Нæ уарзон Ирыстон сабыр æмæ фæрныг уæд!

0
708

Цæгат Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ! Зынаргъ æмзæххонтæ! Зæрдиаг арфæ уын кæнын 2018 азы къæсæрыл. 2017 аз кæронмæ æрхæццæ. Аз хъæздыг уыд зынгæ цаутæй, сарæзтам бирæ алыхуызон стыр æмæ чысыл хъуыддæгтæ, лыг кодтам æрвылбонон фарстатæ. Политикæйы, экономикæйы, культурæ æмæ спорты къабæзты республикæйы æрцыд бирæ ирд æмæ цымыдисаг цаутæ. Æвзæрст æрцыд республикæйы Парламенты ног сконд, нæ филармонийæн лæвæрд æрцыд Санкт-Петербурджы Марияйы театры филиалы статус, кусын райдыдта национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон», арæзт цыдысты регионалон, республикон, муниципалон æмвæзады фестивальтæ, спортивон бæрæгбæттæ, æндæр мадзæлттæ — æппæт уыцы хабæрттæ адæмæн æхсызгондзинад æрхастой. Азы дæргъы республикæйы арæзт, кæнæ цалцæггонд цыдысты культурæйы, ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады объекттæ — культурæйы 10 хъæууон артдзæсты, ног скъолатæ, спортивон комплекстæ, рæвдауæндæттæ. Æппæт уыцы объекттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хорзæрдæм сахаддзысты не ‘мзæххонты цардыл. Фидæн аз дæр дарддæр кусдзыстæм, Цæгат Ирыстоны хуыздæр фидæн цы фарстатæй аразгæ у, уыдоныл. Экономикæйы уавæр, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, хъæууон хæдзарады, экологийы, социалон къабазы дарддæры рæзт — æппæт уыцы фарстатæм иудадзыг цæстдард ис республикæйы разамынды ‘рдыгæй. Лæмбынæг каст цæудзæн фæсивæдон политикæмæ, хистæр фæлтæры минæвæрттæ æмæ сывæллонджын бинонтæн æххуысы фарстатæм дæр, уымæн æмæ нæ хистæртæй цæуы фæлтæрддзинад æмæ куырыхондзинад, нæ кæстæртимæ та баст у Ирыстоны рæсугъддæр фидæныл ныфс. Фидæн аз байгом кæндзыстæм ног скъолатæ æмæ рынчындæттæ, базилдзыстæм фæндæгтæм, фæаивдæр кæндзыстæм нæ горæттæ æмæ хъæуты уынгтæ, фæхуыздæр кæндзыстæм адæмæн лæггæдты хæрзхъæддзинад. Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады рæзтæн уæлæмхасæн мадзæлттæ араздзыстæм. Нæ размæ æвæрд нысантæ бирæ сты — алчидæр хъуамæ йæ хæс æххæст кæна. Æппæт бинонты уарзондæр бæрæгбон у Ног аз. Рагон æгъдаумæ гæсгæ та фынджы алыварс æрбамбырд уыдзысты бинонтæ иууылдæр, хъуысдзысты рæсугъд куывдтытæ æмæ фæндæттæ. Хуыцау зæгъæд, æмæ æппæт фæндтæ дæр сæххæст уæнт! Мæ зынаргъ æмзæххонтæ, 2018 азы уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фарн, нæ уарзон Ирыстонæн та — сабырдзинад æмæ фæрныг цард!

БИТАРТЫ Вячеслав, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here