Ӕрдзы уавӕр — нӕ цытджын поэты сфӕлдыстады

0
322

Хетӕгкаты Къоста ма литературӕ ӕмӕ нывкӕнынадӕй уӕлдай стыр ӕвӕрӕн бахаста Кавказы географи ӕмӕ экологимӕ дӕр. Фыццаджыдӕр, стыр аргъ скӕнӕн ис йӕ  лекцитӕн Цӕгат Ирыстоны хӕххон регионты ӕмӕ йӕ райгуырӕн Нары тыххӕй. Лекциты ӕмӕ  раныхӕсты бындуры  ӕвӕрдта йӕхи сӕрмагонд цӕстдарӕнтӕ, бирӕ кавказаг экспедициты ӕмӕ ахуыргӕндты ӕрмӕджытӕ.

Хетӕгкаты Къоста ӕвидигӕ курдиаты хицау кӕй уыди, уый бӕрӕг у йӕ райгуырӕн Нары ӕрдзон бынӕтты экологон-географион ӕрфыстытӕй. Ацы къуырфауы географион равзӕрды хицӕндзинӕдтӕ аивадон ахорӕнтӕй ныв кӕнгӕйӕ, дӕтты зайӕгойты ӕмӕ цӕрӕгойты дунейы бӕлвырд миниуджытӕ, дзуры Нары агуат, хӕхты фӕрӕзтӕ ӕмӕ алфамблай зӕххытӕй хӕдзардзинӕй пайда кӕныныл.

Поэт ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагӕй фыста  Цӕгат Ирыстоны, Кавказы ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы Хуссары экономикӕйы рӕзты тыххӕй. Йе сфӕлдыстады сӕрмагонд бынат ахсы скъолайы географи. Уый карзӕй критикӕ кодта М. Мостовойы географийы чиныг, афтӕмӕй уӕды рӕстӕгмӕ уыцы чиныг уагъд ӕрцыд аст хатты. Хетӕджы-фырт бафиппайдта, Цӕгат Кавказы регионты хӕххон ӕмӕ разхӕххон бынӕтты ӕрфыстыты стыр хъуагдзинӕдтӕ кӕй ис, уый. Бацамыдта, ахуыргӕнӕн чиныджы ӕрдзон объектты экологон-географион равӕрдтытӕ зыгъуыммӕгонд кӕй ӕрцыдысты, уый. Бирӕ рӕдыдтытӕ ссардта цӕрджыты миграцийы тыххӕй фыст иуӕй-иу ӕрмӕджыты ӕмӕ куыстадон хъарутӕ равӕрыны географийы дӕр.

Фыссӕг стыр ӕргом здӕхта Ирыстоны хӕдзарадон комплексы, фӕллойадон фӕрӕзтӕн аргъ кӕныны фарстытӕм, рох дзы нӕ уыдысты транспортон, фӕндаггон хъуыддӕгтӕ дӕр. XIX ӕнусы кӕрон Ирыстоны экономикӕйы аграрон реформӕйы архайд тыхджындӕр уыд, промышленностимӕ абаргӕйӕ. Иумӕйаг ӕхсӕнадон продукты 80 проценты онг уыдис хъӕууонхӕдзарадон продукци. Ам та ӕлдариуӕг кодта уӕнгдых фӕллой хӕдзарадон цӕрӕгойты хъаруимӕ. Дарддӕр хӕххон уавӕрты, хъӕууон хӕдзарадыл дзургӕйӕ, Хетӕгкаты Къоста фӕбӕрӕг кодта, къуылдымтыл хуымзӕххытӕ аразгӕйӕ, ирон хӕххон лӕг цӕмӕй хоры культурты тыллӕг ӕрзайын кӕна, цӕмӕй афӕдзӕй-афӕдзмӕ йӕ бинонты аирвӕзын кӕна, уый тыххӕй цы бирӕ фыдӕбӕттӕ ӕмӕ тухитӕ ӕвзары, уый.

Промышленносты уавӕр дӕр хуыздӕр нӕ уыд Ирыстоны. Фылдӕр куыстуӕтты пайдагонд цыдис хуымӕтӕджы мадзӕлттӕй. Сӕйраг куыстадон товартӕ уыдысты: цырӕгътӕ, агуыридуртӕ, цӕрмттӕй конд продукци, хор ӕмӕ хъӕдӕрмӕг. Ӕппӕт куыстуӕтты дӕр хъӕууон хӕдзарады хуызӕн пайдагонд цыдис уӕнгдых фӕллойӕ. Продукцийы фылдӕр хай хардзгонд цыдис бынӕтты, къаддӕр хай та-иу ласын бахъуыд Уӕрӕсемӕ.

Куыд хӕхты, афтӕ быдыры дӕр Ирыстоны ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр уыдысты фӕндӕгтӕ ӕмӕ транспорты куыстимӕ баст фарстытӕ. Уымӕ гӕсгӕ Къоста иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ дзырдта уый тыххӕй. Йӕ зындгонд уацты «Пути сообщения в горах Северного Кавказа» ӕмӕ «Пути сообщения в горной полосе Кавказа»-йы бӕлвырд амынд цӕуы хӕххон фӕндӕгты ӕдзӕллаг уавӕр: «… из года в год продолжительные ливни, снеговые завалы, осыпи и т.д. приводят в горной полосе Кавказа и так опасные горные дороги и тропинки, в совершенно непригодные для проезда». «Зачастую население гор по неделям и месяцам не имеют доступа к равнине…»

Экономикӕйы уавӕрӕн аргъ кӕнгӕйӕ, Хетӕгкаты Къоста дзырдта, зӕгъгӕ, фӕндӕгтӕ, куыд  ӕмбӕлы, афтӕ куы уаиккой, уӕд бирӕ туристтӕ ӕмӕ экскурсанттӕ цӕуиккой Кавказмӕ ӕмӕ хорз ӕфтиаг хӕссиккой къазнамӕ, хӕххон хъӕууон хӕдзарады продукци та  ласӕн уаид фӕсарӕнтӕм. Уӕдӕ уым техникӕ балхӕнынӕн дӕр, гӕнӕн ис, нӕ продукцийы ныхмӕ, цӕмӕй хӕххон зӕххытӕ ӕнцондӕр кусӕн уа хойраджы продукци райсынӕн, хомаг та — арӕзтад ӕмӕ металлургион куыстуӕттӕн.

Хетӕгкаты Къостайы экологон-географион куыстыты уӕлдай фылдӕр ӕргом здӕхт цӕуы хохӕгты царды фарстытӕм зымӕгон уавӕрты. Уымӕн ӕмӕ ма уӕд сӕрдыгон сагъӕстыл ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл бафтынц суг цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ дӕр — цӕрӕнуат хъарм кӕнынӕн ӕмӕ хӕринаг кӕнынӕн. Иу ныхасӕй, цард ӕнцондӕр уыд, хъӕд ӕввахсдӕр кӕмӕ уыд ӕмӕ, суг ӕрӕфтауц кӕнын зын кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм хӕххон хъӕуты цӕрджытӕн. Къоста дзырдта,  хъӕдтӕ ӕнауӕрдонӕй кӕй цӕгъдынц, уӕлдайдӕр, хихджын бӕлӕстӕ,  къуылдымты зӕххытӕ фӕлахс кӕнын кӕй райдыдтой, ӕмӕ ахӕм уавӕр цӕугӕдӕтты уавӕрыл  ӕвзӕрӕрдӕм кӕй зыны, уый тыххӕй.

Къостамӕ гӕсгӕ, ахсджиаг уыдысты Садоны хуызджын згъӕрты ӕвӕрӕнтӕй хӕдзардзинӕй пайда кӕныны фарстытӕ дӕр. Промышленност рӕзын райдыдта Ирыстоны, ӕмӕ тыхсти, хицӕн  кусджыты, уӕлдайдӕр хохӕгты, кусгӕ бон 10 — 12 сахаты кӕй уыдис, ууыл. Фӕллой хъахъхъӕнынӕн дӕр ӕрзӕткъахӕнты хицӕуттӕ ницы мадзӕлттӕ арӕзтой, чысыл ӕгъдаухӕлды тыххӕй дӕр стыр ивартӕ кодтой кусджыты, фӕллой кӕнын та сӕ хъуыд зынвадат хӕххон-геологон ӕмӕ экологон уавӕрты.

Къостамӕ сӕрмагонд экологон-географион ахуырад нӕ уыдис, афтӕмӕй сарӕзта, адӕймаг дӕргъвӕтин рӕстӕг кӕй бахъуыды кӕны, ӕрдзы ахӕм нывтӕ:

«Халон баргъӕвст сындзыл,

Уад тымыгъ хӕссы…

Сау айнӕджы рындзыл

Нары хъӕу хуыссы».

Мах, абоны географтӕ-экологтӕ,  ӕрдзы экологон ӕдасдзинадыл чи архайы, уыцы ӕппӕт специалисттӕ дӕр дис фӕкӕнӕм, йӕ поэтикон сфӕлдыстады ӕрдз хъахъхъӕныныл кӕм дзуры, уыцы рӕнхъытыл:

«Здесь два моста, но под мостом

Не бьется Терек здесь задорно,

Как барс, в темнице озлобясь,

Напротив, он несет покорно

Навоз, помои, сор и грязь…»

Ацы рӕнхъытӕ фыст куы ӕрцыдысты, уӕдӕй нырмӕ ӕнусы бӕрц рацыд, фӕлӕ хуыздӕрӕрдӕм ницы аивта. Уӕд куыд уыдис, афтӕ ныр дӕр Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕн бынӕтты чъизидзинӕдтӕй ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр кӕны цӕугӕдон Терк. Иу ныхасӕй, поэт ӕппӕтӕй дӕр раст уыди, Теркмӕ, стӕй нӕ  ӕндӕр цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ суадӕттӕм не ‘ргом аздахын кӕй хъӕуы, уымӕй.

Хетӕгкаты Къоста мӕстӕлгъӕдӕй фыста: «Все Алагирское ущелье до Мамисонского перевала уже расхищено. Общество «Алагир», «Французское» и всевозможные анонимы захватили целые десятки верст. Когда-то вековые леса, краса Алагирского ущелья, вырублены  дотла. Остались одинокие сироты, спасшиеся от дикости людской на недоступных скалах… Больно до слез видеть, какое множество леса гниет здесь без всякой пользы…»

Хъыгагӕн,  мах рӕстӕджы дӕр ӕдзух хӕдзардзинӕй пайдагонд нӕ цӕуы  хъӕдтӕй, хизӕнуӕттӕй, цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ, нӕ цытджын поэт сӕдӕ азы размӕ цӕуыл фыста, уыцы  ӕрдзы ӕндӕр фӕрӕзтӕй.

Беруаты Барис,

географион наукӕты доктор, профессор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here