ком. Нæ фыдæлтæ афæдзы дæргъы комдарæнтæ кодтой æртæ хатты: Куадзæны, Майрæмы куадзæны æмæ Цыппурсы размæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here