Чындзы фарн

0
758

 

 «Æмуд бинонтæ — домбай хæдзар», — зæгъы ирон æмбисонд. Ахæм бинонтæ сты паддзахады бындур. Бинонты сабыр æмæ амондджын цард аразгæ у бирæ цæмæйдæрты. Уыдоны ‘хсæн чысыл нæу чындзы ахадындзинад дæр. Чындзытæ фарны зарæг дзæгъæлы нæ фæкæнынц

Дæумæ дзурын, ныййарæг мад. Дæ къухæй равзæры хорз чындз, стæй æвзæр чындз дæр. Ныртæккæ дын цы чысыл чызг ис, уый дын иурæстæджы бацагурдзысты кæйдæр бинонтæ. Афтæ бакæн, ныййарæг, дæ хæдзарæй фарнимæ куыд ацæуа, уымæн та бындур сæвæрын хъæуы йæ чысылæй.

Цæхæрадоны цыдæртæ архайыс, сабийæн бар ратт æмæ йæхицæн чысыл хуым скæна, ныссадза мæймæбулкъ, хъæдындз, дидинджытæ. Фæстæдæр ын барувын кæн хæмпæлгæрдæг, дон ныккæнæд æвзартыл, чызгæн бауарзын кæн фæндыр, ирон аив кафт, сахуыр æй кæн хæдзары бирæ митыл.

Дыууæ хойы фесты уæлдæр скъолатæ. Иу дохтыр ссис, иннæ — инженер. Æрдз сæ фæхайджын кодта уынд æмæ кондæй. Бирæ усгуртæ сæм бæллыд. Ссардтой сæ амонд. Мады цинæн кæрон нал уыд. Фæлæ амонд бирæ нæ ахаста. Ацыд йæ бинонтæй хистæр хо, йæ фæдыл æд сывæллон æрбалæууыд кæстæр.

Цы ‘рцыд? Цæмæн афтæ рауад хоты хъысмæт? Мад æппæт хъарутæ дæр арæзта æрмæст уымæ, цæмæй чызджытæ хорз ахуыр кæной. Никуы ахъуыды кодта, искæд сæ кæйдæр бинонты ‘хсæнмæ бацæуын кæй хъæудзæн, ууыл. Уым хистæртæ æмæ кæстæртæ кæй уыдзæн, уыдонæн та се ‘ппæты зæрдæмæ фæцæуын стыр фæлварæн у, алкæй зæрдæмæ дæр сæ хицæн дæгъæл ссарын хъæуы. Науæд ног бинойнаг-чындзы нæ бауарздзысты.

Фæлæ чындз фараст сахатмæ куы фынæй кæна, куы сыста, уæд бинонты ‘хсæн фæкæсинæгтæм нæ, фæлæ йæхимæ дæр куы нæ базила, бахæрыны фæстæ фынг куы нæ сиса, кæстæр æмæ хистæр æм нымады куы нæ уой, схуыстæй сæм куы дзура, уазæгыл куы нæ цин кæна, йæ моймæ куыдфæндыйы цæстæй куы кæса, хъæууон хæдзары фосы уындæй йæ зæрдæ хæццæ куы кæна, уæд ахæм чындз куыд хъуамæ суа бинонты æмæ сыхбæсты уарзон?

Ахæм чындзы ахæсты чи фæуа, зæгъæн ис, уыдоныл æрцыд зиан, сæ сабыр цардæй рауайы арвистон, искæмæн ахæм чындз чи схъомыл кæны, уыцы мад, мæнмæ гæсгæ, тынг азымджын у.

О, фæлæ, газеткæсæг, ныййарæг мад кæд йæхæдæг æнæгъдау, хæлд кæй хонынц, ахæм бинонты ‘хсæн схъомыл, хорзæй кæд никуы ницы федта, йæ хистæртæ кæд хахуыргæнаг, даваг, расыггæнаг, магусайæ цæлуарзаг уыдысты, уæд ныр ахæм бинонты ‘хсæнæй чи рацыд, уый цы сабитæ хъомыл кæны, уыдонæн хорзæй цы ратдзæн? Ахæм мад йæхæдæг æфсин куы суа, бынтон бæллæх та уæд у. Искæй хæрзахуыр, уæздан, хæрзуд чызг æм чындзæн куы бахауа, уæд æй нæ барæвдауы, æнæхъуаджы йæ æфхæры. Ам дæр бинонты цард нæ ацæуы. Аххосджын — æфсины ныййарджытæ.

Хæхбæсты кад æмæ радæй чи цард, уыцы мад æмæ фыд цæмæ бæллыдысты, уый баййæфтой — сæ фыртæн чындзæхсæв скодтой. Ницы бавгъау кодтой æрыгæттæн. Бирæ зынаргъ лæвæрттæ сын фæкодтой адæм дæр. Уалынмæ сыхбæстæ кæсынц, æмæ мад æмæ фыд фенкъард сты. Чындз йе ‘фсинмæ райдыдта тызмæг дзурын. Ницæмæ дардта зæронд лæджы, куыд не ‘мбæлд, ахæм дарæсы змæлыд хистæрты раз. Ацы уавæр лæппуйыл райдыдта æвзæрæрдæм зынын, йæхи загъдау, куыстæй æрбаздæхгæйæ, бинонты алы хатт змæстæй æййæфта, йæ зæрдæ къултыл йæхи хоста. Фырт хæдзармæ цыд зивæгæй, смадзура, сæрхæндæг, райдыдта нуазын. Нозтджынæй бинонтыл уый дæр калдта йæ цæхæр. Мадæн йæ цæсты бынтæ нал сур кодтой, кæугæйæ ‘рвыста йæ бонтæ. Хæдзар æнæ мардæй сси зианджын.

Фыртæн йæ бон нæ уыд ныййарæг мадмæ сдзурын, уымæн æмæ йын зыдта йæ фæлмæн зæрдæ, йæ рæстдзинад, йе ‘мкъаймæ та йæ ныфс нæ хаста, æгæр хъæддых чызг уыд. Фæлæ иу бон сабыр лæппуйы маст фемæхст æмæ бахауд ахæстонмæ. Ног чындз æд сывæллон ацыд йæ цæгатмæ. Хъæбулы хъæбул, дам, хи хъæбулæй адджындæр у, фæзæгъынц. Фæлæ ацы чындз хистæртæн бар дæр никуы радта сæ чысыл ног хуры фенынæн. Сæ цæрæнбонты фæллæйттæ сæ иунæг фырты чындзæхсæвы бафæлхас кодтой.

Кæй схонæм аххосджын? Чындзы ныййарджытæ сты ахуыргонд, кадджын бинонтæ. Фæлæ та ногæй уыцы фарстамæ æрцыдыстæм. Ацы ныййарджытæ сæ хъус хорз дардтой чызгæн æрмæст йæ ахуырмæ, йæ дарæсмæ. Фæлæ сæ чызджы ницæуыл сахуыр кодтой: нæдæр æгъдауыл, нæдæр хæдзары зылдтытыл. Ферох сæ ис, сæ чызг цæрæнбонты йæ фыды къонайы кæй нæ баззайдзæн, искæй бинонты æхсæн æй кæй бахъæудзæн æгъдау æххæст кæнын. Мад чызгæн йæхæдæг æфснайдта йæ хуыссæн, йæ къустæ, гæрстæ йын никуы ныхсын кодта, чызджы хæринаг скæныныл никуы бафтыдта, уазæгæн фынг æрæвæрын, кæнæ базармæ ауайын дзы никуы бадомдта, æгъдæутты охыл сæм ныхас никуы рауад, кæд æнæмæнгхъæугæ хъуыддаг уыдис, уæддæр. Рæсугъд цæсгом æмæ зынаргъ дарæс та адæймаджы самондджын кæнынæн хæрз чысыл сты.

Адæмы фарн бирæ у, тынг бирæ хорз æгъдæуттæ нæм ис, æмæ сæ чи зоны, аргъ сын чи кæны, царды сæ йæ кæстæртæн рæсугъдæй чи æвдисы æмæ амоны, уыцы ныййарджытæ амондджын вæййынц.

Бинонты ‘хсæн хистæртæ куы уа, уæд æрыгон ныййарджытæн бирæ æнцондæр у сывæллоны раст хъомыл кæнын. Уыцы хъуыддаг та къухы бафтдзæн уæд, æмæ æрыгон ныййарджытæ иузæрдион куы уой хистæртыл, куы сæ уарзой, куы сыл узæлой. Ам ныййарджытæ хъуамæ уой фæзминаг æппæтæй дæр. Сывæллон уындзæн дæу, дæ ахастдзинæдтæ зæрæдтæм, дæ фæлмæн ныхас, дæ хæдзары пълан цавæр уавæры вæййы, куыд æмæ цы архайыс, сыхæгты цас нымайыс, дæ æхсæнады куыстыл цас тыхсыс. Ды цыдæриддæр кæнай, уый кæндзæн дæ чызг дæр искæй бинонтæм ацæугæйæ.

Дæ чызг мой скодта. Фæцыд хъæуккаг хæдзармæ. Æрыгон къай райсомæй хистæртæй чысыл раздæр куы феста æмæ кæрт иумæ куы бафснайой, уæд уый цы хъыгдары? Уæздандзинад у, чындз æфсинæн куы зæгъа: «Хъуг æз радуцон, дæуæн зын у». Фырт та фосмæ куы базила. Куыд аив у, æвæдза, чындз уынг мæрзы, сыхаг хистæр рацæуы йæ рæзты, чындз йæ мæрзын фæуадзы, фæлмæн мидбылхудтæй йын салам ратты.

Мæнæ хистæр сыхаг сылгоймаг, науæд нæлгоймаг æрбахæссы уæззау хæссинаг. Тынг фидауы, чындз куы аххуыс кæна хистæрæн, йæ хæдзары онг ын йæ фæллад цæнгтæ куы фæрогдæр кæна, хистæр та йын «цæрынæй бафсæд» куы зæгъа.

Уæдæ куыд рæсугъд æгъдау у, æфсин балцы (зианмæ кæнæ цинмæ) куы цæуа, уæд ын чындз йæ дарæс куы ацæттæ кæна, цæмæй æдыхстæй, рæвдыдæй ацæуа. Кæнæ изæрæй чындз хистæртæн сæ хуыссæнуат куы бакæна.

Æнаив у, æфсин кæнæ хицау уатмæ куы бахизой, уæд чындз телевизормæ кæсын куы нæ фæуадза, иу чысыл йæхиуыл куы нæ схæца. Ныртæккæ фылдæр бинонтæ иумæ фæхæрынц, фæлæ раздæр хистæртæ куы ‘рбадой, минут фæстæдæр та чындз, уæд уый дæр хорз æгъдау у. Чындз фынгыл куы бада, уазæг кæнæ йын хистæр арфæ куы кæна, кæнæ комкоммæ чындзмæ здæхт куы уа ныхас, уæд чындз хъуамæ сыста æмæ комкоммæ, къæйных каст нæ кæнгæйæ, лæмбынæг хъуса хистæры ныхасмæ, йæ арфæтæм æмæ йын зæгъа: «Стыр бузныг». Цас æмæ цас сты ацы лыстæг, фæлæ нын нæ цард аив чи кæны, уыцы фæзилæнтæ.

Уæлдæр цы хорз æгъдæутты кой ракодтон, уыдон сылгоймæгтæй чидæртæ хонынц, «гæдымитæ». Дзыхæй сæ куы дзурай, кæнгæ сæ куы нæ кæнай, уæд — бæгуыдæр. Фæлæ нæ рæсугъд æгъдæуттæ гæдымитæ фæхонынц æрмæстдæр зивæггæнаг æмæ æнæгъдау чындзытæ. Афтæ чи зæгъа, уыдон дзæгъæлы митæ сты, æз цæрынмæ æрцыдтæн, хистæртæ мæн тыххæй нæ базæронд сты, уый бындурон никуы суыдзæн, нæ уыдзæн уарзон нæдæр йæ бинонтæн, нæдæр йæ сыхбæстæн. Цы кæстæртæ йын фæзына, уыдонæн та хорзæй ницы бацамондзæн, уымæн æмæ цард æфсарм æмæ æгъдауæй фидауы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, чындз цавæр уыдзæн, уый тынг аразгæ у йæ ног бинонтæй дæр. Кæд æй йæ ныййарæг бирæ цæуылдæрты нæ сахуыр кодта, уæддæр йе ‘фсинимæ хъæрмуд куы уой, уæд сарæхсдзæн, сфидаудзæн ног бинонты ‘хсæн, хъусдзæн амындмæ, раст нывыл хъомылгонд чызг та æнæпълан бинонтæм куы бахауа, уæд йæ цардæй разы нæ уыдзæн.

Ирыстоны хорз ныййарджытæ бирæ ис, схъомыл кодтой хæрзæгъдау чызджытæ, цы хъæутæм, цы бинонтæм сæ фервыстой, уым сты фæрнæйдзаг. Зæгъæм, беслæйнаг Бекмæрзты Хадзырæт æмæ Шурæ схъомыл кодтой зæды хуызæн чызг Симæйы. Симæ Ногиры Коцты бинонтæм бахаста стыр фарн æмæ амонд. Бирæ азты дæргъы Симæ Ногиры кусы сывæллæтты дохтырæй. Цыфæнды афон дæр бадзур хæдзармæ æххуысы охыл, уайтагъд рынчыны раз алæууы. Йæ фæлмæн дзыхы ныхас æвдадзы хос хæстæджытæн, сыхбæстæн — уарзон. Йæ удыхъæды хорз миниуджытыл схъомыл кодта йæ кæстæрты дæр.

Æмæ ма бирæ дæнцæгтæ ис хорз чындзыты тыххæй æрхæссæн. Фарны къах æвæрæнт æмæ фарн æмæ амонд хæссæнт алкæй хæдзармæ дæр.

ДЫГЪУЫЗТЫ-БУТАТЫ Зинæ, Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг, Ногир

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here