Ахсджиаг фарстатæ — адæмы хорзæхæн

0
392

 

Знон уыд Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы æмбырд. Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ. Советы уæнгтæ цы 22 ахсджиаг фарстамæ æркастысты, уыдонæй æхсæз уыдысты республикон закъæтты проекттæ, цыппар — бæстæйы субъекттæй федералон закъæттæм ивддзинæдтæ бахæссыны хъæппæристæ, иннæ фарстатæ уыдысты, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйæ республикæйы Парламентмæ æркæсынмæ цы закъæтты проекттæ æрцыд, уыдон.

Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Ортабайты Тимур депутатты рæгъмæ цы æртæ закъæтты проекттæ рахаста æмæ æмхъæлæсæй кæй райстой, уыдонæй иуы ныхас цыд Джызæл æмæ Дзæуджыхъæуы ‘хсæн Алагирмæ фæндаджы рахизфарс цы зæххытæ ис, уыдоны арæнтæ сбæлвырд кæныныл.

Депутаттæ æркастысты æмæ хорзыл банымадтой социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты закъоны проект Республикæ Цæгат Ирыстон Аланийы «Ветерантæн социалон æххуысы мадзæлтты тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл.

Комитеты разамонæг Реуазты Ларисæ куыд бацамыдта, афтæмæй ивддзинæдты нысан у регионалон льготæтæ 55-60 азы кары адæмæн ныууадзын. Социалон æххуысмæ та хауынц поликлиникæты æмæ æндæр медицинон уагдæтты сын лæвар æххуыс кæнын, санаторитæ æмæ курорттæм сын лæвар балцæгтæ дæттын, фатертæ æмæ коммуналон лæггæдтæн æрмæст 50 проценты фидын, телефонтæ æмæ æндæр лæггæдты тыххæй сын сæ фиддонты 50 проценты фæстæмæ дæттын. Национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдары хæдивæг Тауытты Алыксандр Советы уæнгты рæгъмæ рахаста закъоны проект «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы бæрæгбоны тыххæй». Ацы закъоны проектмæ гæсгæ ноябры фæстаг æнæхъæн къуырийы къуырисæры бон нымад æрцæудзæн фæллад уадзæн боныл. Закъæтты проекттæ сæ тыхы бацæудзысты, РЦИАланийы Парламенты æмбырды сæ куы райсой, уæд. Советы æмбырды федералон закъæттæм ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй раныхас кодтой бюджеты, хъалонты, хиисбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Баликъоты Валери, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Бокоты Эльбрус, Парламенты Сæрдары хæдивджытæ Кучиты Гари æмæ Билаонты Батрадз, наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева. Федералон закъæттæм ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъæтты проекттæ хорзыл банымайгæйæ, Советы уæнгтæ арвитдзысты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ, республикон закъæтты проекттæ та бахæсдзысты Парламенты радон æмбырды боны фæткмæ. Хæххон паддзахадон аграрон университетыл ацы аз æххæст кæны 100 азы. Уый фæдыл æмæ ахуырады къабазы æнтыстдзинæдтæ кæй равдыстой, хорз специалисттæ кæй цæттæ кæнынц, уый тыххæй уæлдæр скъолайы кусджытæ Цуциты Аллæ Гæуысы чызг, Хъазиты Алыксандры фырт Таймураз, Габеты Василийы фырт Валери, Габолаты Павелы фырт Зауырбег, Болиаты Заремæ Адесы чызг, Гецаты Майрæмы фырт Салаватæн РЦИ-Аланийы Парламенты уынаффæмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы Парламенты Кады грамотæтæ.

Боны фæткы фарстатæ куы ахицæн сты, уæд алыхуызон фарстаты фæлгæты Парламенты Сæрдары хæдивæг Кучиты Гари радзырдта, Æрæфы районы скъолатæм балцы депутаттимæ цы бирæ хъуагдзинæдтыл сæмбæлдысты, уыдоны тыххæй. Депутатты хъуыдымæ гæсгæ, саразын хъæудзæн сæрмагонд мадзæлттæ сæ аиуварс кæнынæн.

Кæронбæттæны депутаттæ сфидар кодтой Парламенты радон æмбырды фæтк.

 КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here