Байгом кæндзысты ног терминал

0
325

2021 азмæ аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы байгом кæндзысты ног терминал. Уый фадат ратдзæн хæдтæхджыты ног рейсыты арæхдзинад фæхъомысджындæр кæнынæн 31 проценты. Ацы фарстайыл ныхас цыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславы æмæ æнæххæст бæрнондзинады компани «Новапорт Холдинг»-ы минæвæрттимæ фембæлды. Ныхасы ма архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг ФАДЗАЙТЫ Æхсарбег, республикæйы промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек БУТОВ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æххуысгæнæг КУЧИТЫ Хъазыбег.

— Мах федтам, аэропорты разамонæг ивд куы æрцыд, уæд бæлццæттæн лæггад кæныны хъомыс кæй фæтыхджындæр, уый. Амæй размæ ныхас кодтам аэропорты рацарæзтыл дæр, стæй маршрутты хыз райрæзын кæныныл. Дзырд ма цыд дунеон рейсытыл. Зæгъæм, ацы аз аэропортæй комкоммæ хæдтæхджытæ райдыдтой тæхын Туркмæ. Уый нæ къухы кæй бафтыд, уымæн уын зæгъын стыр бузныг. Ныфс уын æвæрын, дарддæр дæр республикæйы Хицауад уемæ æмгуыст кæй кæндзæн, уымæй, — бафиппайдта Битарты Вячеслав.

Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Дунеон аэропорт Минеральные Воды»-йы генералон директор Роман Чуев та радзырдта, проект Дзæуджыхъæуы дунеон аэропортмæ гæсгæ ныридæгæн цы арæзт æрцыд, уый, йемæ æмæ аэровагзалы комплексы, стæй ног терминалы арæзтадимæ базонгæ кодта республикæйы разамонæджы.

— Ацы аз аэропортæй нæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, алы бæстæтæм атахт 410 мин адæймаджы. Мæ нымадæй ацы нымæц фидæны дæр рæздзæн. Ног уæлдæфон балцы фæндæгтæ куы байгом кæнæм, ныридæгæн кæмæй пайда кæнæм, уыцы маршруттæ куы фæхъомысджындæр кæнæм, уæд аэропорты лæггæдтæй пайда кæнæг адæмы нымæц схиздзæн 450 мины онг. Уый у рæзты 31 процент, — загъта Роман Чуев. Компанийы сæйрагдæр нысантæ ныридæгæн сты адæмæн лæггад кæныны тыххæй аэропорты технологон фæзтæ, уæлдæфон фæндæгтæ фæфылдæр кæнын ног терминалы фæрцы. Аэропорты гæнæнты рæзты фæдыл цы концепци арæзт æрцыд, уымæ гæсгæ хъуамæ аэропорты лæггæдтæй пайдагæнæг адæмы бæрц фæфылдæр уа. Йæ технологион фæзтæ алыфадатджын æмæ æдас куы уой, уæддæр уый фаг нæу адæмы удæнцойдзинадæн. Æнæмæнг хъæуы аэропорты ног бæстыхай аразын. Фæнд кæнæм 5 мин квадратон метры фæзуат чи ахса, ахæм дыууæуæладзыгон терминал саразын. Уый уыдзæн зæронд бæстыхайæн йæ галиуварс æмæ йæ йемæ баиу кæндзыстæм. Ацы ног объектæн бахъæудзæн инвестицитæ 1 миллиард сомы бæрц. Проекты фыццаг хайы арæзтадон куыстытæ фæуыдзыстæм 2021 азмæ.

Дарддæр комплексы рæзтыл проектмæ гæсгæ куыст цæудзæн 2030 азмæ. Уæдмæ хъуамæ ног бæстыхай ифтонггонд æрцæуа сæрмагонд техникæйæ: зынгхуыссынгæнæн машинæтæй, адæмы ласынæн ног автобустæй.

Фембæлды ма ныхас цыд регионалон авиарейсты рæзтыл дæр. Сæрмагондæй цæмæй Дзæуджыхъæуы аэропортæй хæдтæхджытæ тæхой Сочимæ, Ростовмæ, Новосибирскмæ æмæ Сургутмæ. Амынд проект царды рауадзынæн бахъæудзæн зынгæ фылдæр инвестицитæ. Уый фæрцы та фæзындзæн 500 куысты бынаты.

Республикæйы Хицауад компанийы разамонджытимæ ма фембæлдзысты ацы азы октябры.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here